Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

«Хæлуарæджы тын йæхи афтæ фæдары, цыма æртæхтæ ахсы, æцæгæй та бындзытæ ахсы». // Тагоры хъуыдытæй

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 2 июль

Æфсинæн

***

Фых халсартæн бирæ дарæн нæй, цы доны сфыхтысты, уым, уымæй свæййынц донджын æмæ кæнынц æнаддæр. Æрмæстдæр хуызджын къабускайæн ис адарæн иуцасдæр йæ доны, иннæты æвæстиатæй хъæуы сисын.

***

Хом къабуска сурвых кæнын никуы хъæуы. Афтæмæй кæны хус æмæ æнад, уымæ гæсгæ йæ раздæр сфыцынц, стæй йæ тæбæгъы нывæрынц.

***

Фыцгæйæ цы халсартæ асудзай, уыдон æндæр агмæ исгæйæ айзæрын хъæуы сæкæрæй дыууæ уидыджы хъаймагъ æм бафтаугæйæ.

***

Хъæдындз куы лыг кæнай, уæд кард хъæуы атулын уазал доны. Афтæмæй хъæдындз цæстытæ нæ дудын кæндзæн, æмæ цæстысыггæ нæ кæлдзысты.

***

Салд хъæдындз стайын кæнын ма бауадз, афтæмæй йæ æртæ сахаты уазал доны фæдар æмæ суыдзæн ног тынды хуызæн.

***

Хæрыны кæрдæджытæ (басгæрдæг, хъонтхора) цæмæй ногæй фылдæр фæлæууой, уый тыххæй сæ æнæхсадæй сæвæр авгæй банкæйы, йæ сæр ын сæхгæн полиэтилены æмбæрзæнæй æмæ йæ уазалгæнæны бинаг тæрхæгыл сæвæр.

***

Кæрдæджытæ фæногдæр кæнынæн пайда у иу сахат сæ уазал доны фæдарын, иу уидыг сæм дзымари (уксус) бафтаугæйæ.

***

Кæрдæджытæ æмæ халсартæн сæ хуыз нæ сæфы, цы доны фыцынц, уырдæм содæ куы бафтауай, уæд (халсарты иу килæйыл цайцымæн уидыджы æмбис).

***

Цæхджын къабуска æгæр цæхджын куы уа, уæд æй æнхъæвзын хъæуы æрмæстдæр уазал донæй; Фыцгæ æмæ тæвд дон туагадимæ райсынц бирæ хъæугæ буаргъæдтæ.

***

Цæхджынты хъуына куы фæзына, уæд сæ дзæбæх æрæмбырд кæн, мигæнæны къултæ ныссæрф сыгъдæг хисæрфæнæй, цæхх æм иучысыл бафтау æмæ сæ 4–5 боны дæргъы цалдæр хатты сызмæнт.

***

Дзидза куы фыцай, уæд ыл цæхх уыцы-иу конд ма ныккæн — уайтагъд рахъары йæ сой, уымæй февзæрдæр вæййы йæ ад, стæй афтæ ахадгæдæр нал вæййы.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.