Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 7-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

144 000 израиладжы

1 Æппæтуыдæтты фæстæ æз федтон цыппар зæды. Уыдон лæууыдысты зæххы цыппар кæроны, æмæ хæцыдысты зæххон цыппар дымгæйыл, нæдæр зæххыл, нæдæр денджызыл, нæдæр бæлæстыл куыд нæ дымой, афтæ.

2 Æз федтон æндæр зæды дæр. Уый ссæйцыд скæсæнæй æмæ йæм уыди цардæгас Хуыцауы мыхуыр. Зæд ныхъхъæр кодта, зæххæн æмæ денджызæн знаггад ракæныны бар лæвæрд кæмæ æрцыд, уыцы цыппар зæдмæ:

3 «Цалынмæ нæ Хуыцауы цагъарты тæрныхтыл мыхуыр сæвæрæм, уæдмæ знаггад ма ракæнут нæдæр зæххæн, нæдæр денджызæн, нæдæр бæлæстæн».

4 Æз фехъуыстон, мыхуыр æвæрд кæуыл æрцыд, уыдоны нымæц: израилаг адæмы æппæт хæдзарвæндæгтæй мыхуыр æвæрд æрцыди сæдæ цыппор цыппар миныл.

5 Иудæйы хæдзарвæндагæй мыхуыр æвæрд æрцыд дыууадæс миныл; Рувимы хæдзарвæндагæй дыууадæс миныл; Гады хæдзарвæндагæй — дыууадæс миныл;

6 Асиры хæдзарвæндагæй дыууадæс миныл; Неффалимы хæдзарвæндагæй — дыууадæс миныл; Манассийы хæдзарвæндагæй — дыууадæс миныл;

7 Симеоны хæдзарвæндагæй дыууадæс миныл; Левийы хæдзарвæндагæй — дыууадæс миныл; Иссахары хæдзарвæндагæй — дыууадæс миныл;

8 Завулоны хæдзарвæндагæй дыууадæс миныл; Иосифы хæдзарвæндагæй — дыууадæс миныл; Вениамины хæдзарвæндагæй дыууадæс миныл. Бирæ адæм урс-урсид дарæсы

9 Уый фæстæ æз федтон, нымайын дæр кæй ничи бафæрæзтаид, уыйбæрц дзыллæ алы адæмыхæттытæй, алы мыггагæй, алы адæмтæй æмæ æвзæгтæй — сæ къухы палмæйы къалиутимæ урс-урсид дарæсы лæууыдысты паддзахы бадæны æмæ Уæрыччы раз.

10 Уыдон хъæлæсыдзагæй дзырдтой: «Паддзахы бадæны Чи бады, нæ уыцы Хуыцау æмæ Уæрыкк сты ирвæзынгæнæг

11 Зæдтæ иууылдæр лæууыдысты паддзахы бадæны, цыппар æмæ ссæдз хистæры æмæ цыппар уæларвон удгоймаджы алыварс, стæй адæлгом сты паддзахы бадæны раз æмæ бакуывтой Хуыцаумæ:

12 «Амен! Табу, намыс æмæ кад мыггагæй-мыггагмæ нæ зондджын, арфæгонд, тыхджын æмæ хъомысджын Хуыцауæн! Амен!»

13 Цыппар æмæ ссæдз хистæрæй мæ иу бафарста: «Уæртæ урс-урсид дарæс кæуыл ис, уыдон чи сты æмæ кæцæй æрцыдысты?»

14 Æз ын загътон: «Ды йæ дæхæдæг зоныс, ме ’лдар». Уæд мын загъта: «Стыр бæллæхæй чи æрцыд, уыдон сты; сæ дарæстæ ныхсадтой æмæ сæ ныуурс кодтой Уæрыччы Тугæй

15 Уый тыххæй лæууынц Хуыцауы бадæны раз æмæ Йын æхсæвæй-бонæй лæггад кæнынц Йæ Кувæндоны; æмæ паддзахы бадæны Бадæг уыдоны бакæндзæн Йæ дæлбазыр.

16 Уыдон нал кæндзысты нæдæр стонг, нæдæр дойны. Хур дæр сæ нал судздзæн æмæ сæ æнтæф дæр нал хъыгдардзæн.

17 Уымæн æмæ Хуыцау кæм бады, уыцы бынаты хæдастæу цы Уæрыкк ис, Уый сæ кæндзæн хизынмæ æмæ царддæттæг суадæттæм, æмæ сын Хуыцау сæ цæстытæй асæрфдзæн сæ цæссыг».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.