Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Журнал «Мах дуг», 2008, №8

Хъодзаты Æхсар

НÆ ХУЫЗДÆР

Мысинæгтæ Абайты Вассойы тыххæй

[Цыбыртæгондæй]

Стыр лæгæн дыууæ зæрдæйы ис —
иу йæ туджы мæцы,
иннæ та гæнахау æнæсæттон у.

Д. Джебран

Цæгат Ирыстоны педагогон институты историон-филологон факультетмæ бацыдтæн 1956 азы. Уыцы аз 16–19 октябры Дзæуджыхъæуы Советты хæдзары уыди зонадон конференци Нарты эпосы фæдыл. Нæ курсæн дæр бар радтой уырдæм бацæуынæн. «Дзыхъхъынног» студенттæ кæй уыдыстæм, уымæ гæсгæ уæлдай цымыдисдæрæй хъуыстам докладтæм æмæ прениты дзурджытæм. Докладтæ скодтой В.И. Чичеров, Абайты Вассо[1], Е.М. Мелетинский, Калоты Георги, Ш.Д. Инал-Ипа, Ардасенты Хадзыбатыр, Л.П. Семенов æмæ Калоты Барис. Вассо йæ доклады критикæ кодта, фольклор иртасыны хъуыддаджы абаргæ-историон мадзалы ныхмæ чи дзырдта, вульгарон социологизмы уацары чи бахауд, уыцы ахуыргæндты. Мæ иу уацы, дам, æз равдыстон, кавказæгты адæмон сфæлдыстад æмæ Илиадæйы цы æнгæс мотивтæ ис, уыдон. Уый тыххæй, дам, мæ иу дзырддзæугæ фольклорист стыр уайдзæфты бын фæкодта, æз, дам, уацæн суанг йæ номы ныхмæ дæр дæн. «Потому, оказывается, — дзырдта Вассо, — что Илиада есть целиком создание греческого народного гения и греческой истории. «Я, конечно, — загъта дарддæр Вассо, — очень признателен за ценное указание, что Илиада есть греческое произведение. Но не могу согласиться с тем, что в силу этого Илиада становится табу, т.е. неприкосновенной для сравнительно-исторического изучения. Став на этот путь, можно дойти до абсурда. Окажется, например, что и греческий язык нельзя сравнивать ни с каким другим языком, так как он — греческий и т. д.»

Йæ хъуыды раст кæй у, уый равдисыны тыххæй ма Вассо Гётейы ныхæстæ дæр радзырдта:

Чтоб в бесконечность путь найти верней,
И различать, и сравнивать умей.

Фольклорон уацмыстæ ахуыр кæныны хъуыддаджы дыккаг стыр къуылымпыйыл Вассо банымадта «преувеличенно-восторженное отношение к некоторым из этих памятников». Юбилейты рæстæг, дам, арæх уæлæрвтæм сисынц фольклорон хæзнатæ, стæй æппæлойты монцтæ куы ’руазал вæййынц, уæд рабæрæг вæййы, уыцы хæзнаты, нæ идеологийы цæстæй кæсгæйæ, бирæ цаутимæ сразы уæвæн кæй нæй. «Даже внутри одного и того же памятника, — дзырдта Вассо, — главные усилия были направлены на то, чтобы расчленить его на те же прогрессивные и реакционные элементы. Скажем, кровная месть — это нехорошо? Нехорошо. Значит, сказание о том, как Батрадз мстил за кровь отца — реакционное сказание. Своевременно будет заявить, что такое деление фольклорных памятников на прогрессивные и регрессивные имеет мало общего с наукой. Нельзя подходить к явлениям, имеющим многовековую историю, с точки зрения современных стихов «Что такое хорошо, а что такое плохо».

Конференцийы фыццаг бон изæрæй кадæггæнджытæ Цопанаты Арсæмæг, Гуыриаты Вано æмæ Къарджиаты Батджери, хъисын фæндыртæй цæгъдгæйæ, ракодтой цалдæр нæртон кадæджы.

***

Уый уыдаид 1965 кæнæ 1966 азы. Уæд куыстон Цæгат Ирыстоны радиойы. Загътой мын: Абайты Вассо ис Дзæуджыхъæуы. Æнхъæлдæн, Цхинвалæй æрбацыд, уым цыма Царциатимæ баст цавæрдæр зонадон экспедицийы архайдта. Фысымуат «Кавказ»-мæ йæм бацыдтæн — фæндыди мæ, йæ балцы тыххæй цалдæр ныхасы куы зæгъид, уый. Вассо афтæ, фарстытæ, дам, ныффысс, æмæ сын дзуапп ратдзынæн. Фæстæмæ радиокомитетмæ бацыдтæн, æртæ фарсты бацæттæ кодтон æмæ та æд репортер фысымуаты балæууыдтæн. Вассо сæ бакасти, стæй гæххæттыл цыбыр дзуаппытæ ныффыста. Уæдмæ æз мæ репортер сифтыгътон. Уыцы изæр йæ хъæлæс айхъуысти хабæрттимæ. Пленкæ фонотекæмæ радтон. Иу-дыууæ азы размæ ма йæ мæ курдиатмæ гæсгæ радиойы кусæг Газайты Зойæ фæцагуырдта, фæлæ никæцæйуал разынди.

Вассо мады гуыбынæй рахæсгæ стыр курдиаты хицау кæй уыди, тынг бирæ кæй зыдта, дæрдтыл кæй хъуыды кодта, уый мæ уæлдай тынгдæр бауырныдта 1966 азы. Уæд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институтты фæндæй Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыди зонадон сесси (6–8 октябры). Ныхас дзы цыд ирон адæмы равзæрды фарстатыл. Сессимæ æрбацыдысты историктæ, археологтæ, филологтæ, этнографтæ, антропологтæ Мæскуыйæ, Ленинградæй, Цхинвалæй, Тбилисæй, Одессæйæ, Ростовæй, Стъараполæй, Налцыккæй, Грознайæ, Махачкалайæ, Черкесскæй, Сухумæй, Элистайæ, Кишиневæй. Уыдысты дзы нæ республикæйы аивадон æмæ зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, студенттæ æмæ а.д.

Сесси цыбыр разныхасæй байгом кодта Вассо, стæй скодта доклад, «Этногенез осетин по данным языка», зæгъгæ, ахæм темæйыл. Уыди ма дзы ноджы æхсæз доклады, сæ автортæ — Е. Крупнов, В. Кузнецов, Гаглойты Юри, Калоты Барис, М. Абдушелишвили, В. Алексеев.

Бæлвырд фактты бындурыл æнцайгæйæ Вассо равдыста, В. Кузнецовы чиныг «Аланские племена Северного Кавказа» æмæ Е. Крупновы «Древняя история Северного Кавказа»-йы сæйраг хъуыдытæ мæнг кæй сты, уый. Кузнецовы теоримæ гæсгæ термин «алан» хицæн адæммæ нæ хауди, фæлæ бирæ адæмыхæттытæм. «Я не мог не обратить внимание автора, что такое изложение истории вопроса находится в вопиющем противоречии с действительностью, — дзырдта Вассо. — А между тем ничто не мешает изложить историю вопроса правдиво и объективно. Ведь история вопроса не скрыта где-то в тайниках недоступных архивов. Она зафиксирована в доступных каждому источниках и не оставляет места для каких-либо кривотолков и искажений». Æмæ профессор нымайын байдыдта, суанг рагзамантæй фæстæмæ историйы цы бирæ æвдисæнтæ баззад, уыдон. Уый фæстæ нын гуырысхойаг нал уыд, алантæ бæлвырд адæмы ном кæй хастой æмæ ирæтты фыдæлтæ кæй уыдысты, уый.

Раст æмæ принципиалон аргъ скодта Вассо Е. Крупновы чиныгæн дæр. Ацы ахуыргонд афтæ нымадта: Кавказы адæмтæ кæрæдзийæ ницæмæй хицæн кæнынц, сæ истори, сæ уидæгтæ иу сты. Ома, ирæттæ (кæнæ кæсæг, кæнæ лезгинтæ, кæнæ абхазтæ — уæлдай нæу), уæхи цæсгом уын нæй æмæ уæ рагзамантæ, уæ равзæрды хабæрттæ дæр ферох кæнут, ницæмæн уæ хъæуынц. Ахæм теорийæн зонады ис сæрмагонд ном: вульгарон социологизм. Вассойы доклады уыцы термин нæ уыди, фæлæ автор уæзданæй, хиуылхæцгæйæ, бæлвырд æмæ ахадгæ аргументты æххуысæй авторæн бамбарын кодта, йæ хатдзæгтæ зонадмæ кæй ницы бар дарынц, уый. «Е.И. Крупнов считает нартовский эпос порождением некой не дифференцированной древнекавказской среды, когда она не дробилась на отдельные народности, — дзырдта Вассо. — Но существование такой среды, как мы только что отметили, крайне сомнительно. Ядром осетинских версий, как с полной убедительностью показали Вс. Миллер и Дюмезиль, являются древние аланские и скифские мифы и предания. После исследований этих ученых уже не возникает сомнений, что аланы пришли на Кавказ не только со своим языком, но и со своим эпосом». Дарддæр Вассо Крупновæн йæ цæстмæ бадардта, йæхæдæг йæхи ныхмæ кæй цæуы, йæ чиныджы, дам, иудадзыг дзуры «о миграции, о продвижении скифов на Кавказ и о частичном оседании их в ряде мест», «об ассимиляции коренного кавказского населения ираноязычными племенами». Дыууиссæдз азмæ æввахс рацыд, Абайты Вассо сессийы ацы ныхæстæ куы кодта, уæдæй нырмæ, фæлæ сæ абон дæр Васоимæ æрымысæм (Малиты Васойæ зæгъын, форумы иумæ уыдыстæм). Нæ зæрдыл уæлдай тынгдæр бадардтам йæ доклады мæнæ ацы бынат: «Но если имело место оседание и ассимиляция, то как же можно говорить, что иранцы дали аборигенам только язык? Ведь нельзя же представлять дело так, что скифо-сарматы явились на Кавказ, открыли краткосрочные курсы по обучению местного населения иранской речи, а затем исчезли?»

Малиты Васоимæ нæ дисы бафтыдта Абайты профессоры кæронбæттæн ныхас дæр, уæлдайдæр, антропологты тыххæй цы загъта, уый. Фаг æрмæг, дам, сæм нæ разынди не ’мбырды. «Между антропологическими данными, с одной стороны, и всеми данными, с другой, оказывается полный разрыв, — дзырдта Вассо. — Может быть, такая картина объясняется тем, что не во всей полноте привлечен антропологический материал. Он представлен нам в горизонтальном разрезе, но есть еще и диахронический разрез... Кроме того, мне кажется, больше внимания следовало уделить старым антропологическим работам об осетинах. Они совершенно игнорировались. В одном из докладов есть тезис: Антропологическое изучение осетин началось в конце прошлого века. Однако старые работы не совершенны в методологическом отношении и содержащиеся в них материалы не могут быть использованы в настоящее время. Такая формулировка настораживает. Если методика, которая применялась 50 лет тому назад, сейчас не пригодна, то какая гарантия, что нынешняя методика не окажется тоже негодной через 50 лет, а работы нынешних антропологов, в том числе и „кавкасионская“ теория, не будут признаны научным браком».

