Ног Фæдзæхст
Иоанны æргомады чиныг. 15-æм сæр
Авд зæды æмæ авд рыны
1 Æз арвыл федтон æндæр æмбисонды стыр æвдисæйнаг — авд зæды; уыди сæм, Хуыцауы фыдæх кæуыл ахицæн, уыцы фæстаг авд рыны.
2 Æмæ æз федтон артимæ хæццæ авджын денджызау цыдæр. Сырдыл, йæ сурæтыл, йæ номы нымæцыл чи фæтых, уыцы адæм Хуыцауы фæндыртимæ лæууынц авджын денджызыл
3 Æмæ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарæг æмæ Уæрыччы зарæг: «Стыр æмæ диссаг сты Дæ хъуыддæгтæ, Дунедарæг Хицау Хуыцау! Раст æмæ æцæг сты Дæ фæндæгтæ, адæмты Паддзах!
4 Чи нæ фæтæрсдзæн Дæуæй, Хицау, чи не скæндзæн кад Дæ номæн? Уымæн æмæ сыгъдæг æрмæстдæр Ды дæ. Æрцæудзысты æппæт адæмтæ æмæ Дæм кувдзысты, уымæн æмæ раргом сты Дæ раст тæрхæттæ».
5 Уый фæстæ æз федтон: уæларвы байгом Кувæндон — Сыгъдæг
Цатыр.
6 Уæздан кæттагæй сыгъдæгæмæ æрттиваг дарæсы, сæ риутыл сызгъæрин рæттимæ, Кувæндонæй рацыдысты авд зæды авд рынимæ.
7 Цыппар уæларвон удгоймагæй иу ацы авд зæдмæ радта, мыггагæй-мыггагмæ цардæгас Чи у, уыцы Хуыцауы фыдæхæй æмыдзаг авд сызгъæрин кæхцы.
8 Кувæндон байдзаг Хуыцауы намысы æмæ хъаруйы фæздæгæй, æмæ Кувæндонмæ бацæуын никæй бон уыдис, авд зæдмæ чи уыди, цалынмæ уыцы авд рыны ахицæн уой, уæдмæ.