Ног Фæдзæхст
Иоанны æргомады чиныг. 17-æм сæр
Хъахбай æмæ сырд
1 Æмæ авд кæхцы кæмæ уыд, уыцы авд зæдæй иу æрбацыд æмæ мын загъта: «Рацу, æз дын фенын кæнон, бирæ дæттыл чи бады, уыцы стыр хъахбаймæ цы æфхæрд æнхъæлмæ кæсы, уый.
2 Хæтыдысты йемæ зæххон паддзæхтæ, зæххон цæрджытæ расыг кодтой йæ хъахбайдзинады сæнæй».
ЗÆз уыдтæн Удæй разæнгард æмæ зæд мæн акодта æдзæрæг ранмæ æмæ федтон, сырх сырдыл чи бадти, уыцы сылгоймаджы. Сырдыл фыст уыдысты Хуыцауы фауæн бирæ нæмттæ, уыдис ын авд сæры æмæ дæс сыкъайы.
4 Сылгоймагыл уыди сырх æмæ сæнтсырх дарæс, фæлыст уыди сызгъæринæй æмæ налхъуыт-налмасæй; йæ къухы — йæ хъахбайдзинады æлгъаг æмæ чъизи хъуыддæгтæй æмыдзаг сызгъæрин кæхц.
5 Йæ тæрныхыл фыст уыди, сусæг ахадындзинад кæмæн ис, ахæм ном: «Стыр Вавилон, хъахбайты æмæ зæххон æлгъаг миты мад».
6 Æз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдæджыты — Йесойы æвдисæнты тугæй. Куы йæ федтон, уæд стыр дисы бафтыдтæн.
7 Зæд мын загъта: «Цæуыл дис кæныс? Æз дын зæгъдзынæн ацы сылгоймаджы æмæ кæуыл бады, авд сæры æмæ дæс сыкъайы кæмæн ис, уыцы сырды сусæгдзинад.
8 Ды кæй федтай, уыцы сырд уыди æмæ нал ис; уый рацæудзæн дæлдзæхæй æмæ ссардзæн йæ мæлæт; æмæ дунейы райдианæй зæххыл цæрджытæй царды чиныджы кæй нæмттæ не сты фыст, уыдон дисы бафтдзысты, чи уыди, чи нал ис æмæ чи фæзындзæн, уыцы сырдмæ кæсгæйæ.
9 Ам уæлзонд хъæуы. Авд сæры сты, сылгоймаг кæуыл бады, уыцы авд хохы,
10 Æмæ авд паддзахы. Уыдонæй фондз амарди, иу дзы ис ныртæккæ, иннæ та нæма æрцыд, æмæ куы æрцæуа, уæд бирæ нæ ахæсдзæн.
11 Раздæр чи уыди æмæ ныр чи нал ис, уыцы сырд у æстæм паддзах — авд паддзахæй иу, æмæ ссардзæн йæ мæлæт.
12 Ды цы дæс сыкъайы федтай, уыдон сты дæс паддзахы. Сæ паддзахæдтæ нæма райстой, фæлæ сахаты æмгъуыдмæ сырдимæ райсдзысты паддзахы бартæ.
13 Уыдон æмзонд сты, æмæ сæ тых, сæ бартæ ратдзысты сырдмæ.
14 Уыдон тох кæндзысты Уæрыккимæ, æмæ сæ Уæрыкк басæтдзæн, уымæн æмæ Уый у хицæутты Хицау æмæ паддзæхты Паддзах, æмæ Йемæ уыдзысты хуындтытæ, æвзæрстытæ æмæ Йæ иузæрдионтæ».
15 Зæд мын загъта: «Ды федтай, хъахбай кæуыл бады, уыцы дæттæ — уыдон сты адæмтæ æмæ дзыллæтæ, адæмыхæттытæ æмæ æвзæгтæ.
16 Ды цы сырды æмæ цы дæс сыкъайы федтай, уыдон хъахбайæ фендзысты се сæфт æмæ йæ бацарæфтыд кæндзысты, ныууадздзысты йæ бæгънæгæй, бахæрдзысты йын йæ фыд, æмæ йæ басудздзысты арты.
17 Уымæн æмæ сын Хуыцау сæ зæрдæты нывæрдта Йæ фæнд сæххæст кæнын — хъуамæ уой æмзонд æмæ, цалынмæ Хуыцауы ныхас сæххæст уа, уæдмæ сæ паддзахы бартæ раттой сырдмæ.
18 Ды цы сылгоймаджы федтай, уый та у, зæххон паддзæхтыл æлдариуæг чи кæны, уыцы стыр сахар».