Чи зоны, æгæр стыр цитатæтæ райстон Вассойы докладæй æмæ йæ фæсныхасæй, фæлæ мын уымæн ис æфсон: йе стыр интеллект, йæ арф зонадон аргументаци, йæ ныхасыуаг, йæ нывæфтыд æвзаг (æнæнхъæлæджы абарстытæ, зæгъæн ис, хæрзаив поэтикон фæлгонцтæ) мæ зæрдæйы арф фæд ныууагътой æмæ мын æнцой нал фæдæттынц.

***

Ирон фысджытимæ Вассо фембæлди цалдæр хатты, растдæр зæгъгæйæ та, Дзæуджыхъæумæ-иу куы ссыд æмæ-иу æй нæ Цæдис куы хуыдта, уæд æнæрбацæугæ никуы фæцис — æхсызгон ын уыди немæ ныхас кæнын.

Уæлдай тынгдæр мæ зæрдыл лæууы 1976 азы 2 сентябры фембæлд. Мæ блокноты дæр цыдæр фыстытæ ссардтон уый фæдыл. Æмбырды канд фысджытæ нæ уыдысты, фæлæ æддагон адæм дæр. Вассомæ радтой иу 20 фарсты. Йæ дзуаппытæй мæхимæ фæнысан кодтон æрмæст сæйрагдæртæ.

1. Уæддæр Нарты кадджытæ кæцы адæмы сты, чи у се сфæлдисæг, зæгъгæ, уыцы фарстæн Вассо ахæм дзуапп радта: «Ацы азы кæрон Мæскуыйы уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй рацæудзæни Жорж Дюмезилы чиныг нæртон эпосы тыххæй. Дюмезиль тынг хъæддыхæй зæгъы, стæй иу хатт нæ, фæлæ бирæ хæттыты, Нарты кадджытæ ирон адæм кæй сфæлдыстой, уый. Францаг ахуыргондæн ирæттæ ницы бавæййынц, хъулон уарзтæй сæ нæ уарзы, мыййаг, фæлæ рæстзæрдæ лæг у æмæ объективон хатдзæгтæ кæны йæ куыстыты. Æз мæхæдæг афтæ нымайын: эпос у, цы адæммæ ис, уыдоны. Ирон эпос у ирон адæмы, кæсгон эпос — кæсæджы, абхазаг эпос — абхазты æмæ а.д. Фæлæ кадджытæн сæ бындур у ирон, алайнаг эпикон цикл».

Фæстæдæр Вассойы тыххæй нæ телеуынæн сарæзта документалон киноныв (кæнæ хуымæтæджы равдыст — бæлвырд æй нæ зонын). Æмæ мын сæ иу кусæг ахæм хабар ракодта. Вассо, дам, нæртон эпосы тыххæй цы загъта, уымæн телеуынæны уæды разамонæг йæ дыккаг хай ралыг кæнын кодта, æмæ эпос сыгъдæг интернационалонæй, ома большевикты чи хъуыд, ахæмæй агæпп ласта. Иу дзырдæй, зонад та æд рæстдзинад таппызарты хай бауæд! Ацы хабары тыххæй мæ блокноты разынди дыууæ фысты.

 «1984.29.09. 28 сентябры хъуамæ уыдаид телевизион равдыст — Абайты Вассоимæ интервью. М.Э. мын куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ эфирмæ нæ рауагътой, кæд программæйы уыди, уæддæр. Цæуылнæ? Нарты кадджытæн сæ ратæдзæн Иры рагзамантæй цæуы, зæгъгæ, кæй загъта Вассо йæ интервьюйы, уый тыххæй. Ома, дам, ахæм ныхас адæмты хæлардзинадæн исты зиан куы ракæна. Цæвиттон, адæмты хæлардзинадыл къæм дæр ма абадæд, фæлтау зонад хæрзбын бауæд! Æниу ацы карлик хицæутты хæлардзинады мæт дæр нæй, сæ сы..ты бынæй сын сæ хъарм бадæнтæ куы арæдувой, уымæй тæрсынц.

1985.10.01. Телеуынæнæй Абайты Вассойы интервью равдыстой. Гъе фæлæ мын М.Э. куыд радзырдта, афтæмæй Б-ы уынаффæмæ гæсгæ интервью ныкъкъаппа-къуппа кодтой. Зæгъæм, Нарты эпосы равзæрды тыххæй Вассойы рагон тезис ахæм у: эпос принадлежит тому народу, среди которого он бытует. Однако ядром эпоса послужил древний аланский эпический цикл, восходящий к скифской эпохе VII—IV вв. до нашей эры. Телеуынæны куырыхон хицæуттæ бавдæлдысты æмæ ацы тезисы дыккаг хай («Однако ядром эпоса послужил...») адзæнгæл ластой. Цы дзы рауад, уый уæхæдæг уынут: эпос алкæй дæр у, стæй иуы дæр нæу, ома у дзæгъæлзад. Цæстфæлдахджыты къухæй æнæхайыры интернационализмы сæрвæлтау нывондæн хастæуы Вассойы гени! Æвирхъау фыдгæнджытæн «ма кæ» зæгъæг нæй. Æниу цæй «ма кæ»-йы койтæ кæнын — уæлдæр хицæуттæ сын сæхæдæг куы амонынц, « афтæ кæнут», зæгъгæ!

Фæлæ раздæхæм, Вассо фысджытимæ фембæлды рæстæг цы фарстатыл дзырдта, уыдонмæ.

2. Ирон æвзаг ассимиляцийы ’рдæм иннæ ’взæгтæй тынгдæр здæхт цæмæн у?

«Ирон æвзаг, мæнмæ гæсгæ, иннæ ’взæгтæй тынгдæр здæхт нæу ассимиляцийы ’рдæм. Не ’взаг цæмæй фылдæр фæцæра, уый фыццаджы-фыццаг нæхицæй аразгæ у. Нæ сывæллæттæй бирæтæ иронау кæй нæ зонынц, уый кæй аххос у? Ныййарджыты. Бинонты ’хсæн нæ кæстæртæ хъуамæ мадæлон æвзагыл дзурой. Уыимæ уырыссаг зонын дæр нæ хæс у. Нæ хъысмæт ахæм рауад æмæ дзы ирвæзæн нæй».

3. Нарты кадджыты нæмтты тыххæй.

«Кадджыты нæмтты уидæгтæ иртасгæйæ хихъæппæрисадон мадзæлттæй пайда кæнын æрмæстдæр зиан хæссы. Эпосы ис æртæ фæлтæры. Фыццаг у ирайнаг. Дыккаг — тюркаг-мангойлаг. Æртыккаг та — кавказаг. Зæгъæм, ном Сослан хауы тюркаг фæлтæрмæ — ногъайагау «суслан» амоны къæйных, тызмæг».

4. Ныхас рауади Е.И. Крупновы куыстыты фæдыл. Ацы ахуыргонды чиныг «Древняя история Северного Кавказа»-йы тыххæй Вассо йæ хъуыдытæ загъта, 1966 азы Дзæуджыхъæуы ирон адæмы равзæрды фæдыл наукон сессийы: «Историю Северного Кавказа он (Крупнов. — ХЪ.Æ.) строит не как историю конкретных племен и племенных групп, а как историю археологических комплексов... Этническое многообразие древнего населения Северного Кавказа вообще отрицается: «...горцы Северного Кавказа представляли собой этническое и культурное целое, а не дробились на отдельные народности» (стр. 372). Говоря об участии киммерийцев, скифов и сарматов в древних судьбах Северного Кавказа, автор в противоречии со сказанным утверждает, что население Северного Кавказа «было этнически однородной средой» (стр. 393). Наукон сессийы Вассо Крупновæн йæ зæрдыл æрлæууын кодта Миллер æмæ Страбоны ныхæстæ — «...если в настоящее время языки и народы в нем (Кавказе) считаются десятками, то в глубокой древности их было еще больше» (Миллер), «сюда (в Диоскурию) сходятся, говорят, 70 народностей... Все они говорят на разных языках» (Страбон). Фысджытимæ фембæлды рæстæг йæ хъуыды ноджы карздæрæй загъта: «В таких теориях (ома Крупновы хатдзæгты), как на размытой фотографии, невозможно отличить одно лицо от другого. Все это никакого отношения не имеет к науке».

5. Фарст æм радтой орфографи æмæ алфавиты тыххæй. Вассо загъта: «Наш алфавит нельзя считать совершенным. Вопрос нужно поставить во всекавказском масштабе, ибо одни и те же звуки во многих кавказских языках должны обозначаться одинаково... А орфографию необходимо усовершенствовать и утвердить раз и навсегда».

6. Ирон уæвгæйæ уырыссагау чи фыссы, уыдон ирон литературæйæн исты бавæййынц?

Ацы фарстæн Вассо радта цыбыр дзуапп: «Произведения Езетхан Уруймаговой, Хаджи-Мурата Мугуева и других — факты осетинской реальной жизни, культуры, но не относятся к осетинской литературе... Йæ „Ирон литературæйы истори“-йы Джусойты Нафи Къостайы „Дуня“-йы кой кæны иу дыууадæс фарсыл, Гуырдзыбеты Бласкайы «Æдули»-йы тыххæй та æрмæст цалдæр цыбыр абзацы ныффыста. Афтæмæй „Дуня“ ирон литературæмæ ницы бар дары, „Æдули“ та нæ дзырдаивады ахсджиагдæр хæзнатæй иу у».

7. Малиты Васо йе ’мномы бафарста, Снорри Стурлусоны чиныг «Круг земной»-йы тыххæй (издательство «Наука», 1980), цы цæстæй, дам, æм кæсыс. Уазæг ын дзуапп радта, скандинаваг адæмыхæттытæн, дам, скифтæ æмæ сæрмæттимæ æцæг уыди бастдзинæдтæ. Зынгæ норвегиаг иранист Георг Моргенштерн, дам, йæ иу уацы ракодта, æртындæсæм æнусы чи цард, ахæм фыссæг Сноррийы кой. Уыцы фыссæг, дам, зæгъы, скандинаваг хуыцау Один æмæ иннæ бардуæгтæ цæгатмæ сæфтыдысты «Асты Бæстæйæ». Астæ та сты сæрмæттаг адæмыхатт.

Вассо кæронбæттæны цы ныхас ракодта, уый æнæхъæнæй ныффыстон мæ блокноты:

«Пока человек жив, многие из окружающих проявляют интерес и к таким примерно вопросам: какие у человека звания, титулы, какой пост занимает, сколько зарабатывает, какая у него квартира. Когда же человек умирает, вся эта бутафория довольно быстро забывается. Остаются только две вещи: во-первых, что дал этот человек обществу, во-вторых, какой светлый след оставил в сердцах тех, кто его знал лично, какой в их памяти его человеческий образ. Это не менее важно, чем его творческие достижения. Короче говоря, творческий труд и человеческий образ — вот что оставляет человек в наследие людям. Все остальное — тлен и прах. Кому теперь интересно знать, какая была квартира у Аристотеля, или какие должности занимал Менделеев, или какие титулы и звания были у Эйнштейна? Как было бы замечательно, если бы человек ориентировался только на ту оценку, которая ждет его после смерти, а не на ту, часто ложную, обманчивую, искаженную конъюнктурными моментами и внешней видимостью оценку, которую он имеет при жизни. Сколько он сэкономил бы времени, сил, которые безрассудно приносил на алтарь своего тщеславия и карьеры и которые он мог бы употребить на какое-нибудь общественное полезное дело. Оглядываясь на свою пройденную жизнь, скажу: не припомню случая, когда бы я палец о палец ударил для получения какой-либо должности, титула, степени. Я всегда жил и работал без суеты. Очень важно жить без суеты. Суета изнашивает людей. Считаю, что даже многие физические недуги происходят от суеты. Высший смысл жизни — это преображение отношений между людьми. Хотелось бы, чтобы вы, писатели, служили этому духовному воспитанию людей, чтобы ваши произведения делали людей добрее. Если вам это удастся — значит вы выполнили свой долг перед обществом».

