Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 4-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Паддзахы бадæн уæларвы

1 Уый фæстæ æз федтон арвы дуар гомæй. Æмæ раздæр кæй фехъуыстон, сыкъауадындзы зæлынау мемæ цы хъæлæс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардæм, æмæ дын фенын кæнон, фидæны цы уыдзæн, уый».

2 Æз уайтæккæ фæдæн Сыгъдæг Удæй разæнгард. Уæларвы уыди паддзахы бадæн, паддзахы бадæны та федтон Бадæджы.

3 Бадæг тæмæнтæ калдта зынаргъ дуртæ иаспис æмæ сардисау. Паддзахы бадæны алыварс изумрудау æрттывта арвырон.

4 Паддзахы бадæны алыварс — цыппар æмæ ссæдз паддзахы бадæны. Уыцы паддзахы бадæнты бадтысты цыппар æмæ ссæдз хистæры. Уыди сыл урс-урсид дарæс, сæ сæртыл та — сызгъæрин кадыхудтæ.

5 Паддзахы бадæнæй-иу рацыд æрвæрттывдтытæ, хъуысти дзы æрвнæрды гыбар-гыбур, паддзахы бадæны раз сыгъдис авд артæвзаг цырагъы — уыдон сты Хуыцауы авд уды.

6 Паддзахы бадæны раз уыдис цыдæр, авджын денджызы хуызæн, дзæнхъайау ирд. Паддзахы бадæн кæм уыди, уыцы бынаты хæдастæу æмæ йæ алыварс уыди цыппар уæларвон удгоймаджы бирæ цæстытимæ разæй дæр æмæ чъылдымырдыгæй дæр.

7 Фыццаг уæларвон удгоймаг уыди домбайы хуызæн, дыккаг удгоймаг — галы хуызæн, æртыккаг удгоймагæн йæ цæсгом уыдис адæймаджы цæсгомау, цыппæрæм удгоймаг уыди тæхгæ цæргæсы хуызæн.

8 Цыппар уæларвон удгоймагæй алкæмæн дæр уыди фæйнæ æхсæз базыры; алырдыгæй дæр æмæ сæ базырты бын дæр уыди бирæ цæстытæ. Æхсæвæй-бонæй æнæбанцайгæйæ дзурынц: «Чи уыд, Чи ис æмæ Чи æрцæудзæн, уыцы Дунедарæг Хицау Хуыцау сыгъдæг у, сыгъдæг у, сыгъдæг у».

9 Паддзахы бадæны Бадæгæн, мыггагæй-мыггагмæ Цардæгасæн, уыцы уæларвон удгоймæгтæ намысы, кады æмæ арфæйы ныхæстæ куы фæдзурынц,

10 Уæд цыппар æмæ ссæдз хистæры адæлгом вæййынц паддзахы бадæны Бадæджы раз, сæ кадыхудтæ æрæвæрынц паддзахы бадæны раз æмæ бакувынц мыггагæй-мыггагмæ Цардæгасмæ:

11 «Ды намысы æмæ кады аккаг дæ, нæ тыхджын Хицау æмæ нæ Хуыцау, уымæн æмæ æппæт дæр Ды сфæлдыстай, æппæт дæр сфæлдыстæуыд æмæ æппæт дæр цæры Дæ фæндонмæ гæсгæ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.