Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ÆХХУЫС

Сæ дарæг, сæ уромæг.

Размæ бырсæг — сæрыл хæцæг.

Дæ тыхсты заман дын тых уыдзынæн, ныфсы заман ныфс.

Æххуыс бахъуаджы бои хъæуы.

Сæрбахъуыды сæр хъæуы, фыдсæры та гуыр хъæуьи

Донæй мын æххуыс кæны, задæй — нæ.

Дон калыс, фæлæ задæй æххуыс нæ кæныс.

Уæлвæндаг мæ фæкодта!

Дæ хæрзтæй мæ уæлвæндаг нæ фæкодтай, миййаг!

Фæуæлбыл мæ кодтай!

Уымæй мæ гал — æгæвдæс, мæ хъуг — æххормаг.

Уый баххуысы бæсты Чырыстийы цъупмæ цæххы дуртæ схæсдзæн.

Чидæр доны бахауди, йе ’мбал та йæ фæстæ уади.

Тæбыны хал дæр н’ аскъуындзынæн æз уый тыххæй.

Мисхалы бæрц æххуыс дæр дзы нæ зонын.

Хъыцъыйы нæмыджы бæрц æххуыс дæр дзы нæ зонын.

Ды мын цы гом нæ бампъызтай, уый мын æнæмпъызтæй баззайæд!

Ды мын цы нæ бамбæрзтай, уый мын гомæй баззайæд!

Цы мын фæдæ, уый мын мауал фæу.

Уымæй æз мæ кард мæ кæрддзæмы нытътъыстон.

Кæуæг афтæ фæзæгъы: мæ разы Трамы фырттæ не ’рбалæудзысты.

Хæрæг ихы сæрыл куы баззайа, афтæ баззад æвæгæсæгæй.

Састæн саст æххуыс нæу.

Лæджы дон куы фæласы, уæд сындзы къутæрыл дæр ныххæцы.

Лæг былæй куы хауа, уæд сындзы къутæрыл дæр фæхæцы.

Къуылых лæгæн саст лæдзæг дæр хорз у.

Лæгмæ цы хъуыддагæй нæ бахæццæ уай, ууыл хъиамæт нæ хъæуы.

Æххуыс дын чи бакæндзæн, æххуыс уымæй агур.

Мæ фыдæбонæй дыл ницы ис.

Ды ма мын куынæ баххуыс кæнай, уæд — оæфт æмæ сæфт.

Мад æмæ фыды ’ххуыс мын бакæн.

Бæхмæ æнæ ’гъдынцойæ нæ хызтæуы.

Де ’гъдынцойыл дæ фыды дæр фæхæцын кæн.

Дугъон хъузонмæ гæсгæ у.

Дугъон хъузонæй уайы.

Дугъон бæх дæр æнæ хъузон нæ уайы.

Бæхæн дæр хъузон хъæуы ’мæ лæгæн дæр.

Хорз бæхæн дæр хъузæттæ хъæуы ’мæ хорз лæгæн дæр.

Уастырджи дæр ма йæ фырты дугъæн Нартæй лæг акодта.

Куырмæн лæдзæг — хидамонæг.

Куырмæн лæдзæг — цæдисæмбал.

Хал халæн æххуыс у.

Зынг зынгæн — æххуыс.

Цонг цонгæн — фаззон æфсымæр.

Къах къахимæ ’фсымæрæй цæры, къух къухимæ — знагæй.

Æрду æрдуйы ныхасы.

Кæрцы хъуынтыл хæцæг уæд, уыййедтæмæ йæ хуийын æнцон у.

Дæ зынг цæттæ у, дон агургæ.

Лæг лæджы куы бахъæуы, уæд æм авд æфцæгæн æддæдæрæй дæр æрцæуы.

Баххуыс кæнын удыбæстæ у.

Искæмæн исты ’ххуыс бакæнын — уый удыбæстæ у.

Кувæг лæгæн баххуыс хæрзиуæджы хуызæн у.

Саг дæр ма сагæн йæ дзыхы залмы сыф бакодта.

Галвæндагыл æккойæ ничи хæссы.

Æххуыс дыууæрдæм у.


ХÆРÆГ ÆМÆ БÆХ

Иу лæгмæ хæрæг æмæ бæх уыди. Иухатт фæндагыл иумæ фæцæйцыдысты. Уæд хæрæг дзуры бæхмæ:

«Мæ уаргъ æгæр уæззау у ’мæ мын дзы иучысыл айс, кæннод æй нæ фæхæццæ кæндзынæн бынатмæ.»

Бæх та уыд æнæуаргъ, фæлæ уæддæр нæ баххуыс кодта йе ’мбалæн.

Уалынмæ хæрæг бастад. Нал фæрæзта йæ уаргъ, æрхаудта зæхмæ ’мæ нал сыстади, мæгуыр,— амард. Уæд ын сæ хицау йæ царм бастыгъта’мæ бæхыл хæрæджы уаргъ æмæ ма ноджы хæрæгæн йæ царм дæр сæвæрдта.

Цæуы бæх йæ уæззау уаргъимæ ’мæ дзуры йæхинымæр: «Хорз нæ бакодтон. Хæрæгæн куы баххуыс кодтаин, уæд н’ амардаид, стæй мæхицæн дæр æнцондæр уыдаид.»


Куы чема — уæрдоны, куы уæрдон — чемайы.

Хæрæг хæрæгмæ сиды: аных мæ ’мæ дæ аныхон.

Аных мæ ’мæ дæ аныхон.

Чи дæ куыд аныха, афтæ йæ аных.

Агуйан боцкъайæн фарс ласта.

Дзæг æмæ Дзой — кæрæдзийæн æнцой.

Нартæн Уастырджи сæ фарсхæцæг æмæ сæ уацхæссæг уыди.

Нартæн хуыцау сæ фарс уыд.

Нарт æххуысæн æххуыс уыдысты, хæстæн — хæст.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.