***

Абайты фарны лæгимæ фембæлын, аныхас кæнын мын кæддæриддæр стыр бæрæгбонау уыд. Йæ аурæ-иу адæймаджы сифтонг кодта цæрыны ныфсæй, бауагъта-иу дзы цыдæр сусæг тых. Мæ хъуыдытæ-иу сæхигъдауæй раивылдысты æмæ йæм-иу сæ арвыстон. Мæнæ ацы фыстæг дæр афтæ райгуырди.

29/Х — 1976

Нæ зынаргъ хистæр, нæ ныфсы мæсыг, буц æмæ сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы Вассо! (Хатыр курæг дæн, ном æмæ фыды номæй дæм кæй нæ дзурын, уый тыххæй — ирон лæгæн цыма йе ’взаг нæ тасы цыфæнды хистæрмæ дæр афтæ бадзурын).

Нырма мæ хъусты азæлынц дæ зæрдæбын ныхæстæ. Дæ рухс цæсгом, дæ сыгъдæг цæстæнгас ис мæ разы. Никуы мæ ферох уыдзысты, фысджытимæ фембæлгæйæ цы ныхæстæ загътай, уыдон (ныффыстон сæ, куыд сæ бахъуыды кодтон, афтæмæй): «Пока человек жив, многие из окружающих проявляют интерес к таким вопросам, какие у человека звания, титулы, какой пост заннмает, сколько зарабатывает, какая у него квартира. Когда же человек умирает — вся эта бутафория забывается. Остаются две вещи: 1. Что дал человек обществу, какой светлый след оставил в сердцах людей, тех, кто его знал; 2. Какой в их памяти его человеческий образ (это не менее важно, чем его творческие дела). Творческий труд и человеческий образ — вот что оставляет человек после себя обществу. Все остальное — тлен, прах. Как было бы замечательно, если бы человек ориентировался на ту оценку, которую он получит после смерти».

Ацы хъуыдытæ дын цæргæ-цæрæнбонты тырысайау кæй уыдысты, ууыл гуырысхо никуы кодтон (уый бæрæг у, ацал-ауал азы дæ чысыл фыдыбæстæн галау уæзæгæй, каркау ныхбынæй кæй фæкуыстай, уымæй). Фæлæ сæ уæддæр дæхицæй кæй фехъуыстам, уый нын уæлдай æхсызгон уыди.

Козбау ныхасмæ мын æй ма бамбар, фæлæ демæ иу рæстæджы цæрынæй дæр сæрыстыр æмæ бузныг уæвæн и, стыр ныфсы хос у уый дæр хæрам тыхтимæ тохы.

Зынаргъ Вассо! Мæ даргъ æмæ æдзæлгъæд фыстытæй дæ фæлмæцын кæнон, уый мæ нæ фæнды. Зонын æй — рæстæг дын зынаргъ у. Æрвитын дын мæнæ дыууæ лæппуйы чингуытæ. Сæ дыууæйы фыстытæ дæр мыхуырмæ мæхæдæг бацæттæ кодтон. Уарзын сæ зæрдæйæ, афтæ мæм кæсы, цыма сæ дыууæ дæр ахадгæ æфтуан бакодтой нæ литературæйы фарнмæ. Калоты лæппу йæ фыстæджытæй иуы (чиныджы 116 фарсыл) фæрсы дæуæй дæр. Йæ поэтикон уацмыстимæ зонгæ кæй уыдзынæ, уый мын гуырысхойаг иæу, фæлæ йæ фыстæджытæ фыццаг хатт рацыдысты мыхуыры æмæ цымыдисаг сты.

Ноджы мæ нæ ферох, кæсæндоны венгриаг ясты тыххæй лекци куы бакастæ, уæд нын дæ лекцийы текст сæрвитынæй зæрдæ кæй бавæрдтай, уый дæр, æмæ дæ уый курæг дæн: нæ журналæн («Мах дуг»-æн) ма бавгъау кæн дæ уды фæллой. Стыр бузныг дæ уыдзыстæм.

Зæрдиаг саламтæ дæ бинойнаг Цхуырбианæн.

Уæ хæрзтæм бæллæг Æхсар Хъодзаты.

<...>

Дыууæ къуырийы фæстæ Вассойæ райстон дзуапп.

14/ХI — 76 Дорогой Ахсар!

Спасибо за доброе письмо и за книги. Вы делаете очень нужное дело, издавая произведения таких замечательных поэтов как Алихан и Хазби. С поэзией Хазби я был знаком раньше по сборнику «Хуры тын» (1956). Но в Вашем издании его образ выступает более полно и рельефно и покоряет своим обаянием. Сколько благородства и целомудрия в его письмах! Вот пример для молодежи! И так рано погиб...

Вы хорошо сказали в письме о борьбе с темными силами (хæрам тыхтимæ тох). По представлениям древних иранцев весь мировой процесс — это борьба между силами света и тьмы. И призвание человека состоит в том, чтобы своим активным участием в этой борьбе обеспечить конечную победу света над тьмой, добра над злом... Зæрдиаг салам!

Абайты В.

Р.S. Текст лекции о венгерских ясах надеюсь Вам послать в декабре (на русском языке).

Уыцы аз декабры нæ республикæ бæрæг кодта Нигеры райгуырды 80-азон юбилей. Кадджын изæр хъуамæ уыдаид Мæскуыйы дæр — Литераторты хæдзары. Уæд æз куыстон Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæгæй, æмæ мæ хицауад дæс боны æмгъуыдмæ арвыста столицæмæ — адæмы æмбырдмæ æрбахоныны тыххæй. Радтой мæм хуынды гæххæттытæ, стæй мæскуыйаг ирæтты номхыгъдтæ æд телефонтæ æмæ адристæ. Мæскуымæ ныххæццæ дæн фыццæгæм декабры. Фыццаджы-фыццаг хъуамæ бадзырдтаин Абайты Вассомæ æмæ дзы ракуырдтаин, цæмæй дыууæ ныхасы зæгъа Нигеры тыххæй. Æртыккæгæм декабры йæм Æфсæрæгты Барисимæ йæ хæдзармæ бадзырдтам телефонæй. Бамбарын ын кодтам хъуыддаг. Уый мын афтæ, Цæгат Ирыстоны Министрты Советæй, дам, мæм Узегаты Солтан дæр дзырдта, фæлæ йын æмбырды радзурынæй зæрдæ нæ бавæрдтон. Зын мын уыд ахæм дзуапп райсын, фæлæ йæм æрхатын мæ цæсгом нал бахъæцыд. «Уæд та дыл хуынды гæххæтт сæмбæлын кæнон. Тынг нæ фæнды, æмбырды куы уаис, уый», — загътон-ма йын фæстаджырдæм. «Хорз, — дзуапп радта уый. — Райсом дыууæ сахатæй цыппары онг мæ куысты уыдзынæн, æмæ-иу уырдæм æрбауайут». Бацамыдта нын адрис, стæй, куыд цæугæ у, уый.

Дыккаг бон дыууæ сахатыл Вассойы йæ куысты баййæфтам. Уæрæх уаты æртæ рæнхъæй стъолтæ æвæрд. Сæ уæлхъус бадынц æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ — Абайты профессоры ахуыргæнинæгтæ. Бахизæн дуары ракомкоммæ рæбынæй, йе ’ргом махырдæм, афтæмæй бадти рухсцæсгом урссæр лæг. Куы нæ ауыдта, уæд йе ’нгас ницанæбæрæг фендæрхуызон — æвæццæгæн, нæ æвиппайды нæ базыдта. Хæстæгдæр æм куы бацыдыстæм, уæд сыстади, бахудти, йæ кæнгæ урс дæндæгтæ фæзындысты. Уый уыди хиуылхæцгæ уæздан худт. Нæ къухтæ нын райста æнæ уæлдай цинтæ æмæ мæнг митæ. «Сбадут», — загъта уырыссагау æмæ нын бандæттæм ацамыдта. Æз дыууæ хуынды гæххæтты систон æмæ йæм сæ радтон. «Стыр бузныг», — загъта та уырыссагау Вассо. «Уæдæ нын æмбырды радзурынæй ницы зæрдæ æвæрыс?» — бафарстон æй лæгъстæхуызæй.

— Хъуыддаг афтæ у, — райдыдта Вассо барджын хъæлæсæй (дзырдта уырыссагау). Уаты бадджытæ йæм иууылдæр се ’ргом раздæхтой, æрыхъуыстой йæм. — Нигеры тыххæй ныртæккæ цытæ фыссынц æмæ йæ цы хуызæнæй æвдисынц, ахæм нæ уыд æцæгæй. Нигер уыди пессимист, йæ уацмыстæ — æрхæндæг æмæ уынгæгзæрдæ. Сталиныл зарджытæ кæй кодта, уый ууыл дзурæг нæу æмæ дзы буц уыди. Поэт фыста уырыссагау дæр. Нæ зонын, йе ’ртæ томмæ цæуылнæ бахаудтой, уый, фæлæ йæм цалдæр æмдзæвгæйы уыд уырыссагау дæр. Уыдоны иттæг хорз рабæрæг сты йæ мидуавæр, йæ хъизæмар, йæ риссæгтæ. Мæ зæрдыл дзы лæууы ахæм строфа:

Сквозь жизненный путь безучастно пронес
Я горечь и ярость невидимых слез...
Как раб, свою душу спалил я огнем
В угоду толпе пред чужим алтарем.

Ацы строфа куыддæриддæр у, афтæмæй нæ бахъуыды кодтон, Вассо йæ куы дзырдта, уæд дзы æрмæст хицæн фразæтæ ацахстон. Фæстæдæр æмдзæвгæ æнæхъæнæй бакастæн æмæ йæ рафыстон. Кæсгæ та йæ бакодтон Нигеры архивы, у машинкæйæ мыхуыргонд. Æмдзæвгæйы ном — «Исповедь». Цалдæр азы фæстæ, «крамолон» уацмыстæн рухсмæ фæндаг куы байгом, уæд æмдзæвгæйæн разныхас ныффыстон æмæ йæ рауагътон альманах «Литературная Осетия»-йы (1988 аз, №71).

Вассо Нигеры юбилейон изæрмæ не ’рбацыди. Цымæ цæуылнæ? Æз куыд бамбæрстон, афтæмæй йæ нæ фæндыди, поэты тыххæй цы мæнг ныхæстæ кæндзысты, уыдонмæ хъусын. Нигер сæдæгай, мингай фысджытау, аивады, зонады кусджытау уыди советон системæйы амæттаг. Кæд ЛАГСУ-йы (ГУЛАГ-ы) ахæстæтты æмæ лагерьты фыдæвзарæнтæ нæ федта (уæвгæ та уырдæм «замманай» кандидат уыди, дуар æм кæд æрбахойдзысты æмæ йæ кæд аласдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ йæ мидæггаг дарæс цæттæйæ дзæгъæлы нæ дардта), уæддæр сæрибар никуы федта, ахст цъиуау арвыста йæ царды бонтæ. Æмæ йæ зæрдæйы кæнонтæ цы уацмысты æвдисы, уыдон æцæг дæр дзаг сты æнкъард мотивтæй, системæйы лæггадгæнджытæ та дзы советон поэт арæзтой. Вассо уыдæттæ хорз æмбæрста, æмæ ныр поэты юбилейы уыцы лæггадгæнджыты мæнг ныхæстæм хъуса, уый йæ нæ фæндыди.

