Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.
Ирон æмбисæндтæ
Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.
ИВГЪУЫД БОНТÆ. АБОН. СОМ
Ивгъуыд боныл хур нæ кæсы.
Рагон æрхы дон агуырдæуыд, æмæ дзы дур дæр нал ыссардтой.
Раджы кæддæр Æрыдоныдон хъæбынтæ ласта.
Кæддæр Æрыдоныдон хъæбынтæ ласта, ныр та къуыдыртæ ласы.
Кæддæр Бурхохыл дæр уæрыччытæ хызти.
Зилгæхох тыччыйы йас куы уыди, Леуахи — къадайы йас.
Раджы Калакмæ дæр къахæй цыдысты, ныр донмæ дæр фистæгæй ничиуал цæуы.
Къорд бонтæ ’мæ къорд азтæ фæцæуынц.
Бирæ рацыд, чысыл рацыд — чи зоны...
Рагзаман мысынæн у.
Особайы заман аивгъуыдта.
Ивгъуыд хъуыддаг зын æрцахсæн у.
Ныры дуджы стыр комдзаг дæр нал æмбæхсы.
Абон цы уынай, уымæй цард нæй.
Цæстæй цы уынай, уымæй цард нæй.
Иу боны цæстæй цардмæ ничи кæсы.
Абоны цардыл ма баууæнд.
Райсом дæ цы хъæуы, уый абон базон.
Абон фæци, фæлæ райсом цы уыдзынæ?
Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? (Къоста).
Цы уыдис, уый федтам; цы ’рцæуа, уый дæр та фендзыстæм.
Сом кæй сом у?
Дæлхъæу уæлхъæу куы суа, Кобек — дзурæг, адæмы сæфт уæд уыдзæн.
Донæй хъаймæт уыди, артæй хъаймæт уыдзæн.
Хохы фæстаг — бадырмæ.
Цы-уыдзæн цы-уыдисæй фылдæр у.
Фидæн адджын кæмæн нæу!
Фидæнмæ ма кув, ац’ азæй уал ракур.
Искæды ’гасцуайæ абоны байрйай хуыздæр у.
Ивгъуыд рæстæг мауал мыс, ног дуджы царды кой кæн.
Дугæй нæй хъастгæнæн, фæлæ фæлтæрæй — ис.
Тæрхон хъæуы абоныл, сом цы уыдзæн, уый Нарты Сырдон дæр нæ зыдта.
Цы уыдзæн æмæ куыд уыдзæн? — Хуыцау йæ зонæг.
Бæсты фæстаг чи уыдзæн, уый бæрæг нæй.
Зæхх æмæ бæстæ уыдзысты, мах нал уыдзыстæм.
Бæстыл цард никуы сæфы.
Цардыуаг — фæлтæргай.
Фæлтæр рæстæг кæны.
Дуг фæлтæргай æмæ рæстæггай у.
Дуг æрцыди, афон фæлыгъди.
Исæй бонтæ фылдæр ысты.
Рæстæг тыхджын у.
Рæстæг йæ кæнон кæны.
Рæстæг хæхтæ фæлдахы.
Рæстæг цæугæдонау ивылы.
Рæстæг æмгъуыд нæ зоны.
Дуг дугъон бæх у — нæ йæ баййафдзынæ.
Рæстæг цæуы ’мæ цæрæнбонтæ цыбыр кæны.
Æрцæуæн афонтæ ис.
Æрцæуынæн бæрæг рæстæджытæ ис.
Фæстейы мæрдтæ ис, разæй — цард.
Дуг дуджы ивы, цард — царды, фæлтæр — фæлтæры.
Дуг дуджы ’ййафы, цард цардæй хуыздæр.