Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 13-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Дыууæ сырды

1 Залиаг калм æрлæууыд денджызы былгæрон змисыл, æмæ федтон сырды денджызæй рацæйцæугæ; уыдис ын дæс сыкъайы æмæ авд сæры, йæ сыкъатыл — дæс кадыхуды, йæ сæртыл та — Хуыцауы фауæн нæмттæ.

2 Æз кæй федтон, уыцы сырд уыди фыранчы хуызæн, йæ дзæмбытæ — арсы дзæмбытау, йæ дзых — домбайы дзыхау. Залиаг калм ын радта йæ тых, йæ паддзахы бынат æмæ стыр бартæ.

3 Йæ сæртæй иу мæлæтдзаг цæфы хуызæнæй зынди, фæлæ уыцы мæлæтдзаг цæф байгас. Æппæт зæххон адæмтæ дис кодтой сырдыл, ацыдысты йæ фæдыл æмæ бакуывтой залиаг калмæн, сырдæн бартæ кæй радга, уый тыххæй.

4 Бакуывтой сырдæн дæр æмæ дзырдтой: «Ацы сырдæн æмбал нæй, кæй бон бауыдзæн йемæ тохы бацæуын!»

5 Сырдæн лæвæрд æрцыд æвзаг схъæл ныхæстæ кæнынæн æмæ Хуыцауы фауынæн, лæвæрд ын æрцыди дыууæ æмæ дыууиссæдз мæйы дæргъы æлдариуæгады бар.

6 Сырд байгом кодта йæ дзых Хуыцауы бафауынмæ, фаудта Йын Йæ ном, Йæ цæрæн бынат æмæ уæларвон цæрджыты.

7 Лæвæрд ын уыди сыгъдæджытимæ схæцыны æмæ уыдоны басæттыны тых. Ноджы ма йын лæвæрд æрцыд алы мыггаг æмæ адæмыл, алы æвзаг æмæ адæмыхаттыл æлдариуæг кæныны бар.

8 Æмæ йæм кувдзысты, дуне сфæлдисыны размæ нывондæн нысангонд Чи уыди, уыцы Уæрыкмæ царды чиныджы сæ нæмттæ фыст кæмæн не сты, уыцы зæххон цæрджытæ иууылдæр.

9 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд.

10 Уацары цæугæ кæмæн у, уый ацæудзæн уацары. Цирхъæй амæлгæ кæмæн у, уый амæлдзæн цирхъæй. Уый афтæ амоны: сыгъдæджытæ фæразон æмæ иузæрдион хъуамæ уой.

Дыккаг сырд рацыд зæххæй

11 Æз федтон æндæр сырды зæххæй рацæйцæугæ. Уыдис ын уæрыччы сыкъаты хуызæн дыууæ сыкъайы æмæ дзырдта залиаг калмау.

12 Фыццаг сырды раз уый архайы, фыццаг сырдмæ цы бартæ ис, ахæм бартæй, æмæ æппæт зæххон цæрджыты кувын кæны, йæ мæлæтдзаг цæф кæмæн байгас, уыцы сырдмæ.

13 Æвдисы ахæм диссæгтæ, æмæ адæмы цæсты раз арвæй зæхмæ æруадзы арт.

14 Фыццаг сырды раз ын цы диссæгтæ æвдисыны бар лæвæрд æрцыд, уыдонæй фæливы зæххон цæрджыты, дзуры сын, цæмæй цирхъæй цæф чи уыд æмæ ныр удæгас чи у, уыцы сырды кадæн саразой йæ сурæт.

15 Æмæ йын лæвæрд уыди фыццаг сырды сурæты цард бауадзыны тых, сырды сурæт дзыхæй куыд сдзура æмæ йæм чи нæ кувы, уыдоны иууылдæр куыд марын кæна, афтæ.

16 Дыккаг сырд домдзæн, цæмæй алкæмæн дæр — хуымæтæг адæм æмæ номдзыдтæн, хъæздгуытæ æмæ мæгуыртæн, сæрибартæ æмæ цагъартæн — йæ рахиз къухыл кæнæ тæрныхыл æвæрд æрцæуа нысан.

17 Уыцы нысан у сырды ном кæнæ сырды ном æвдисæг нымæц. Уый кæуыл уа, уыдоны йеддæмæ нæдæр æлхæныны, нæдæр уæй кæныны бар никæмæн уыдзæн.

18 Ам уæлзонд хъæуы. Зонд кæмæ ис, уый раиртасæд сырды нымæц, уымæн æмæ уый æвдисы адæймаджы ном. Уыцы нымæц у æхсæзсæдæ æхсай æхсæз.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.