***

Зынаргъ Вассо!

Дæ уац дын райстон, стыр æхсызгонæй йæ бакастæн, раивтон æй ирон æвзагмæ, æмæ бацархайдзыстæм, цæмæй журналы радон номыртæй иуы рацæуа. Уац, мæнмæ гæсгæ, фыст у тынг зæрдæбынæй, хуымæтæг æмæ æлвæст. Къæдзыджы онг дзы алцы дæр йæ бынаты кæй ис, уый ма ноджы иу æвдисæн у де стыр культурæйæн, мах табу кæмæн кæнæм, уыцы æвæджиауы зонд æмæ фарнæн.

Æнæхъæн ахуырадон организацитæн ссæдзгай азты дæргъы сæ бон цы нæу (ацы ныхасæй сусæг азым хæссын нæ зонадон-иртасæг институтмæ), уый ды кæныс зыбыты иунæгæй, æмæ дын уыцы æгъуыстаджы сгуыхтдзинады тыххæй нæ сæртæй ныллæг кувæм. Хъуыды кæнын: куыд ницæйагæй, куыд дæлæмæдзыдæй разынынц, æвæдза, уыцы удуæлдай, сæрыстыр фыдæбоны цур, фондз æмæ ссæдз азы размæ дын дæ сыгъдæг ном, дæ намысыл цъыф бакалынмондаг чи уыд, уыцы хуыцауылгъыст пигмейтæ!

Бакастæн Дюмезилы чиныг дæр. Стыр арфæты аккаг у уыцы лæг. Ирыстон ын хъуамæ йæ удæгасæй кады цырт сæвæрид.

Вассойы уац «Венгриаг ясты тыххæй» рацыди 1977 азы «Мах дуджы» æхсæзæм номыры.

Чиныг рауадзыны хъуыддаджы де стыр фыдæбон дæр кæй ис, уый зонын. Цыма æнæ дæу чиныг уырыссагау рухс нæ федтаид, афтæ ’нхъæл дæн. «Курьер ЮНЕСКО»-йы хабæрттимæ дæр базонгæ дæн. Цыбыр дзырдæй, ацы уалдзæг мæ зæрдæмæ бирæ рухс æрбацыд, æмæ та мæ ныфс ис, ир хæрзсæфт кæй нæма сты, уымæй.

Æз дæр та мæнæ не ’дзард лæппутæй иуы бынтæ бамбырд кодтон æмæ дын сæ æрвитын.[2] Чиныгæн йæ гæххæтт хуыздæрхъуаг у, бæргæ, тох дæр ыл бирæ фæкодтон, фæлæ — дзæгъæлы: нæ «адæмон поэтæн» (Хъ. Г-æй зæгъын) æй ауæрдынц, æвæццæгæн.

Ныббар мын, кæстæр уæвгæйæ бирæ кæй фæдзырдтон, уый.

Зæрдиаг саламтæ зæгъ дæ бинойнагæн.

Дæ хæрзтæм бæллæг Æхсар

Р.S. Нигеры уырыссаг æмдзæвгæтæй дæр иу ссардтон. Айфыццаг мын дæ кусæнуаты иу строфа кæмæй радзырдтай, уый.

Æ. Хъодзаты 17/IV—77

***

Æвдайæм азты кæрон джиппы рауадзынмæ бацæттæ кодтон Илас Æрнигоны сфæлдыстадон бынтæ (поэзи, прозæ, драмон миниатюрæтæ, уац), «Æрымыс-иу мæн», зæгъгæ, ахæм номимæ. Чиныг рацыди 1979 азы, æмæ йæ Вассойæн арвыстон мæхи æмдзæвгæты æмбырдгонд «Удæвдз»-имæ. Цыбыр рæстæджы фæстæ райстон мæнæ ацы дзуапп.

14/VII-80

Стыр бузныг, Æхсар, дæ фыстæг æмæ дæ лæвæрттæй!

Хорз хъуыддаг бакодтай Æрнигоны фæллæйттæ ногæй, рæстытæгондæй кæй рауагътай. Иры хъæбултæн сæ ахсджиагдæртæй иу уыд Газакк...

Дæ уацмыстæ кæсын сындæггай. Тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ «Коктебелы дуртæ»...

Дæ ном Æхсар у, æмæ дын Хуыцау бирæ æхсар æмæ ныфс радтæд! Æнæниз у!

Абайты В.

Уыцы аз Вассо йæ бинойнаг Ксеняимæ ссыд Ирыстонмæ. 17 августы йæм Гусалты Витали телефонæй бадзырдта, демæ нæ фембæлын фæнды, кæд дын ахæм фадат ис, уæд, зæгъгæ. Уый сразы, æмæ йæм бацыдыстæм (йæ фатер Коцойты Арсены номыл уынджы, 79 хæдзары). Пехуымпары хуызæн лæг кæй у, уый та мæ ногæй бауырныдта. Дуар нын парахатæй байгом кодта æмæ нын рухсцæсгомæй афтæ: «Табуафси, рахизут».

Фæныхас кодтам сахат æмæ æрдæджы бæрц. Нæ дзырды сæр уыдысты, абон ноджы актуалондæр чи у, ахæм хъуыддæгтæ. Зæгъæм, æвзаджы проблемæ. «Фысджытæй бирæтæн сæ цот иронау нæ зонынц», — загъта Витали. Вассо йын йæ ныхас айста:

— Æрæджы базыдтон, Хъайтыхъты Георы æмæ Дарчиты Дауыты сывæллæттæ иронау кæй нæ кæсынц æмæ дзурынц, уый. Æмæ уæд кæмæн фыссынц Дауыт æмæ Геор? Сæ кæрæдзийæн? — Вассо мæсты худт бакодта, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Кæддæр Байаты Гаппо фыста, Гудзаретæй Мæздæджы быдыртæм æххæссы Ирыстон, зæгъгæ. Ныр нын уый дæр фаг нал у æмæ æппæлын байдыдтам: «Африкæйы Чады цадæй Темзæйы былгæрæттæм». (Ацы ныхас Вассойы зæрдыл æрлæууыд, уый хæдразмæ «Московский комсомолец» джиппы кæй рауагъта, уыцы уацмæ гæсгæ. Фæстæдæр æй рамыхуыр кодтой «Социалистическая Осетия» æмæ «Рæстдзинад»). — Æртæ газеты, — дзырдта дарддæр Вассо, — фæдис ныхъхъæр кодтой, нæ фыдæлтæ Англисы сæ фæд ныууагътой, зæгъгæ. Фæлтау мæнæ ам, дæхи къуымы, дæхимæ дзæбæхдæр æркæс — сæфтмæ куы цæуæм. Йæ сабиты иронау сахуыр кæнын йæ бон кæмæн нæу, уыдон кæнынц ахæм æнахъинон фыстытæ.

Дарддæр нæм ныхас рауади Брытъиаты Елбыздыхъойы тыххæй. Уыцы аз ын хъуамæ сбæрæг кодтаиккой йæ 100 азы юбилей. Фæлæ йыл социализмы дуджы цы фидиссаг нæмттæ февæрдтой, уыдæттæй нæма фервæзт, æмæ йын хицæуттæ цыдæр æнæбары изæр ацарæзтой. Уыцы кой æз райдыдтон, Витали та ма мын мæ ныхасмæ бафтыдта: «Большевик нæ уыд Елбыздыхъо, фæлæ...» Вассо йæ дарддæр дзурын нал бауагъта:

— Омæ хъуамæ адæм иууылдæр большевиктæ уой, æви?! Тынг хъыг ын уыд, Елбыздыхъойы мысæн изæр афтæ мæгуырау кæй рауад, уый. Чысыл паузæйы фæстæ йе ’ргом мæнырдæм раздæхта:

— Нигеры уацмысты чиныгæй дæ афæрсинаг уыдтæн, Æхсар. Уырыссагау цы æмдзæвгæ ныффыста, уый йæм цæуылнæ бахауд?

— Ницыхуызы йæ ауагътаиккой, уæвгæ та мæм ис уыцы æмдзæвгæ, — дзуапп ын радтон æз. — Ды мын дзы Мæскуыйы иу строфа куы радзырдтай... Фæстæдæр æй æнæхъæнæй ссардтон.

— Чи зоны, рауагътаиккой йæ, — загъта Вассо. — Ахæм æнкъард æмдзæвгæтæ йæ чиныджы ис.

Æз:

— «Иуæй иннæ бон уырыддæр...»

Вассо:

— О.

Æз:

— Уым индивидуалон æнкъарæнтæ ис, йæ уырыссаг æмдзæвгæйы та ма нацийы хъысмæт дæр æвдисы.

Вассо ницыуал загъта, паузæ скодта, стæй афтæ:

— Он вынужден был носить маску, а душа его сгорела под этой маской.

— Зондджын адæммæ хъусæг нæй, дзырды фарн фесæфти, Нигеры загъдау, «ам нæ зард бæсты нæ цыди», — загътон æз. — Кæддæр Секъайы тыххæй фыстай, йæ ном ын сæвæрын хъæуы Ирыстоны горæтты уынгтыл, скъолатыл, культурæйы кусæндæттыл. Уæдæй ардæм фынддæс азæй фылдæр рацыди, фæлæ дæм хъусæг нæ фæци — мисхалы бæрц дæр ницы сарæзтой нæ хицæуттæ...

— Секъайы номыл уынг нæй? — афарста Вассо.

— Нæй, — дзуапп радта Витали. — Цомахъы номыл ис.

Вассо йæ сæр банкъуыста, исдуг æнкъардæй абадти...

<>

Мæн базонын фæндыди, Вассо ирон орфографийы тыххæй цы хъуыды кæны, уый æмæ загътон:

— 1915 азы «Чырыстон цард»-ы фыстой, нæ орфографийы хъуыддæгтæ нывыл кæй не сты, уый тыххæй. Уæдæй ардæм нæ растфыссынады æгъдæутты прогресс нæма уыди.

— Прогресс нæ, фæлæ фæстæмæ акъахдзæф кодтам, — загъта Вассо. — Латинаг графикæ куы истам, уæд арæзт æрцыди къамистæ, биноныг куыстытæ фæкодтам, фæархайдтам, хуыздæр цæмæй уа, ууыл. Уырыссаг графикæмæ куы хызтыстæм, уæд та ахæмæй ницы уыд, алцы дæр талф-тулфæй кодтам, куырмæджы. Уымæ гæсгæ нæ орфографи у бындуронæй рацаразинаг. Канд махон нæ, фæлæ æгас Цæгат Кавказы орфографитæм дæр ногæй æркæсын хъæуы. Нæ сыхаг адæмтæм, зæгъæм, кæсæгмæ ис телыхъæды æнгæс нысæнттæ дæр...

Чысыл паузæйы фæстæ Вассо Виталийы афарста:

— Уыдтæ хос кæрдынмæ?

Витали:

— О. Вассо:

— Æмæ исты æркарстат?

— Чысыл цыдæртæ.

