Ног Фæдзæхст
Иоанны æргомады чиныг. 21-æм сæр
Ног арв æмæ ног зæхх
1 Æз федтон ног арв æмæ ног зæхх. Раздæры арв æмæ раздæры зæхх аивгъуыдтой, нал уыди денджыз дæр.
2 Æз федтон сыгъдæг сахар — ног Иерусалим уæларвæй, Хуыцауæй, æрцæйцæугæ, чывдзау фæлыстæй, йæ мойагæн рæсугъд арæзтæй.
3 Паддзахы бадæнæй мæм райхъуыст домбай хъæлæс: «Ныр Хуыцауы цæрæн бынат адæмы æхсæн ис, æмæ Хуыцау Йæхæдæг цæрдзæн семæ, уыдон уыдзысты Йæ адæм, æмæ Уый уыдзæни сæ Хуыцау.
4 Æмæ сын Хуыцау сæ цæстытæй ныссæрфдзæн сæ цæссыг; нал уыдзæн нæдæр мæлæт, нæдæр хъыгтæ, нæдæр хъарæг, нæдæр рыст, уымæн æмæ раздæр цы уыди, уый аивгъуыдта».
5 Паддзахы бадæны Бадæг загъта: «Мæнæ æппæт дæр фæлдисын ногæй». Æмæ мын загъта: «Ныффысс, уымæн æмæ ацы дзырдтæ æцæг сты æмæ сыл ис æууæндæн».
6 Ноджы мын загъта: «Сæххæст! Æз дæн Алфæ æмæ Омегæ, райдиан æмæ кæрон. Дойны кæмæн у, уымæн лæвар ратдзынæн царддæттæг суадонæй.
7 Уæлахиздзау райсдзæн æппæт уыдæтгæ, Æз ын уыдзынæн Хуыцау, уый та Мын уыдзæни хъæбул.
8 Тæппудтæн æмæ æнæуырнджытæн, æлгъæгтæн æмæ лæгмартæн, хæлд адæмæн æмæ кæлæнгæнджытæн, мæнгхуыцæуттæн кувджытæн æмæ æппæт фæлитойтæн та сæ бынат у судзгæ сондоны цады. Уый у дыккаг мæлæт».
Ног Иерусалим
9 Фæстаг рынтæй дзаг авд кæхцы цы авд зæдмæ уыди, уыдонæй иу æрцыд мæнмæ æмæ мын загъта:
«Рацу, æз дын равдисон Уæрыччы Усаджы».
10 Æз уыдтæн Удæй разæнгард æмæ мæ зæд фæхаста стыр æмæ бæрзонд хохмæ, æмæ мын фенын кодта Иерусалимы сыгъдæг сахар уæларвæй, Хуыцауæй, æрцæйцæугæ.
11 Уый тæмæнтæ калдта Хуыцауы намысæй. Йæ рухсгæнæн уыди тæккæ зынаргъдæр дурау, дзæнхъайы æнгæс иасписау.
12 Сахары къул уыди стыр æмæ бæрзонд, уыди дзы дыууадæс дуары, дуæрттыл лæууыдысты дыууадæс зæды. Дуæрттыл фыст уыдысты израилаг адæмы дыууадæс мыггаджы нæмттæ.
13 Скæсæнырдыгæй — æртæ дуары, цæгатырдыгæй — æртæ дуары, хуссарырдыгæй — æртæ дуары, ныгуылæнырдыгæй — æртæ дуары.
14 Сахары къулæн ис дыууадæс бындуры, уыдоныл фыст сты Уæрыччы дыууадæс апостолы нæмттæ.
15 Сахарæн йæхи, йæ къул æмæ йæ дуæрттæ барынæн мемæ ныхасгæнæгмæ уыди сызгъæрин лæдзæг.
16 Сахар у цыппæрдигъон, йæ дæргъ æмæ йæ уæрх сты æмхуызон. Зæд сахар сбарста лæдзæгæй æмæ рауад дыууадæс мин стадийы6. Йæ дæргъ, йæ уæрх æмæ йæ бæрзæнд сты æмхуызон.
17 Сбарста йын йæ къул дæр æмæ рауад сæдæ цыппор цыппар æлмæрины7 — адæймаджы нымадæй баргæйæ; зæдмæ дæр ахæм барæн уыди.
18 Сахары къул уыд иасписæй, сахар йæхæдæг та — ирд авджы хуызæн сыгъдæг сызгъæринæй.
19 Сахары къулы бындуртæ фæлыст уыдысты алыхуызон зынаргъ дуртæй. Фыццаг бындур — иаспис, дыккаг — сапфир, æртыккаг — халкидон, цыппæрæм — изумруд,
20 Фæндзæм — сардоникс, æхсæзæм — сердолик, æвдæм — хризолит, æстæм — берилл, фарæстæм топаз, дæсæм — хризопрас, иуæндæсæм — сапфир, дыууадæсæм аметист.
21 Дыууадæс дуары — дыууадæс налхъуыты: алы дуар дæр — æнæхъæн налхъуытæй. Сахары уынг уыдис ирд авджы хуызæн сыгъдæг сызгъæринæй.
22 Кувæндон та дзы нæ федтон, уымæн æмæ Дунедарæг Хицау Хуыцау æмæ Уæрыкк сты йæ кувæндон.
23 Рухсы тыххæй сахары нæ хъæуы нæдæр хур, нæдæр мæй. Уымæн æмæ йæ ныррухс кодта Хуыцауы намыс, Уæрыкк та у йæ рухсгæнæн.
24 Адæмтæ цæрдзысты сахары рухсмæ, зæххон паддзæхтæ йæм æрхæсдзысты сæ намыс.
25 Йæ дуæрттæ бон æхгæд нæ уыдзысты, æхсæв та дзы уæвгæ нæ уыдзæн.
26 Æрхæсдзысты йæм адæмты кад æмæ намыс.
27 Чъизи цы уа, ахæмæй йæм ницы бацæудзæн, æлгъаг æмæ гæды митæ чи кæны, уыдонæй дæр æм фæндаг никæмæн уыдзæн, фæлæ йæм бацæудзысты, Уæрыкмæ царды чиныджы фыст чи у, æрмæстдæр уыдон.
6 21:16 12 000 стадийы — 2200 километры бæрц.
7 21:17 144 æлмæрины — 65 метры бæрц.