Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Очерк истории осетинского языка (Т. Т. Камболов, Вл-з, «Ир», 2006) доступен для скачивания в формате DjVu. Узнайте новейшие данные науки об историческом прошлом осетинского языка.

Журнал «Мах дуг», 2001, №6

ХÆСТ ЦЫ У. АФОРИЗМТÆ

Хæстæй æмæ зынгæй хъазæнтæ нæй.

Уырыссаг æмбисонд

Хæст хъæддаг сырдтæ фестын кæны, æфсымæртау æмудæй цæрынæн чи райгуыры, уыцы адæмы.

Франсуа Вольтер

Уæлахизыл цин кæнын лæг амарыныл цин кæнынæй уæлдай нæу.

Лао-Цзы

Тохгæнæг адæймагæн састы бынаты баззайын худинаг нæу.

Ж. Ромен

Сабырдзинад цивилизацийæн йæ хорзæх у, хæст та — йæ фыдракæнд.

В. Гюго

Хæст æмхуызон хъалондартæ скæны нæлгоймæгтæй дæр æмæ сылгоймæгтæй дæр, æрмæст иутæй тугхъалон фæисы, иннæтæй та — цæссыгтæ.

У.Теккерей

Хæст у, æвзаджы бон кæмæн ницы у, ахæм политикон æлхынцъ дæндæгтæй райхалыны фæрæз.

А. Бирс

Хæст... æррæдувы культурæйы дарæстæ-æмбæрзæнтæ, æмæ адæймаджы рагон, лæзæрд уд гомгæрццæй аззайын кæны.

Н. Бердяев

Æппæтæй хуыздæр уæлахиз фæвæййы, туг нæ ныккалгæйæ уæлахиз кæй къухы бафты, уый.

П. Кальдерон

Йæхæдæг йæхиуыл чи фæуæлахиз, уымæй тыхджындæр уæлахиздзау нæй.

Г. Бичер

Адæм хъуамæ хæстæн кæрон скæной, науæд хæст йæхæдæг кæрон скæндзæн адæмæн.

Дж. Кеннеди

Хæст хæстонтæ нæ райдайынц, хæст райдайынц политиктæ.

У. Уэстморланд

Дзæвгар рæстæг куы фæцæрат, уæд уæхи цæстæй фендзыстут: алы уæлахизæн дæр йæ кæрон састмæ æркæны.

С. Бовуар

Фæуæлахиз вæййы, знаджы йæхи хæцæнгæрзтæй чи ныццæвы, уый.

Г. Ибсен

Уæлахиздзаутæн сæ цæфтæ нæ риссынц.

Публилий Сир

Иу арæхстджын хосгæнæг сæдæ хæстоны аргъ у.

Гомер

Хотыхты нæрын куы фæхъуысы, уæд закъонтæ ныхъхъус вæййынц.

Цицерон

Хæстæн йæ райдайын æнцон у, йæ фæуын та иттæг зын.

Саллюстий

Хæстæй хорзмæ ницæмæ æнхъæлмæгæсæн ис.

Вергилий

Хæст æхсызгон у, кæй сæр æй нæ бавзæрста, уыдонæн.

Вегеций Флавий Ренат

Алы хатт дæр фæуæлахиз вæййы ардауæг.

Менандр

Уæлахиз кæнын æдылы ми у. Бауырнын кæнын — кады хъуыддаг.

В. Гюго

ИРОН ÆМБИСÆНДТÆ

Фæдисы алчи йе ‘хсар æвдисы.

Хæст дыууæйæн æмбис у: амонд кæй фарс æрлæудзæн, уый бæрæг нæй.

Уады фæстæ — уарын, хæсты фæстæ — кæуын.

Хæстæй æмæ фæдисæй лидзын — худинаг.

Нæртон лæг æхсары бын оффытæ нæ кæны.

Искæмæн уæрм чи къахы, уый дзы йæхæдæг хауы.

Фæдисы фыццаг — сæрылхаст.

Фæдисы раздæр чи ацæуы, уымæн йæ мард хæсгæ вæййы.

Ирон адæм гæрзты хорз æмæ знаджы бирæйæ нæ тарстысты.

Нарт чъылдымæхстахуыр нæ уыдысты.

Ирон лæг чъылдым не здахы.

Хæсты боны сгуыхтæн йæ кад мыггагмæ цæры.

Хæсты мард лæгæн йæ зарæг дардыл хъуысы.

Адæм туг цы хæсты ныккалой, уым фидыдæн æнæ ’рцæугæ нæй.

Тыхфæлварæн мауал ыскæнæм, фæлæ цардфæлварæн ыскæнæм.

Æнустæм мастæй æнустæм хæлар цард — хуыздæр.

Фылдæр ирон æмбисæндтæ хæст æмæ фидыды тыххæй »»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.