Вассо:

— Гимназ каст куы фæдæн (иу 18–20-аздзыд уыдаин), уæд Къобы хос кæрдынæй мæ разæй никæй уагътон. Æрмæст дзы иу лæг уыд, æмæ ууыл фæуæлахиз уæвынæн ницы мадзал ардтон. Машинæ дæр ма фæллайын зоны, уый та-иу цасфæнды куы фæкарста, уæд дæр ын æрлæууыны хъомыс нæ уыд.

Бирæ цæйдæрты тыххæй ма рауади не ’хсæн ныхас, се ’ппæт фæнысан кæнын мын нæ бантысти, фæлæ ма дзы мæнæ хицæн фрагменттæ.

— Къостайæн 120 азы юбилей кæнын нæ хъуыди, фæлæ 125, — загъта Вассо. — Алы фондз азы дæр ын куы кæнæм юбилей, уæд цас аив у?

— Уæддæр уадз æмæ исты чингуытæ, æрмæджытæ цæуа мыхуыры, — загъта Витали.

Вассо йемæ не сразы:

— Бæргæ, фæлæ, Къостайы сфæлдыстад арфдæр базонынæн ахъаз чи у, ахæмæй ницы фæзыны. Стæй иунæг Къостайы кой куы кæнæм, уæд уый нæ мæгуыры нысан у. Къостайы фарсмæ уыд æндæр разагъды лæгтæ дæр, æмæ сæ рæгъмæ рахæссын хъæуы.

— Нæ горæты Къостайæ фæстæмæ иунæг ирон лæгæн дæр нæй цырт, — загътон æз. — Афтæмæй нæм революцийы, мидхæсты рæстæг цас лæгтæ фесгуыхт! Æниу нæ фысджытæ Секъа, Арсен, Нигер, Елбыздыхъо, Малиты Геуæрги, Алихан, Æрнигон та? Уæдæ Тугъанты Махарбег дæр уый аккаг у, цæмæй нæ горæты йæ номыл уынг уа, стæй цырт.

Рауади нæм Сталины кой дæр. «Искуы йæ федтай?» — бафарста йæ Витали.

— Федтон æй иу хатт. Гыццыл лæг уыди, нарæг ных ын, йæ цæсгом хæбуздзыхъхъытæ, цæвиттон, цырыхъгæнæджы бынаты дæр сфидыдтаид.

Социалистон системæ æмæ капиталистон бæстæты ’хсæн ахастытæ карзæй-карздæр кæй кæнынц, уый тыххæй ныхас куы рауад, уæд Вассо загъта:

— Марксизм-ленинизм потерпел полный крах. В стране откровенно критическая ситуация. Уæлдай зындæр уавæры сты гыццыл адæмтæ. Стыр адæмты ’хсæн атайынæй сын тынг тæссаг у. Ацы критикон моментæй куы фервæзиккам, уæд, чи зоны, нæ хъуыддæгтæ фæхуыздæр уаиккой. Афганистан æмæ Польшæйы цы цаутæ цæуы, уыдон хъусгæйæ, Æхсар, де ’мдзæвгæйы рæнхъ мæ зæрдыл æрлæууы: «Зæхх карды комыл саугуырмæй фæтулы».

Куы хицæн кодтам, уæд Вассойæн балæвар кодтон, Пицундæйæ (денджызы былæй) кæй æрбаластон, ахæм сау æмдымбыл дур — подшипниктæн цы æндон къоритæ аразынц, уый хæрзхалдих, стæй тъæпæн дур, йæ кæронмæ æввахс — цæрдхуынкъ. «Нæ фыдæлты ныхасмæ гæсгæ ахæм дур амонд хæссы», — загътон ын æз. Вассо бахудти, тынг зæрдиагæй фæкасти дуртæм, фæдис сыл кодта, стæй афтæ:

— Бузныг дæ лæварæй.

Иу къорд боны Урсдоны фæлладуадзæн хæдзары фæуыны фæстæ Вассо сыздæхти Дзæуджыхъæумæ. Дыккæгæм сентябры йæм телефонæй бадзырдтон. Загъта мын, телеуынæн, дам, мын мысинæгтæ фыссын кæны Тугъанты Махарбеджы тыххæй, фысдзысты, дам мæ, йæ номыл цы музей ис, уым 13 сахатыл. Мах Виталиимæ (Гусалты) бацыдыстæм рагацау. Музейы кусджытæй дарддæр дзы ничима уыди. Мæ зонгæ Мзокты чызг ныл бацинтæ кодта. Уынгмæ уал рахызтыстæм. 13 сахатыл Плиты Левæ (Грисы фырт) оператортимæ кæрдæгхуыз «Жигули»-йы æрбацыд æмæ нын афтæ, Вассойы, дам, нын куы ’рбаласиккат. Ацыдыстæм æз æмæ Витали. Æрбаластам æй. Музейы стыр залы йæ Тугъанты Махарбеджы «Нарты куывд»-ы цур сбадын кодтой. Йæхи фыст текст æм радтой (иу æртæ фарсы бæрц) — раздæр æй музейæн балæвар кодта. Вассо йæ бакаст, иуварс æй æрæвæрдта æмæ, иунæг къуыхцы дæр нæ фæци, афтæмæй йæ иу 10–15 минуты фæдзырдта объективы раз.

Уалынджы пленкæ фæци, æмæ Вассойы баурæдтой. Уымæн зынгомау уыди. Ноджы йын Левæ (режиссер) цыдæр хабар ногæй дзурын кодта, æмæ уæд уый афтæ: «Я не намерен, как попугай, повторять уже сказанное». Гæзæмæ мæсты уыди, фæлæ йæхиуыл хæцыд, йæхицæн аргъ кæй кæны, уый зынд йæ ныхасыуагыл. Чи йæ фыста, уыцы сылгоймаг ма йæ ныхас куы ’рбаппæрста, телефоны зæланг дæр пленкæмæ бахауди, зæгъгæ, уæд Вассо ноджы тызмæгдæрæй загъта: «Надо было все заранее предусмотреть». Плийы-фырт дæр æмæ иннæтæ дæр хорзау нал фесты æмæ ницыуал сдзырдтой.

3-æм сентябры Вассо хъуамæ лекци кастаид республикон библиотекæйы. Телеуынæны кусджытæ хабар зыдтой — кинолентæмæ йæ хъуамæ истаиккой. Вассо уый куы фехъуыста, уæд Левæйæн загъта: «Цырæгътæ дзы куы сæвæрат, уæд залы уæвджыты нæ уындзынæн æмæ афтæмæй дзурын мæ бон нæу. Уымæ гæсгæ цырæгътæ æвæрынвæнд ма скæнут».

Музейы Вассойы кинолентæмæ куы систой, уæд дæр та се ’нæджелбетдзинад равдыстой телеуынæны кусджытæ: йæ хæдзармæ йæ чи аластаид, уый нал уыди — транспортыл нæ батыхстысты рагацау. Уæд æз Ходы Камалмæ бадзырдтон телефонæй. Уый æрцыд йæхи машинæйæ. Иумæ нæ къам систам Махарбеджы «Нарты куывд»-ы уæлхъус æмæ рацыдыстæм. Машинæйы бадгæйæ Вассо Камалы фæрсы:

— Камал, ай дæхи уæрдон у?

Камал ын, о, зæгъгæ, куы загъта, уæд та йæ Вассо ногæй афарста:

— Æмæ автоинспекциимæ дæ хъуыддæгтæ куыд цæуынц?

— Стад фиуæй сæ байсæрстон, — дзуапп радта Камал. Вассо зæрдиагæй бахудт. Æз дæр мæ ныхас баппæрстон:

— Автоинспекциимæ куыд цæуынц йæ хъуыддæгтæ, Хъæбæлойы-фыртимæ дæр афтæ куы цæуиккой, уæд æвзæр нæ цæрид Камал.

Вассо та рухсцæсгомæй бахудти.

Сæхимæ йæ куы баластам, уæд нæ уæлæмæ (æртыккаг уæладзыгмæ) ссæуын нал бауагъта, мæхæдæг, дам, схиздзынæн.

***

Вассойæн йе ’стай азы юбилей бæрæг кодтой 1980 азы 10-æм сентябры Дзæуджыхъæуы Пионерты галуаны. Официалон былалгъ арфæты фæстæ ныхасы бар радтой юбилярæн йæхицæн. Уымæн йæ дзырды сæр уыд, абон А Солженицын цæуылты дзуры, уый, ома бæстæйы сæйраг хæзна сты адæм, æмæ хицæуттæ хъуамæ уыдон бахъахъхъæныныл кусой иудадзыг. Вассо та чысыл адæмты æвзæгтæ æмæ культурон бынтæ бахъахъхъæныны тыххæй дзырдта. Алы зайæгхалтæ æмæ цæрæгойтæн, дам, Сырх чиныг куы ис, сæ бахъахъхъæныныл, дам, куы архайынц паддзахæдтæ, уæд, фесæфынæй тас кæмæн у, уыцы чысыл адæмтыл цæуылнæ ис аудæг? Вассойы ныхæстæ хицæуттæн, ай-гъай, хъыг уыдысты, национализмхъæстæ сæм фæкастысты, æмæ «кабычегоневышлистты» номæй Хъæбæлоты Билар йæ кæронбæттæн дзыманды афтæ балхынцъ кодта: «У большого человека и ошибки большие бывают». Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы афоризм йæхи æрхъуыды нæ уыди, кæйдæр фæзмыдта Билар. Фæстæдæр Ларошфукомæ бакастæн ахæм базырджын ныхас: «Æрмæстдæр стыр лæгтæм вæййы стыр аиппытæ». Æниу гыццыл лæгтæ дæр, æвæццæгæн, æруадзынц стыр рæдыдтытæ. Уымæн бæлвырд æвдисæн, — афæдзы фæстæ комкоммæ а гыццыл лæджы аххостæй Дзæуджыхъæуы цы бæллæхтæ æрцыд, уыдон. Фæлæ, кæд, мыййаг, уыцы стыр рæдыд гыццыл нæ, фæлæ стыр лæг æруагъта? Уæвгæ йæ йе ’мхуызон «стыр лæгтæ» стырыл нымайынц — Дзæуджыхъæуы кадджын гражданины ном дæр уымæн хæссы, республикæйы Советы уæнг дæр уымæн у! Ноджы мæ уырны: иу авд-дæс азы фæстæ нæ горæты сæйраг уынгтæй иу хæсдзæн ацы «гыццыл стыр лæджы» ном. Йæхи хуызæн «гыццыл стыр лæгты» бардзырдмæ гæсгæ...

Иу цитатæ ма «гыццыл стыр лæгты» тыххæй: «Зæххыл цæрæгудтæй цыдæриддæр ис, — сæ тæккæ æнаддæр „гыццыл“ стыр лæг» (Чарльз Колтон, англисаг фыссæг).

Мæ зæрдыл хорз бадардтон уыцы азы сентябры 12-æм бон дæр. Уæд Вассойы рахуыдтам, Реданты нын цы сфæлдыстадон хæдзар уыд, уырдæм. Фынджы уæлхъус хистæрæн бадти Куыдзæг, дыккаг хистæрæн — Грис, æртыккаг хистæрæн та — Нафи. Вассо бадт астæуæй. Уыдысты ма дзы: Исаты Мæхæмæт, Вассойы бинойнаг Ксеня, нывгæнæг Хетæгкаты Хъазыбег, Хостыхъоты Зинæ, Малиты Васо, Джыккайты Шамил, Мурат æмæ Ренæ, Ходы Камал, Цæллагты Валодя, Гусалты Витали.

