Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ÆФСАРМ. УÆЗДАНДЗИНАД. ÆГЪДАУ

Æфсæрм адæмы у.

Цæсгом армыдзаг йедтæмæ нæу.

Уæтæры схъомыл дæ æви цы?

Хæруссаг галау — æнæхсæст.

Æнæхсæст бæласæй уæлдай нæу.

Æдзæсгом лæг цыдæриддæр фæразы.

Халонæн йæ лæппын амард æмæ йыл цæргæсты та кæуын кодта.

Халон зиу ракодта, йæхæдæг уæлкъуыбыр ысбадти.

Халон зиу ракодта, йæхæдæг мæкъуылы цъуппыл ысбадти.

Йæхи хæдзары оммены бар кæмæ нæ хауы, уый дæр искæй хæдзары чъирикувæг ысвæййы.

Æнæдымæг гал — рæгъауæн бындзсур.

Чидæр къуыри уайсадгæ кодта, дыууæ къуырийы та — дзургæ.

Чидæр йæ куыдзæн фиудзарм æрчъитæ кодта.

Куыдзæн фиуæй — æрчъитæ.

Куыдзæн фиуæй — дзабыртæ.

Куыдзæн æрчъитæ барæхс æмæ сæ бахæра.

ХОРГАЛМ

Иухатт раджы кæддæр уызын хоргалммæ курæг æрбацыд, рæстæгмæ мæ дæ хæдзары цæрын бауадз, зæгъгæ. Хоргалм ысразы. Уызын хæдзайраг ысси ’мæ уæдæй фæстæмæ хоргалмы лæппынтæ сæхицæн бынат нал ардтой — уызыны судзиитæ сæ хъыгдардтой æппынæдзух.

Уæд хоргалм загъта уызынæн: «Æз дæ ардæм æрбауагътон рæстæгмæ. Ныр дæ судзинтæй мæ лæппынты бон нал у ’мæ дæ курын, ардыгæй куыд ацæуай».

Уызын загъта: «Кæд искæмæй исты риссы, уæд ацæуæд, мæнæн ам дæр æвзæр нæу».


Æнæ хох-бузныг, æнæ быдыр-бузныг.

Йæ сæрыл ын сой куы рауадзай, уæддæр дæ бузныг нæ фæуыдзæн.

Нæл фысау кæрæтты фæхизы, астæуæй ысхуыссы.

Аджы комæй исæгау.

Сæ мард ма уæлсынт, афтæмæй зарын байдыдтой.

Чидæр йæ уæлмæрдыл ту акодта.

Мард рувасыл йæ куыдзы ничи ардауы.

Уый бæзджын цæсгомы хицау у.

Уымæн йæ цæсгом æрчъиагæй дæр бæзджындæр у.

Уымæн йæ цæсгом къамбецы цармæй у.

Ууыл хъазы цæсгом ис.

Нæл хъазы цæсгомау — фидар.

Цæй, мæ сау цæсгом райхалон...

Йæ цæсгом бахордта.

Дæ цæсгом дыл æрлæбырæд!

Цæгæрсæр йæ худ куы сисы, уæд дзы ’фсарм-æфсæрмытæ нал вæййы.

Цæгæрсæр йæ худ куы сиса, уæд дзы дзæгъæл æфсæрмытæ нал и.

Сауджын йæ пæлæз куы сиса, уæд дзы ’фсарм-æфсæрмытæ нал вæййы.

Адæймаг йæ цæсгомæн чъизийæ куынæ тæрса, уæд цынæ бакæндзæн?

Цæсгом ысуадзын — мæлæтæй фыддæр.

Уый хæрæгæй хуым бакæндзæн.

Уый куынæ тæрса, уæд хæрæгæй хуым бакæндзæн.

Дæ дыууæ цæсты астæуæй дын дæ фындз фелвасдзæн.

Дыууæ ’рфыджы астæуæй фындз фелвасдзæн.

