Ног Фæдзæхст
Иоанны æргомады чиныг. 16-æм сæр
Хуыцауы авд рыны
1 Кувæндонæй мæм райхъуыст, авд зæдæн хъæрæй цы загъдæуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдæхы авд кæхцы акалут зæхмæ!»
2 Ацыд фыццаг зæд æмæ йæ кæхц ракалдта зæхмæ, æмæ сырды нысан кæуыл уыд æмæ йын йæ сурæтмæ чи куывта, уыцы адæмыл фæзынд æвирхъау риссаг хæфдзæстытæ.
3 Дыккаг зæд йæ кæхц ракалдта денджызмæ. Денджыз сси мард адæймаджы туджы хуызæн, æмæ дзы удæгасæй ницыуал баззад.
4 Æртыккаг зæд йæ кæхц ракалдта цæугæдæттыл æмæ суадæттыл, æмæ фестадысты туг.
5 Æмæ æз фехъуыстон, дæттыл кæй бар цæуы, уыцы зæды хъæлæс: «Раст дæ Ды, Чи ис æмæ Чи уыди, уыцы сыгъдæг Хуыцау, уымæн æмæ Ды ахæм тæрхон рахастай.
6 Уыдон сыгъдæджыты æмæ пехуымпарты туг кæй ныккалдтой, уый тыххæй сын Ды бадардтай туг. Уый аккаг сты».
7 Нывондхæссæнæй мæм райхъуыст: «О, Дунедарæг Хицау Хуыцау, раст æмæ æнæхæрам сты Дæ тæрхæттæ».
8 Цыппæрæм зæд йæ кæхц ракалдта хурыл æмæ хурæн лæвæрд æрцыд адæмы йæ тæвдæй судзыны бар.
9 Æмæ адæмы сыгъта тыхджын æнтæф. Уыдон æлгъыстой, ацы рынтыл Кæй бар цыди, уыцы Хуыцауы; фæлæ сæм фæсмон не ’рцыд æмæ Йын кад не скодтой.
10 Фæндзæм зæд йæ кæхц ракалдта сырды бадæныл, æмæ йæ паддзахад баталынг. Адæм фырхъизæмарæй æхсыдтой се ’взæгтæ,
11 Сæ хъизæмары æмæ сæ хæфдзæстыты тыххæй æлгъыстой Уæларвон Хуыцауы, фæлæ сæ хъуыддæгтыл фæсмон нæ фæкодтой.
12 Æхсæзæм зæд йæ кæхц ракалдта Евфраты стыр цæугæдонмæ æмæ дзы дон нал баззад, паддзæхтæн скæсæнæй фæндаг куыд байгом уа, афтæ.
13 Æмæ залиаг калмы дзыхæй, сырды дзыхæй æмæ мæнгпехуымпары дзыхæй рацæугæ федтон, галхæфсыты хуызæн чи уыд, ахæм æртæ æнæзæгъинаджы —
14 Диссæгтæ чи æвдисы, уыцы дæлимонты. Уыдон рацыдысты æппæт дунейы паддзæхтæм, Дунедарæг Хуыцауы стыр бонмæ сæ тохмæ æрæмбырд кæнынмæ.
15 «Мæнæ фæцæуын хуыснæгау. Тæхудиаг у, фынæй чи нæу, бæгънæгæй куыд нæ цæуа æмæ йын йæ худинаг куыд мачи фена, йæ дарæс афтæ сыгъдæгæй чи дары, уыцы адæймаг».
16 Æмæ сæ æрæмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдæм.
17 Æвдæм зæд йæ кæхц ракалдта уæлдæфмæ, æмæ Кувæндонæй, паддзахы бадæнæй, райхъуыст хъæрæй дзурæг хъæлæс: «Сæххæст!»
18 Арв нырттывта, райхъуыст æрвнæрды гыбар-гыбур æмæ зæхх тынг нынкъуыст, адæймаг зæххыл куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ куыд нæма уыд, афтæ тынг нынкъуысти зæхх.
19 Стыр сахар фæци æртæ дихы, адæмты сахартæ бабын сты. Хуыцауæй нæ ферох стыр Вавилон æмæ йын бадардта Йе стыр фыдæхы сæны кæхцæй.
20 Цыдæр æрбаисты сакъадæхтæ, хæхтæ дæр фæтары сты.
21 Адæмыл арвæй ныууарыди таланты æмуæз их; æмæ адæм Хуыцауы æлгъыстой ихрыны тыххæй, уымæн æмæ сæ уыцы рын тынг хъизæмарæй мардта.