Куыдзæг дыккаг сидт ракодта Вассойы цæрæнбоны тыххæй. Юбилярæн йæхимæ куы ’рхæццæ сидт, уæд загъта: «Фысджытæ адæмы, нацийы тырысахæсджытæ сты. Бæрзонд стут, фæлæ уыл хæстæ дæр бæрзонд ис, æмæ сæ хæссын куыд фæразат, ахæм амонд Хуыцау зæгъæд. Мæнæн кæсын мæ къухы тынг нал æфты. Лæгыл азтæ куы рацæуы, уæд кæм хъусæй хъуаг феййафы, кæм цæстæй, кæм къахæй, кæм къухæй, кæм æндæрæй. Фысджытимæ мын уæлдай æнцондæр вæййы фембæлын. Уæ цæрæнбон бирæ уæд».

Цхуырбаты Ксеня æмæ Исаты Мæхæмæты тыххæй сидт куы рауагъта хистæр, уæд Нафи Плиты тыххæй юмористон зарæг акодта Вассо дæр зæрдиагæй бахъырныдта. Æхсызгон ын уыди, кæй азарыдысты, уый. Хæргæ кодта хæрз чысыл: искуы иу хатт-иу систа пъæмидоры карст, стæй уæлибæх. Иуафон Грис Хазбийы зарæг самыдта. Вассо та иттæг æхсызгонæй бахъырныдта. Стæй Нафи ныхасы бар ракуырдта æмæ расидти Куыдзæджы цæрæнбоны тыххæй. Сидт Вассомæ куы ’рхæццæ, уæд сыстад æмæ загъта: «Адæмон фыссæг чи у, зæгъгæ, куы бафарстæуа, уæд, Куыдзæг, дæу рахонæн ис уыцы номæй. Дæ фыстытæ сты æцæг адæмон æвзагæй фыст. Стæй ма мæ зæрдæмæ цæуы, нæ царды цы аиппытæ, зыгъуыммæдзинæдтæ ис, уыдон кæй æвдисыс. Хорз дын хъуыды кæнын дæ радзырд „Бирæкрат“. Сатирикон æмæ юмористон радзырдтæ дæр фыссын хъæуы, уымæн æмæ нæм галиу митæ бирæ ис, нæ сæрæй уæлдæр ысты. Гъемæ дын дарддæр дæр æнтысæд».

Литературæйы тыххæй ныхас куы рауад, уæд радзырдта мæ цыппаррæнхъон «Ссæдзæм æнус». Раппæлыди дзы, æз, дам, æй Иугонд Нациты Организацийы галуанмæ бахизæны ставд дамгъæтæй ныффыссын кæнин. Мæнæ уыцы æмдзæвгæ:

Лæджы зонд абон афтæ тынг кæрды, —
зæхх карды комыл саугуырмæй фæтулы,
у кард та ахæм: бафу йыл кæ ’рду,
æмæ — фæдыууæ.

Йæ зæрдæмæ чи фæцыд, уыцы уацмысты кой кæнгæйæ ма Музаферы иу æмдзæвгæйæ радзырдта дыууæ рæнхъы. Ныхас цыд адæмон зарджыты тыххæй дæр, æмæ Вассо афтæ: «Адæмон зарджытæй бирæтæ сты æцæг аивадон уацмыстæ, зæрдæмæ хъарынц, фæлæ ныры зарджытæн сæ фылдæр рауайынц эпигонон». «Рынчынæн, дам, кæддæриддæр йæ низы кой — йæ дзуринаг». Ам дæр та нæ ныхасы сæр сси нæ мадæлон æвзаг. Хорз бахъуыды кодтон Вассойы ныхæстæ æмæ сæ фæстæдæр ныффыстон мæ блокноты: «Зæххæн ницы тас у, зæхх зæххæй баззайдзæн, фæлæ нæ адæм се ’взаг куы ферох кæной, уæд ирон адæм нал уыдзысты. Сырдтæн, цæрæгойтæн аразынц, «Красная книга» кæй хонынц, уый, уæд цардæгас адæмæн цæуылнæ ис ахæм чиныг? Æппæты фыццаг нын нæхицæй у тас. Нæ хæдзæртты цæуылнæ дзурæм иронау. Хъуамæ дыууæ æвзаджы дæр хорз зонæм — ирон æмæ уырыссаг. Сывæллонæн ницы зын у дыууæ æвзаджы базонын. Хæдзары куынæ дзурой, уæд ма кæм хъуамæ дзурой? Абон ацы ран ард бахæрæм, не ’взагыл кæй дзурдзыстæм, кæй йæ хъахъхъæндзыстæм, уый тыххæй». Иууылдæр ард бахордтам. Мæнмæ ныхас куы ’рхæццæ, уæд ме ’мдзæвгæ «Къоста»-йæ бакастæн ахæм рæнхъытæ:

Æз зарыдтæн — нæ агуырдтон хæрзиуæг,
цыт æмæ ном...
Æз зардзынæн уæд дæр,
иронау ма куы дзура ’рмæстдæр иу лæг,
кæд уыцы иу мæхæдæг уон,
уæддæр.

«Бузныг, — загъта Вассо, — иунæг куыннæ уай, уыцы арфæ дæ уæд. Фарн, зæгъгæ, ахæм дзырд цы ’взаджы ис, уымæн фесæфынæй тас нæу».

Фынгæй куы сыстадыстæм, уæд нæ хуыз иумæ систам бæлæсты бын. Иуæй-иутæ уазæгдоны ’рдæм сæхи айстой, æмæ Цæллагты Валодя хъазгæмхасæнты дыууæрæнхъон ацъапп ласта экспромтæй:

Цæй зын у хуыз исын,
Куы дæм цæуа ми..н.

18-æм сентябры Вассо æмæ Ксеняйы фæндараст кодтам Мæскуымæ. Вагзалмæ æрбацыдысты: Куыдзæг, Калоты æфсымæртæ Барис æмæ Харитон, Харум, Нафи, Малиты Васо, Шамил, Камал, Дзиуаты Анатоли. Вассойыл уыди гæзæмæ цъæхбын урс костюм, йæ сæрыл — дзыгъуыртæ сæрдыгон къепкæ-худ. Сæ дзаумæттæ сын вагонмæ куы бахастам, уæд лæг фæлмæн хъæлæсыуагæй афтæ: «Стыр бузныг уæ лæггадæй». Поезд йæ бынатæй фенкъуысти. Вассо нæм вагоны рудзынгæй касти мидбылты худгæ æмæ йæ къух уæздан тылд кодта. Уыцы хæлар мидбылхудт абон дæр ма мæ цæстытыл уайы.

***

Дæлдæр цы фыстæг бакæсдзыстут, уымæн, æвæццæгæн, хъæуы æрмæст иу фиппаинаг: Секъайы чиныг джиппы уагъд не ’рцыди Мæскуыйы, цæуылнæ, уый нал хъуыды кæнын. Уæвгæ йын йе ’мдзæвгæтæн дзырдæй-дзырдмæ тæлмацтæ дæр скодтон, иу хай дзы арвыстон зынгæ уырыссаг поэт Олег Чухонцевмæ. Уый сразы Секъайы уацмыстæй цалдæр раивыныл, фæлæ хъуыддаг бакъуылымпы.

Дæ бон хорз уæд, нæ фæрнджын хистæр Вассо!

Дæ зынаргъ рæстæгæй дын кæй тонын, уый мын барст фæуæд. Мæ дзуринаг ракæндзынæн цыбырæй.

Цæвиттон, Мæскуыйы уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй джиппы рауадзынмæ бацæттæ кодтон Гæдиаты Секъайы æмдзæвгæтæ æмæ æмбисæндтæ. Афтæ мæм кæсы, цыма, ды Секъайы тыххæй цы уац ныффыстай (альм. «Советская Осетия», 1965, № 2627), уый ацы чиныгыл разныхасы хуызы иттæг хорз сфидаудзæни. Гъемæ дæ курын, цæмæй мын бар раттай дæ уац чиныгмæ бахæссынæн. Фæсныхас (Секъайы цард æмæ поэзийы тыххæй) та йын ныффысдзæни Джыккайты Шамил.

Кæд мæ фæндыл чиныгуадзæн дыууæ нæ зæгъа, уæд, Нигеры том цы серийы рацыди («Поэтическая Россия» æрвитын дын æй), уым хъуамæ Секъа дæр сфидауа.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад. Зæрдæрухс æмæ куыстхъом у нæ Иры амонд æмæ фарнæн!

Зæрдиаг саламтæ Цхуырбианæн æмæ Гусалты сахъгуырдæн.

21/V—81

Хъодзаты Æхсар

Бирæ æнхъæлмæ кæсын мæ нæ бахъуыди Вассойы дзуапмæ. Уый бæрæг у, йæ фыстæгыл цы датæ ис, уымæй дæр.

30/ V —81

Мæ буц кæстæр Æхсар!

Стыр бузныг дæ лæварæй. Нигеры уацмыстæ уырыссаг æвзагыл афтæ хæрзаивæй кæй рацыдысты, уый мын уæлдай æхсызгон у.

Секъайы уацмыстæ дæр рагæй æмбæлди уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнын æмæ рауадзын. Æгайтма уыцы хъуыддаг дæхимæ айстай. Кæд Секъайы тыххæй цы рæнхъытæ афыстон, уыдон дын разныхасæн ысбæздзысты, уæд дын сæ хæлар кæнын.

Зæрдиаг салам!

Вассо.

Вассойы стыр культурæйæн æвдисæн — ацы фыстæджытæ дæр. Бæрæгбоны арфæтæ йын-иу куы ракодтон, уæд дæр мæ æнæ дзуаппæй никуы ныууагъта. 1977 азы агъоммæ та йæм Ходы Камалимæ тел ныццавтам. Мæнæ Вассойы дзуапп.

 Æхсар æмæ Камал, мæ буц кæстæртæ!

Стыр бузныг уæ Ногбоны арфæтæй! Æвæццæгæн, ног аз уæ цуры æрæвæрдтат ног хæстæ, æмæ уын Хуыцау радтæд уый бæрц тых æмæ ныфс, æмæ сæ уæлдайджынтæй куыд сæххæст кæнат.

Рын-зынæй хызт ут!

Абайты В.

***

Цыбырæй ма иу фембæлды тыххæй. 1987 азы фæззæг. Вассо уыди Хуссар Ирыстоны æмæ хъуамæ Ручъы фæндагыл æрбацыдаид Дзæуджыхъæумæ. Мах иукъордæй абалц кодтам Нармæ — уым хъуамæ фембæлдаиккам Вассойыл. Фысджытæ уыдысты æртæйæ — Малиты Васо, Тотраты Руслан æмæ æз, «Рæстдзинад»-ы кусджытæй немæ рацыди Цгъойты Хазби. Нармæ куы бахæццæ стæм, уæд Вассо уым нæма уыд, æмæ уал бабæрæг кодтам Къостайы хæдзар-музей, стæй нæхи ирхæфстам æрдзы нывтæм кæсгæйæ, фынг дæр ацарæзтам «сау айнæджы рындзыл» æмæ фæйнæ сыкъайæ нæхи барæвдыдтам. Бонæмбисæй чысыл фæстæдæр Вассоитæ дæр фæзындысты. Цхинвалæй йæ Нармæ æрбахæццæ кодтой иу дæс адæймаджы — Абайты Зарæ, Цыбырты Людвиг, Гаглойты Зинæ, Битарты Зойæ. Иннæты нæ зыдтон.

