Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

Æууæнк

Æууæнк æлхæнынмæ нæй.

Æууæнк фæндаг дæтты.

Раджы заман адæм æууæнкæй цардысты.

Лæгæн йе ’уУæнк йæ сæры йаргъ у.

Лæг æууæнкæй сæфгæ дæр кæны ’мæ арæзгæ дæр.

Дæ цæстæй кæй фенай, ууыл æууæнд.

Исты скойæ дæ нæ тæрсын.

Дзырдыскойæ дæ нæ тæрсын.

Куырмæн дзæбæх хай куы радтынц, уæд, дам, афтæ бакæны: «Ай дзы мæнмæ кæм рантыст, уагæры дзы сæхицæн цæйбæрцытæ ныууагътой?»

Адæймаг иу хатт йæхи куы фенæууæнк кæны, уæд ыл ничиуал феууæнды.

Цæссыг æууæнчы хос нæу.

Уый æнæдзырд лæг у.

Хур, къæвда кæны, ахæм лæг у.

Гал ку’ аргæвдай, уæд дыууæ галæй та ’фсин ыссар.

Коса сауджынæн йе ’ууæнк сæфт у.

Уый йе ’ууæнк бахордта.

Балон бирæгъау — æмбалхор.

Æнæууæнк лæг цард не ссардзæн.

Æууæнк кæуыл нæй, уый лæгыл нымад нæу.

Æнæууæнк лæгæй бирæгъау дæхи хъахъхъæн.

Æнæууæнк лæгæй дæхи бахъахъхъæн.

Мæ куыдз дыл баууæндæд.

Уыцы мæнгардыл мæ фыдгул баууæндæд.

Æнæууæнкæн йæхиуыл дæр ма баууæнд.

Нарты Созырыхъо ’нæууæнк лæг уыд.

Мæнгарддзинад æууæнк сафы.

Æнæууæнк æууæнкджыны дæр йæхи хуызæн æнхъæлы.

Æфсин хæтаг к’ уа, уæд чындзытыл дæр дау кæны.

Æнæууæнк лæг — сомыгæиаг.

Æууæнк æрмæст хæйрæгыл нæй.

Нарт хуыцауы ’ууæнк нæ састой.

Нартмæ ’гъдау уыди: хуыцауы ’ууæнк нæ састой.

Бæстæ — хай, æууæнк йæхæдæг — хай.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.