Уый хуыцауы къахæргæвдæг у.

Уый æфсæдтæ дæр нæ басæтдзысты.

Йæ дыууæ цæсты куы ныззырнаг кæны!

Йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта.

Йæ цæсгом ныддардта.

Мауал æй ныууадз: йæ хæйрæджы ном ын зæгъын кæн!

Дæ хуысгæ дын чи райхъал кæна, уый дын дæ бадгæ дæр сыстын кæндзæн.

Ахæм у ’мæ дæ ныхъуыргæ дæр акæндзæн æмæ дæ уæлæмæ дæр сæппардзæн.

Йæ ных кæдæм нæ батæрдзæн, ахæм нæй.

Уымæн йæ цæсгомыл дæр бату кæн.

Бату йыл кæн, æмæ йæ басдæра.

Куыдзыл бату кæн, æмæ йæ басдæра.

Куыдзы кой дæр кæныс...

Хæдарцонтæ — хъамаджынтæ.


Налат æдзæсгом у.

Налаты фæндиаг йæхи чи кæны.

Йæ фырналатæй йыл хуыз дæр нæ хæцы.

Йæ фырналатæй егар гаццайы хуызæн ысси.

Налатæй йæ бонтæ арвыста.

Налат йæ налатæй сæфт у.

Налат уыди ’мæ налат мард акодта.

Гадза лæгæй нæ бæззы. ;

Гадза лæгæй гадза куыдз хуыздæр.

Гадза гадзайыл гадзайæ худти.

Чъизи хъуыддаг сапонæй цæхсгæ нал у.

Æдзæсгом лæгæн бирæ ’нтысы.

Саухъус лæгæн йæ митæ дæр сау ысты.

Сау хæрæг сын сау митæ бакодта.

Куыдзы тугæй æхсад.

Уымæн мард дæр нæй æмæ дзуар дæр.

Нæ йын дзуар и, нæ — хуыцау.

Æнæдин, æнæиман.

Лæг дæ, лæг, Сослан, ф,æлæ дæм лæджы ’гъдауæй ницы ис!

Дæ мард, дæ дзуар фесæфæд!

Æнæ мард, æнæ дзуар фæу!

Уымæ баст хæрæг дæр нæ фæлæудзæн.

Хуы та арвæн цы зоны.

Хуыйæн сыкъатæ куы уыдаид, уæд бæстæппæт байсæфтаид.

Хуыйы кæримæ куы уадзай, уæд йæ сæрмæ хизы.

Хуыйы сыстау бæрзæймæ быраг.

Хуы ’мæ хъазæн сæ фæндаг иу у.

Сæгъы кæримæ куы уадзай, уæд йæ сæрмæ хизы.

Уый æфсарм цы у, уый зонгæ дæр нæ кæны.

Хæлд лæг йе ’гъдæуттæй бæрæг у.

Уый йæ фыды рихийæн нæ тæрсы.

Æгъдауы сæрты ахызт.

Къулбадæг хæдзарæй чи рауайа, уый къулбадæг вæййы.

Къулбадæджы сæныкк.

Уымæн уæздандзинад фыдæй нæ баззад.

Хæрæгыл саргъ куыннæ фидауы, афтæ сау лæгыл—уæздандзинад.

Кæвдæсдых.

Саппæмхай.

Хæрæджы хæрæг — мудырчъи.

Хæрæджы фосы ’хсæн йæ хъустæй базонынц.

Хæрæг нырма бæх никуы сси.

Хæрæг æмæ бæх ивддзаг нæ кæнынц.

Хæрæг, дам, хуыйæн афтæ загъта: цом æмæ сагимæ бацæрæм æмæ нæ уæзданы ном айхъуыса.

Хæрæг дугъон куы суа, уæд ма уаргъ та чи хæсдзæн?

Хæрæг æмæ хуы сæхи ’рвадæлтæ хуыдтой.