***

1989 азы сусæны мæйы та Вассо ссыд йæ райгуырæн бæстæмæ. Фембæлди нæ фысджытимæ дæр. Уæд нæ Цæдисы сæрдарæй куыста Малиты Васо. Ацы хатт дæр та æмбырдмæ канд фысджытæ не ’рцыд — уыди дзы ахуыргæндтæ дæр, аивады кусджытæ дæр, хуымæтæг адæм дæр. Уат сын не сфаг, æмæ сæ иу хай лæууыди тыргъы. Сæйраг ныхас цыди, ныртæккæ Уæрæсе змæст кæй у, Ирыстон тæссаг уавæры кæй ис, уыдæттыл. Æмæ Вассойы чидæр куы бафарста, цæуыл кусыс, зæгъгæ, уæд уый афтæ: «Æз цæуыл кусын, уый ныртæккæ ахæм ахсджиаг хъуыддаг нæу. Мах абон иттæг зæрдиагæй ахъуыды кæнын хъæуы нæ фидæныл».

Иуафон æмбырды уæвджытæ рахызтысты Сталины койтæм. Хистæр фæлтæры фысджытæ фæтæджы стауынæй нал æфсæстысты. Бекмæрзты Афон йæ ныхмæ цыдæр куы сдзырдта, уæд Плиты Грис йæ бынатæй фестад æмæ мæстыйæ загъта: «Сталины тыххæй парти йæ хъуыды загъта, æмæ йыл мах, фысджытæ, хъуамæ мауал дзурæм. Мах ардæм æрæмбырд ыстæм, цæмæй аныхас кæнæм ирон æвзаджы тыххæй, Нарты эпосы тыххæй. Сталиныл бирæ цъыф фæкалдтой æмæ йын æгъгъæд у, ирон кæй уыд, уымæй уæддæр фефсæрмы ут». Вассо йемæ не сразы:

— Раст куы зæгъон, уæд мæн абон Нарты эпос æмæ не ’взаджы тыххæй дзурын нæ фæнды. Ахсджиагдæрыл нымайын, цы æхсæнады хъомыл кодтам, уый тыххæй дзурын. Сталин стыр лæг уыд, ай-гъай. Мичуринау стыр. Уый скодта ног адæмы мыггаг — цагъарты æмæ зæвæтысдæрджыты мыггаг. Мах уыдыстæм коммæгæс цагъартæ, роботтæ, нæ хъуыдытæ æргомæй дзурын нæ уæндыдыстæм. Хæсты дæр Сталин нæ фæуæлахиз, фæлæ адæм.

Хъайтыхъты Геор æм йæ ныхас баппæрста:

— Уæдæ нæ маршæлтæ æмæ инæлæрттæ æндæр хуызы куы фыссынц.

— Уыдонæн дæр сæ зонд ныггалиутæчынди, — дзуапп ын радта Вассо.

Цы йæ сусæг кæнæм, нæ фысджыты фылдæр хай фыдæнхъæл фæци уазæгæй: Вассо Сталинæй æппæлдзæни, зæгъгæ, афтæ каст бирæмæ. Чидæртæ цæугæ дæр ракодта æмбырдæй — бæрæг уыди: фæтæргай сты.

Фæстæдæр ма ацы темæмæ Вассо раздæхти цалдæр хатты. Мæнæ йæ интервьюйæ скъуыддзаг, бакæсæн æй ис мæскуыйаг хæдбар газет «Человек и право»-йы (1996, №8): «Нюрнберг абсолютно необходим России. Без Нюрнберга не будет новой России, как без Нюрнберга не было бы новой Германии... Но наш Нюрнберг не будет похож на германский. Не будет ни виселиц, ни расстрелов. Суд будет носить символический, но вместе с тем суровый и справедливый характер. Все партийные функционеры высокого ранга от Ленина-Сталина до наших дней получат (символические) смертные приговоры. Ни одна политическая партия или группа в истории не совершала в массовом масштабе таких чудовищных злодеяний и преступлений, как коммунистическая партия. Даже германская нацистская партия, отвратительное лицо которой хорошо известно, не может тягаться с нашей родной коммунистической партией.

Те из осужденных, которые ко дню „Нюрнберга“ будут еще живы, будут лишены всех привилегий, их имущество будет конфисковано, их имена и деяния будут занесены в специальную „Книгу позора“».

***

Иуахæмы мæм журналы редакцимæ æрбацыди мæ дзæбæх зонгæ юрист Дзотцоты Владислав æмæ мын радзырдта, Мæскуыйы, дам, уыдтæн æмæ Абайты Вассоимæ фембæлдтæн. Дыгурон æвзаджы тыххæй, дам, æм мæ хъуыдытæ гæххæттыл фыстæй радтон. Æмæ, дам, дæумæ мæнæ ацы фыстæг рарвыста. Хорз уаид, журналы йæ куы рауадзис, уæд. Æз Владиславы фæндоныл дыууæ нал загътон, æмæ йæхи уац «Дигорон æвзаг, æ уавæр», стæй Вассойы ацы фыстæг æмæ Исаты Мæхæмæты комментари рацыдысты «Мах дуджы» 1990 азы 12 номыры.

 6 января 1990

Дорогой Ахсар!

Письмо Дзоццоти о судьбе дигорского языка я передал М. Исаеву, который, совместно с Кимом Цаголовым, занимался этим вопросом. Они предложили несколько рекомендаций, которые и мне кажутся приемлемыми:

1. В дигорских школах в первых классах вести преподавание на дигорском языке.

2. С 4-го класса ввести литературный осетинский язык как язык преподавания и русский — как предмет преподавания.

3. Не чинить никаких препятствий для печатания литературы на дигорском языке, не делая, однако, никаких скидок в отношении качества представляемого для печати материала.

4. Восстановить районные газеты на дигорском языке.

Ног азы хорзæх дæ уæд!

Абайты В.

***

Ивгъуыд æнусы æстайæм азты райдайæны Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цыд, уыдоны фæдыл Вассо дæр загъта йæ хъуыдытæ. Æмæ дзы бирæтæ уыдысты раст, объективон. Зæгъæм, мæнæ адон: «Экс-президент Грузии г-н Гамсахурдиа как-то заявил в интервью, что осетины — „необразованный дикий народ“. Что тут скажешь? Единственный несомненный дикарь, который распознается в этом заявлении, — это сам г-н Гамсахурдиа. Оказывается, можно быть сыном большого писателя, получить прекрасное образование — и оставаться лишенным всякой моральной культуры, варваром, способным обхамить целый народ» (НГ, 22.01.1992).

Вассо бæлвырд æвдисæнтæ æрхаста, топоним «Хуссар Ирыстон» большевикты æрымысгæ кæй нæу, гуырдзиаг историйы йæ кой рагæй кæй ис, уый тыххæй. «Самачаблотæ»-йедтæ та, дам, гуырдзиаг шовинистты æрхъуыдыгонд ысты, мæрдтыбæстæй, дам, сæ раластой.

Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, Вассойæн йе стыр рæдыдыл банымаинаг у, Хуссар Ирыстоны суверенитеты ныхмæ кæй радзырдта, стæй Кавказы Сæйраг хохрагъ Гуырдзы æмæ Ирыстоны ’хсæн æрдзон арæн кæй рахуыдта, уый: «Главный Кавказский хребет — естественная граница между Грузией и Осетией, и всякая попытка размыть эту границу повлечет за собой состояние перманентного конфликта между грузинами и осетинами. Для того, чтобы вернуть отношения между двумя народами в русло традиционной дружбы, надо, прежде всего, покончить с разговорами об отторжении Южной Осетии от Грузии». Æмæ ноджы дарддæр: «Кто хочет мира между южными осетинами и грузинами, должен навсегда отвергнуть идею присоединения Южной Осетии к Северной» (НГ, 22.01.1992).[3]

Ацы рæнхъытæ кæсгæйæ зæрдыл бар-æнæбары æрлæууы рагон базырджын ныхас: «Платон мæ хæлар у, фæлæ мын рæстдзинад зынаргъдæр у». Гуырдзыйæн хъыг уыдзæни, семæ нæ хæлардзинад фехæлдзæни, зæгъгæ, уый сæрвæлтау хъуамæ нæ райгуырæн бæстæ нывондæн æрхæссæм? Махæн нæ фыдæлты зæхх не стырдæр Рæстдзинад у, нæ царды хос, нæ туг æмæ нæ хидæй æлхæд, æмæ йæ хъуамæ мæнг хæлардзинадыл баивæм? Интернационализм нын ахæм æнахъинон «бардуаг» басгуыхт, æмæ йын нывондæн хастам алцы дæр: зонад, аивад, æвзаг, æгъдæуттæ, сæдæгай фæлтæрты фарн. Паддзахæдты ’хсæн æрдзон арæнтæ-йедтæ дæр кæй ницы марынц, уымæн истори иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд æвдисæн. Арæнтæ адæм сæхæдæг аразынц, æрдз дзы ницы гæнæг у — тыхджындæр цы бæстæтæ вæййынц, уыдон æрдзон арæнтæ мурмæ дæр нæ дарынц, мæнæ Кодзырон Таймуразы зарæджы куыд у, «дæ физонæг дæр мах куы у æмæ дæхæдæг дæр мах куы дæ, мæгуыр хæххон дзигло», афтæ — тыхджын æдыхы æд «æрдзон арæнтæ» аныхъуыры. Мæнæн мисхалы бæрц дæр гуырысхойаг нæу: Хуссар Ирыстоны зæххæй æнæхай куы фæуæм, уæд нæ адæмæн мыггагыскъуыдæй тас у. Ныртæккæ Ирыстоны цы негативон процесстæ цæуы, уыдон дзурæг сты иу хъуыддагыл: «Сæфы, сæфы нæ фæстаг». Уæддæр нæ зæххытыл нæ ауæрдæм, уарæм сæ, уæй сæ кæнæм стыр гæртæмттыл. Нæ бæстæ æхсæны хуымау хæрæгхизæн æмæ хæлæйфаг ысси. Зæххы цъарыл йæхицæн бынат чи нал фæары, уымæн та Ирыстоныл йæ тъæпп фæцæуы æмæ дзы фæстагмæ нæ «уазæгуарзон æхсины лæгты» ахъазæй рæбинаг свæййы, чи йæ суазæг кодта, уыцы бæстæйы адæмæй йæ мæрдты уæнгæл фæуыны, афтæмæй.

«Грузия должна найти путь от этнократии к демократии», — фыссы Вассо æмæ цитатæтæ æрхаста, 1918 азы Гуырдзыстоны Национ Совет цы «Хæдбардзинады акт» рауагъта, уырдыгæй. Мæнæ дзы иу: «Грузинская Демократическая Республика предоставляет возможность свободного развития всем национальностям, живущим на ее территории».

