Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 12-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Сылгоймаг æмæ залиаг калм

1 Æмæ арвыл фæзынди стыр æвдисæйнаг: йæ дарæс хурæй кæмæн уыд, ахæм сылгоймаг. Йæ къæхты бын — мæй, йæ сæрыл кадыхуд дыууадæс стъалыйæ.

2 Уый уыди сывæрджын, æмæ хъæр кодта фыррыстæй, уымæн æмæ ралæууыдысты йæ арыны хъизæмæрттæ.

3 Арвыл фæзынд æндæр æвдисæйнаг дæр: æртхуыз стыр залиаг калм авд сæримæ æмæ дæс сыкъаимæ, йæ сæртыл авд кадыхудимæ.

4 Уый йæ къæдзилæй расæрфта стъалыты æртыццаг хай арвæй æмæ сæ æркалдта зæхмæ. Залиаг калм лæууыд арæг сылгоймаджы раз, куы ныййара, уæд ын йæ сывæллоны куыд бахæра, афтæ.

5 Сылгоймаг ныййардта, æппæт адæмты æфсæн лæдзæгæй чи здахдзæн, ахæм лæппу. Æмæ сывæллон ист æрцыд Хуыцаумæ, Хуыцауы бадæн кæм ис, уырдæм.

6 Сылгоймаг та алыгъд æдзæрæг бæстæмæ, Хуыцау ын бынат кæм æрцæттæ кодта, уырдæм, уым ын мин дыууæсæдæ æхсай боны куыд лæггад кæной, афтæ.

7 Æмæ уæларвы уыди хæст Михаил æмæ йæ зæдтæ хæцыдысты залиаг калмимæ, залиаг калм æмæ йæ зæдтæ дæр хæцыдысты,

8 Фæлæ баззадысты састы бынаты, æмæ сын уæларвы бынат нал уыд.

9 Æмæ стыр залиаг калм, хæйрæг æмæ сайтан кæй хонынц, æппæт дунейы чи сайы, уыцы рагон калм, æппæрст æрцыд йæ бынатæй. Йемæ йын зæхмæ раппæрстæуыд йæ зæдты дæр.

10 Æз фехъуыстон, уæларвы хъæрæй цы загъдæуыд, уый: «Ныр ралæууыд, нæ Хуыцау кæд ирвæзын кæны, уыцы рæстæг, Йæ тыхы æмæ паддзахиуæгады, Йæ Чырыстийы æлдариуæгады рæстæг, уымæн æмæ раппæрстæуыд не ’фсымæртыл цъыфкалæджы, æхсæвæй-бонæй сыл нæ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.

11 Уыдон ыл фæуæлахиз сты Уæрыччы тугæй, се ’вдисæнады дзырдæй, кастысты мæлæты цæстытæм, фæлæ сæ цард æвгъау нæ кодтой.

12 Уæдæ райут, уæлæрвтæ æмæ уæлæрвты цæрджытæ! Додой сæ сæр зæххæн æмæ денджызæн, уымæн æмæ уæм æрцыд хæйрæг мæстæлгъæдæй, рæстæг ын бирæ кæй нал баззад, уый зонгæйæ!»

13 Зæхмæ йæ кæй раппæрстæуыд, залиаг калм уый куы бамбæрста, уæд зилын райдыдта, лæппу кæмæн райгуырд, уыцы сылгоймаджы фæдыл.

14 Уæд сылгоймагæн лæвæрд æрцыд стыр цæргæсы дыууæ базыры, æдзæрæг бæстæйы йын цы бынат уыди, уырдæм калмæй бамбæхсыны тыххæй атæхынæн, æмæ йын уым лæггад кæной рæстæджы, рæстæджыты æмæ рæстæджы æмбисы дæргъы3.

15 Сылгоймаджы фæдыл калм йæ комæй рауагъта цæугæдон, куыд æй аласа, афтæ.

16 Фæлæ зæхх баххуыс кодта сылгоймагæн — байтыгъта йæ ком æмæ аныхъуырдта, залиаг калм йæ дзыхæйцыцæугæдон рауагъта, уый.

17 Залиаг калм смæсты сылгоймагмæ æмæ ацыди, Хуыцауы фæдзæхстытæм гæсгæ чи цæры æмæ Йесойæн æвдисæн чи лæууы, сылгоймаджы уыцы иннæ цотимæ схæцынмæ.

3 Ома, æртæ азы æмæ æрдæг.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.