Уызын йæхи саджы ’мсæр кодта.

Саг æмæ уызын — æфсымæртæ.

Хуыскъæл, дам, йæхицæй æхсин кодта.

Халон зæрватыккыл худы.

Сау лæг кæвдæсардыл худы.

Сау халон уæрцц нæ ахсы.

Сау халон уæрцц нæ ахсы, сау лæг ном нæ кæны.

Къуыдыр куыдз егары не ’ййафы.

Хæрæг бæхы не ’ййафы.

Хуыдзарм, æрчъи ’мæ сæракдзабыр æмхуызон ысуыдзысты. (Санаты Семы ныхæстæй).

Æдзæсгомæй хорз æнхъæл макуы у.

Халоны фæстæ ку’ ацæуай, уæд дæ фаджысмæ бакæндзæн.

Куыдзыл, дам, цыт нæ фидауы.

Лæг паддзахы дуарæй дæр ыздæхы.

Сах Зæрæмæджы дуарæй раздæхти.

Мæликк дæр ма Зæрæмæджы уæзæгæй фæстæмæ раздæхт.

Мæликк дæр ма Зæрæмæджы уæзæгæй ку’ аздæхт, уæд ды не здæхыс?

Каенæ — тас, кæнæ — ’фсарм.

Уый сывæллоны зæрдæхудты дæр нæ бацæудзæн.

Адæймаджы зæрдæхудты макуы бацу.

Мæ цæсгом ма дзы цы фæкæнон, уый нал зонын.

Фырæфсæрмæй ма мæхи цы фæкодтаин, уый нал зыдтон.

Мæ цæсгом дзы ссыгъди.

Лæджы цæсгом арт у.

Уымæн йæ цæсгомы ’фсарм и.

Уый æгъдауыл мæлæг у.

Цы лæууыс? Сиахс нын куынæ ’ййафыс!

Чидæр æфсæрмæй хæрæггæс бацыд.

Чидæр йæ мæрдты ’фсæрмæй хæрæггæс бацыд.

Чидæр йæ мæрдты ’фсæрмæй æххуырсты бацыд.

Чидæр фырæфсæрмæй йæ чъири къæйыл ныууагъта.

Чидæр йæ хуымæн йæ кæрæтты цыд, адæм та — й’ астæуты.

Кау кæм ныллæгдæр уа, уым ыл хизынц.

Чидæр хъомгæс цæуын йæ сæрмæ хаста, йæ мызд исын та ’фсæрмы кодта.

Чидæр фырæфсæрмæй йæ усы ’фстау радта.

Æфсæрмæй мард.

Æфсæрмæй дугъы ма ацу.

Тæндзæсгом лæг дæрчъы йаргъ дæр нæу.

Фырнымд лæг æдзыт у.

Æфсарм хорз у, æгæр æфсарм — худинаг.

Æфсæрмджын лæг йæхицæн кад кæны, фæлæ фыдбылыз дæр кæны.

Иу æфсæрмæй марди, иннæ та — фыдæхæй.

Æфсарм лæгæй цæуы.

Кæм æгъдау, кæм та ма дзы ’фсарм дæр вæййы.

Æфсæрмæй нал у, мæ чындз, сæрбахъуыды цы нæ вæййы.

Дзуарæфцæгыл кæсгон лæууы.

Хæсты бон, дам, уæдæ Хазбийы зæрдыл цæсгом лæууы. (Алыккаты Хазбийы зарæгæй).

Ирон æфсарм хуыцау макуы байсысын кæнæд!

Уæздан æгъдауджын лæджы хонынц.

Уæздандзинад адæймагæн йæ туджы ис.

Алы дарийы гæбазæй конд адæймаг.

Алы лæгæн дæр йæ уæздандзинад йæ бындурæй бæрæг кæны.

Кæд уæздан лæг дæ, уæд мын дæ мæсыджы бындур равдис.

