Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 6-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Уæрыкк асаста мыхуыртæ

1 Æз федтон: Уæрыкк авд мыхуырæй асаста фыццаг, æмæ фехъуыстон цыппар уæларвон удгоймагæй иуы хъæлæс, цыма арв ныннæрыд: «Рацу [æмæ кæс]».

2 Æз федтон урс бæх; йæ барæгмæ уыд æрдын, лæвæрд ын æрцыд кады худ, æмæ рацыд уæлахиздзауæй, куыд фæуæлахиз уа, афтæ.

3 Уæрыкк дыккаг мыхуыр куы асаста, уæд фехъуыстон, дыккаг уæларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [æмæ кæс]».

4 Æмæ рацыд æндæр, æртхуыз бæх; йæ барæгæн лæвæрд æрцыд зæххæй сабырад айсыны бар, цæмæй марой кæрæдзи; æмæ йæм радтой стыр цирхъ.

5 Уæрыкк æртыккаг мыхуыр куы асаста, уæд фехъуыстон, æртыккаг уæларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [æмæ кæс]». Æз федтон сау бæх; йæ барæджы къухы уыди барæн.

6 Цыппар уæларвон удгоймаджы кæм уыдысты, уырдыгæй мæм райхъуыст адæймаджы хъæлæсау: «Мæнæуы къус динарыл, хъæбæрхоры æртæ къусы динарыл, зети æмæ сæнæн та знаггад ма ракæн».

7 Уæрыкк цыппæрæм мыхуыр куы асаста, уæд фехъуыстон цыппæрæм уæларвон удгоймаджы хъæлæс: «Рацу [æмæ кæс]».

8 Æз федтон фæлурс бæх; йæ барæджы ном — мæлæт. Мæрдтыбæстæ цыдис йæ фæдыл, æмæ сын лæвæрд уыди зæххы цыппæрæм хайыл цирхъы æмæ стонджы, рыны æмæ зæххон сырдты фæрцы марыны бар.

9 Уæрыкк фæндзæм мыхуыр куы асаста, уæд нывондхæссæны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххæй æмæ се ’вдисæнады тыххæй кæй амардæуыд, уыдоны удтæ.

10 Уыдон хъæлæсыдзагæй дзырдтой: «Сыгъдæг æмæ æцæг Дунедарæг, кæдмæ у Дæ каст, зæххон цæрджытæн тæрхон цæуылнæ рахæссыс æмæ сæ нæ туг цæуылнæ райсыс?»

11 Уæд сæ алкæмæн дæр лæвæрд æрцыд урс-урсид дарæс æмæ сын загъдæуыд, цæмæй банхъæлмæ кæсой иуцасдæр, зæххыл ма уыдонау кæй хъуамæ амардæуа, сæ уыцы æмкусджытææмææфсымæртæ цалынмæ нымæц баххæст кæной, уæдмæ.

12 Уæрыкк æхсæзæм мыхуыр куы асаста, уæд федтон: зæхх тынг нынкъуыст, хур ныттар сау хъисынау æмæ мæй æнæхъæнæй ныссырх тугау.

13 Стъалытæ арвæй æрхаудтой зæхмæ, тыхджын дымгæ легъуийы куы ныууигъы, уæд йæ цъæх дыргътæ куыд æрызгъæлынц, афтæ.

14 Арв тыхтонау æрбампылд æмæ цыдæр æрбаци. Алы хох æмæ сакъадах дæр йæ бынатæй фенкъуысыд.

15 Зæххон паддзæхтæ æмæ стыр хицæуттæ, æфсæддон разамонджытæ æмæ хъæздгуытæ, тыхджынтæ, алы цагъар æмæ алы сæрибар дæр бамбæхстысты лæгæтты æмæ хæхты — къæдзæхты æхсæн.

16 Æмæ дзурынц хæхтæн æмæ къæдзæхтæн: «Рафæлдæхут ныл æмæ нæ уæ быны бамбæхсут паддзахы бадæны Бадæгæй æмæ Уæрыччы фыдæхæй.

17 Ралæууыд Сæ фыдæхы стыр бон æмæ йын чи бафæраздзæн?»

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.