Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 20-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Мин азы

1 Æз федтон зæды уæларвæй æрцæйцæугæ. Йæ къухы уыди дæлдзæхы дæгъæл æмæ стыр рæхыс.

2 Уый æрцахста, хæйрæг æмæ сайтан чи у, уыцы рагон залиаг калмы, сбаста йæ мин азы æмгъуыдмæ

3 Æмæ йæ ныппæрста дæлдзæхмæ, сæхгæдта йыл дуар æмæ дуарыл сæвæрдта мыхуыр, цалынмæ мин азы рацæуа, уæдмæ адæмты куыд мауал фæлива, афтæ. Уый фæстæ хъуамæ уæгъдгонд æрцæуа цыбыр æмгъуыдмæ.

4 Æз федтон паддзахы бадæнтæ; бадтысты сыл, тæрхон кæныны бар лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдон. Æз федтон, Йесойæн æвдисæны æмæ Хуыцауы ныхас амоныны тыххæй кæй сæртæ акъуырдтой, уыдоны удтæ; уыдон нæ бакуывтой сырдмæ æмæ йæ сурæтмæ, сæ тæрныхтыл æмæ сæ къухтыл сырды нысан нæ сæвæрдтой. Уыдон райгас сты æмæ Чырыстиимæ паддзахиуæг кодтой мин азы.

5 Иннæ мæрдтæ та нæ райгас сты, цалынмæ мин азы рацæуа, уæдмæ. Ай у фыццаг райгас.

6 Тæхудиаг сты, мæрдты фыццаг райгасы чи райгас уа — уыдон Хуыцауы адæм сты; дыккаг мæлæты бон сыл нæ цæуы, фæлæ уыдзысты Хуыцауæн æмæ Чырыстийæн лæггадгæнджытæ, æмæ Йемæ паддзахиуæг кæндзысты мин азы.

Тæрхон хæйрæгæн

7 Уыцы мин азы куы фæуой, уæд хæйрæг уæгъдгонд æрцæудзæн дæл дзæхон ахæстонæй æмæ рацæудзæн, зæххыл алы ран чи цæры, уыцы адæмты — Гог æмæ Магогы — асайынмæ æмæ сæ хæстмæ æрæмбырд кæнынмæ; уыдзысты денджызы змисау бирæ.

8 Уыдон рацыдысты æппæт зæххыл æмæ æртыхстысты сыгъдæджыты цæрæн бынатыл — уарзон сахарыл.

9 Фæлæ Хуыцау уæларвæй рауагъта арт æмæ сæ басыгъта;

10 Сæ асайæг хæйрæджы та ныппæрстæуыд, сырд æмæ мæнгпехуымпар кæм сты, уыцы судзгæ сондоны цадмæ, æмæ уым æхсæвæй-бонæй хъизæмар кæндзысты мыггагæй-мыггагмæ.

Тæрхон мæрдтæн

11 Æз федтон паддзахы стыр урс бадæн æмæ уыцы бадæны Бадæджы. Фæлыгъдысты Дзы арв æмæ зæхх, æмæ цыдæр æрбаисты.

12 Чи амард, уыдоны — хуымæтæгты æмæ номдзыдты — федтон паддзахы бадæны раз лæугæ. Чингуытæ уыдысты гом, гом уыд æндæр чиныг дæр — царды чиныг. Мæрдтæн тæрхонгонд æрцыд, чингуыты кæмæн цы хъуыддæгтæ фыст уыди, уыдонмæ гæсгæ.

13 Уæд денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мæрдты, мæлæт æмæ мæрдтыбæстæ дæр радтой, чи сæм уыди, уыцы мæрдты. Æмæ алкæмæн дæр тæрхонгонд æрцыд йæ хъуыддæгтæм гæсгæ.

14 Мæлæт æмæ мæрдтыбæстæ æппæрст æрцыдысты судзгæ цадмæ. Уый у дыккаг мæлæт — судзгæ цад.

15 Æмæ царды чиныджы фыст кæй ном нæ уыди, уый ныппæрстæуыд судзгæ цадмæ.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.