Уæздан йæ дзырд дыууæ нæ кæны.

Уæздан лæгыл гæды ныхас нæ фидауы.

Хæснаг уæздан лæгимæ скæн.

Уæздан лæг мæсты нæ кæны.

Уæздан лæг йæ над нæ хъæр кæны.

Уæздан лæг лæджы æнæмгъуыд нæ мары.

Уæздан лæгæн йæ чъылдыммæ сбад, сау лæгæн—йæ разы.

Нарты ном уæзданæн баззад.

Æфсарм æфсарм у, ’гъдау та ’гъдау у.

Алы ’гъдау дæр лæгæн йæхицæй у.

Лæг йе ’гъдауæй лæг у.

Адæймаг йе ’гъдау æмæ йæ уагæй у.

Æфсарм кæм и, ’гъдау дæр уым и; æгъдау кæм и, кад дæр уым и.

Лæг йе ’гъдау йæ мады гуыбынæй рахæссы.

Алцæмæн дæр æгъдау ис.

Алкæмæн дæр йе ’гъдау йæ гакк у.

Мамионы насау — не ’гъдау афтæ у. (Не ’гъдау афтæ у зæгъгæ, дам, загъта Мамион, йæ уазджытæн æрдæгфых нас куы ’рывæрдта, уæд).

Æгъдау кæй нæ баурома, уый æфсæн рæхыс дæр нæ бауромдзæн.

Цы кæнай, уый — æгъдауыл.

Æгъдауæн — æгъдау.

Æгъдау æгъдауы суры.

Мæ дæндæгтæй дын цырагъ фæдарин.

Искæмæн чи лæггад кæны, уый йæхицæн лæггад кæны.

Æфсарм дыууæрдæм у.

Лæг мæ хон, æмæ дæ хох хонон.

Æгъдауæн фехалæн нæй.

Æгъдауы сæрты нæ хызтæуы.

Цы дыл не ’мбæлы, уый ма кæн.

Дуарыл цæуæн куы уа, уæд рудзынгыл ма хиз.

Дæ цæхдон кæм нæ уа, уым дæ къæбæр ма тул.

Дæ къус кæм нæ уа, уым дæ уидыг ма тъысс.

Ирон æгъдауыл дæ къахæй куы ныллæууай, уæд дæ уæлфадæй ысгæпп ласдзæн.

Цы хъæумæ бацæуай, уый æгъдау кæн.

Бæстæн æгъдау вæййы, хъæуæн та — фæтк.

Хъæуæн æгъдау æмæ бæстæн фæтк ис.

Хъæуæй хъæуы ’хсæн дæр хицæн æгъдау ис.

Хъæуæн æгъдау æмæ хæдзарæн фæтк ис.

Кæй уæрдоны бадай, уый зарæг кæн.

Цы адæмы цур цæрай, уыдон сæ худтæ чердæм дарой, ды дæр æй уыцырдæм дар.

Рагон заман-иу ирон хъæуы нæлгоймаг уынгты ронбæгъдæй нæ рацыдаид.

Ирон хъæуы дæ къухтæтилæг ма у.

Хæдзарæй хæдзармæ дæр хицæн æгъдау ис.

Цардæн йæ хъæздыгмæ ма бабæлл, фæлæ йе ’гъдаумæ.

Уæздандзинад æмæ ’гъдау рæстдзинадыл баст ысты.

Æгъдау хорз у, фæлæ ’нæкæрон æгъдау нæй.

Фырæгъдау — æнæгъдау.

Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис.

Дунейы сæр æгъдау у.

Æгъдæутты хистæр бæрц у.

Фæтк æмæ ’гъдау хуыцауæй ысты.

Нарт сæ фæтк никуы халынц.

Æгъдау кæм нæ уа, уым фæтк нæй.

Фæтк æгъдауæн у.

Фæткæн — æгъдау, æгъдауæн — ном.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.