Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.
Ирон æмбисæндтæ
Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.
ÆЛГЪЫСТ ÆМÆ АРФÆ
Фыдæлгъыст æмæ фыдæлхыскъæй уæлдай нæй.
Фыдус æмæ бындары чызджы ’лгъыст цæуаг ысты.
Нартæн с’ арфæ дæр æмæ се ’лгъыст дæр цæуаг уыдысты.
Борæты хæрæг — Нартæн се ’лгъитæн.
Булчъы къуди — хæйрæгæлгъитæн.
Æлгъыстæй нырмæ дæр никæуыл ницы ’рцыд.
Æлгъыст артæнты нæ хизы.
Æлгъыстæй лæг нæ мæлы.
Кæд арфæйæ исчи райгуырд, уæд æлгъыстæй дæр исчи амæлдзæн.
Æнæхъуаджы ’лгъыст лæгæн йæхиуыл цæуы.
Æлгъитæгæн йе ’лгъыст йæхиуыл цæуы.
Фыдæлгъыст хи сæрыл цæуы.
Æлгъыстæй лæг йæхи чъизи кæны.
Макæй ралгъит æмæ дæ мачи ралгъита.
Арфæйæггаг арфæгæнæджы вæййы.
Арфæйæггаг арфæгæнæджы кæны.
Арфæ хæдзары чындæуы.
Фæндагыл арфæ — къæсæрмæ.
Арфæ зæрдæйæн æхсызгон у, æлгъыст — хъыг.
Æлгъыстаг — æлгъитæджы, фарн — хъусæджы.
Æлгъыст — æлгъитæджы, фарн — хъусæджы.
Фарон — дæ хорзæх, ацы аз — дæ арфæ.
Нæртон лæджы арфæ дыл сæмбæлæд!