Вассо йæ риуы поэтикон зæрдæ хаста, сабийау æнæхин æмæ æууæндаг уыд — уырныдта йæ, Гуырдзыстоны æцæг демократи кæй фæзындзæн, уый. Дзæгъæлы нæ загъта Шопенгауэр: «Алы сывæллон дæр иуцасдæр гени у, стæй алы гени дæр иуцасдæр сывæллон у. Се ’нгæсдзинад рабæрæг вæййы, æууæндаг æмæ хуымæтæг кæй сты, уымæй». Фæлæ гæххæттыл фыстытæ æмæ царды вазыгджын æлхынцъытæ кæрæдзийæ дард ысты. Паддзæхтæ, алыхуызон партитæ æмæ сæрдартæ «сызгъæрин» конституцитæ, акттæ, декларацитæ ацаразынц адæмы асайынæн, стæй бæрзонд бынæтты къуырфбадт куы ’ркæнынц, уæд та сæ кæнон райдайынц, закъонтæ рохуаты аззайынц, йе та сæ, сæ царды уавæртæ куыд амонынц, афтæ бахъуаджы сахат сæхицæн бакъаддæртæ кæнынц, закъонтæ дæр мах куы сты æмæ уæхæдæг дæр, хорз адæм, зæгъгæ. Революцийы размæ дæр бирæ æнусты дæргъы, стæй советон дуджы дæр хуссайраг ирæттæн сæ бартæ уыдысты ссæст (дыууæ геноциды кой нал кæнын), тыхмадзæлтты фæрцы дæсгай-сæдæгай минтæй цыдысты ассимиляцигонд, уымæ гæсгæ автономон облæсты бындурон нацийы бæрцыл ницы æфтыд, уый нæ, фæлæ ма цыди къаддæргæнгæ, цардыуаджы æппæт къабæзтæ дæр уыдысты кæуинаг уавæры, облæсты сæйраг сахар ма суанг хуымæтæджы нуазыны донæй дæр хъуаг æййæфта — мæйгæйттæ дзы-иу фæдæн æмæ йæ мæхи цæстытæй уыдтон.

Ахæм уавæр уыд Абхазийы дæр. Байхъусæм-ма номдзыд фыссæг Фазиль Искандермæ: «После тридцать седьмого года почти на все ответственные должности там были поставлены люди грузинского происхождения. Абхазский алфавит, основанный на латинском, переведен на грузинский. После Отечественной войны вообще закрыли все абхазские школы, точнее, преподавание сделали на грузинском языке. Дети начинали учиться на языке, в котором абсолютно ничего не понимали... Трагикомический смысл дважды в течение двадцати лет замененного алфавита заключается в том, что... простые люди, впрямую не связанные культурной работой, дважды отсекались от грамотности» («Литературная газета», 09.06.1993).

Вассо йæ зæрдæ дардта: Гамсахурдиайы фæстæ цард раивдзæни, Гуырдзыстоны адæмтæ сулæфдзысты. Фæлæ «урс рувас» Шеварднадзе дæр бирæ хуыздæр нæ разынд, йæ бæстæйы бынтæ бахордта, дзыллæйы мæт æй нæ уыди, хæрзæрæджы дæр та дзырдта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы фарста, дам, æнæ хæстæй нæ алыг кæндзыстæм, ома та ног геноцид райдайын хъæуы. Æмæ бар-æнæбары зæрдыл æрлæууынц Ежи Лецы ныхæстæ: «Ай рувас у. Фæлæ хатгай йæ дарæс раивы æмæ дзы рауайы бирæгъ фысдзармы». Кæддæр та бынтон æндæр зарджытæ кодта, ир гуырдзыйæн сæ уд, сæ дзæцц кæй сты, ууыл сомы кодта: «Братство и дружба грузинского и осетинского народов имеют многовековую историю... Грузинский народ с большим уважением относится к истории и культуре закаленного в многовековой борьбе за защиту родины свободолюбивого, мужественного, трудолюбивого и талантливого осетинского народа, к братству и дружбе с народом Коста Хетагурова. Под солнцем дружбы народов расцветает Советский Ирыстон, край больших революционных, трудовых и интернациональных традиций, непокорный, как вершины Кавказа, героический, как Нартский эпос. Осетинский народ с незапамятных времен связывают с грузинским народом этнические, политические, культурные и экономические взаимоотношения, что нашло свое отражение в грузинских и осетинских исторических источниках, в науке, литературе и искусстве. Социализм сделал явью все мечты осетинского народа. Осетинский народ с братской помощью и поддержке русского, грузинского, всех народов нашей страны строит светлое будущее» («Заря Востока», 1983.28.10).

А Шеварднадзе рувасы æрвад кæй у, уымæн ма иу æвдисæн. Кæддæр Л.И. Брежнев Тбилисмæ куы ссыд, уæд ай та сæ республикæйы компартийы фыццаг секретарь уыд, æмæ ма мæскуыйаг хицауæн цы ’хцондæр цæстмæми акодтаид, уый нал зыдта æмæ ахæм «базырджын ныхас» срæцыгъта: Гуырдзыстоныл хур Цæгатырдыгæй скæсы.

Бирæ хъыцъыдæттæ дарынц Гуырдзыстоны хицæуттæ, гуырдзиаг чи нæу, уыцы адæмыхæттытæн. 2005 азы 1 сентябры Азербайджаны диаспорæимæ куысты паддзахадон комитеты сæрдар Назим Ибрагимов иу пресс-конференцийы ахæм сенсацион хабар ракодта: «Если азербайджанское общество не займет однозначной позиции по проблеме азербайджанцев в Грузии, то угроза их массового отъезда из этой страны вполне реальна». Зæххы реформæйы бирæ галиу митæ кæй цæуы, уый аххосæй сæдæгай азербайджайнæгтæ ныууагътой сæ къонатæ æмæ лидзæг фесты æндæр рæттæм. Гуырдзыстоны ис 164 азербайджайнаг скъолайы. 1989 азы уыдоны ахуыр кодта 80 мин сабийы. 2005 азы сæ нымæц æрхауди 35 минмæ. Азербайджайнаг скъолаты нæ фаг кæны 800 ахуыргæнæджы. Æххæстгæнæг, закъонтæаразæг æмæ тæрхондæтты системæтæм азербайджайнæгты æмгæрон нæ уадзынц. Афтæмæй та Гуырдзыстоны ацы нацийæ цæры 500 мины бæрц (газет «Северный Кавказ», 2005, №33). Ацы хабæрттæн сæ фылдæр æрцыдысты, демократы ном чи хаста, уыцы Шеварднадзейы заман. Уæдæ Вассо йæ зæрдæ цы демократийыл дардта, уымæн æввахс рæстæджыты йæ кой, йæ хъæр дæр нæма уыдзæни Гуырдзыстоны зæххыл. Йæ абоны президенттæ цæрмыстыгъд бакодтой, 90 азы размæ сæ бæстæйы цы хицæуттæ уыд, уыдоны, прогрессы ’рдæм мисхалы бæрц дæр нæ аккуырстысты. Æрмæстдæр цивилизацион паддзахады уæвæн ис æцæг демократийæн. Цы факттæ æрхастам, уыдон æмæ бирæ æндæр хабæрттæ та æмдзыхæй дзурынц: Гуырдзыстон цивилизацийæ иттæг дард лæууы. «Отныне убийцу каждого грузина, несмотря на вину или невинность жертвы (убитого), объявить врагом грузинского народа; занести фамилию и имя убийцы в специальную книгу патриаршества и передавать из поколения в поколение как постыдное и подлежащее осуждению». Йæ сæйраг сауджын-патриарх ахæм бардзырдтæ кæмæн дæтты, уыцы бæстæйы цавæр демократимæ ис æнхъæлмæ кæсæн?

«...во время вооруженного конфликта грузинский католикос Илиа II фактически благословлял убийство граждан негрузинской национальности, — фыссы газет «Южная Осетия» (26.01.08). Газеты уыцы номыры сты Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуарды ныхæстæ дæр: «Этот человек призывал к прямому уничтожению осетин, к нападению на Южную Осетию и Абхазию. Он до сих пор не осознал свои грехи как христианин».

Патриарх йæ фыдыбæстæйы, йæ адæмы цæсты куы «фесгуыхти», ууыл ссæдз азмæ æввахс цæуы, фæлæ йæ тæригъæдыл фæсмон æркæныны хъуыды йæ фæсонæрхæджы дæр нæй, демократи та Гуырдзыстонæй раздæрау арвы талынгты лидзы. Уыйхыгъд фашист, гыццыл Дуче Гамсахурдиайы уæларвон зæдты фарсмæ æрæвæрыныл архайдæуы иттæг æнувыдæй, æмдых-æмзондæй. Кæй нæ уырны, уый бакæсæд журнал «Огонек»-ы 2007 азы 47-æм номыры Александр Солдатовы уац. Мæнæ дзы чысыл гæбаз: «Чего стоит демонстративное участие Илии II в прошлом году в пышном погребении Звиада Гамсахурдиа, во время которого раздавались призывы о его причислении к лику святых как „борца с тоталитарным режимом, подарившего родине долгожданную независимость и принявшего мученическую смерть“. Согласно интерактивному опросу телекомпании „Рустави-2“, значительная часть паствы Грузинской церкви поддерживает идею такой канонизации. А совсем недавно, в середине октября, отвечая на поздравления Джорджа Буша с 30-летием своей патриаршей интронизации, Илия II так прямо и написал американскому президенту: „Надеюсь, что при поддержке Вашей страны юрисдикция Грузии будет распространена на Абхазию и Цхинвальский регион, в нашей стране воцарится мир, и она усилится экономически“».

Ам ма цымæ комментариты сæр исчердыгæй хъæуы?

<>

Иу хатт ма йæ зæгъын: Вассо гуырдзиаг-ирон быцæуы тыххæй цы хъуыдытæ ныффыста, уыдон растыл банымайæн ницы хуызы ис. Фæлæ Вольтеры загъдау, стыр лæгæн аргъ фæчындæуы йæ рæдыдтæм гæсгæ нæ, фæлæ йæ сæйраг хъуыддæгтæм гæсгæ.

***

Уый уыди 1994 азы 21 апрелы. Сихорыл нæхимæ цæугæйæ «Владикавказ»-рестораны цур къаххидыл амбæлдтæн Вассойы бинойнаг Ксеня æмæ Гусалты Виталийыл. Ксеняйы афарстон: куыд у Вассо? Уынгмæ, дам, нæ цæуы, хæдзары цыдæртæ архайы. Нæ фатер приватизаци скæныны тыххæй, дам, ссыдтæн ардæм. Дыууæ азы размæ, дам, Галазты Æхсарбег Чъерджиаты Алыксандрæн бафæдзæхста, фæлæ, дам, уый ницы сарæзта. Æз ын загътон: зонын Алыксандры, æмæ йæм райсом иумæ бацæуæм. Уый бацин кодта, æмæ кæрæдзийæн хæрзбон загътам.

Уымæн йæ дыккаг бон мæм иу дыууадæс сахатыл телефонæй æрбадзырдта Гусалты Витали. Ксеня, дам, знон Вассоимæ ныхас кодта телефонæй. Куыд дæ, зæгьгæ, дам, æй куы бафарста, уæд уый афтæ: тынг хæрзтæй нæу мæ уавæр. Абон та, дам, æм дзырдта, фæлæ Вассо дзуапп нæ радта. Гъемæ, дам, ыл кæд исты æрцыди. Витали тынг смæсты Ксенямæ, Вассойы иунæгæй кæй ныууагъта, уый тыххæй. Загътон, дам, ын: хæдтæхæгыл атæх. Уый, дам, афтæ: аэропортæй куыд зын цæуæн у, уый куы зонис...

Æз дæр тыхсын байдыдтон: зæронд лæгыл, Хуыцау бахизæд, кæд исты æрцыд... Боны иу сахатыл æм ныдздзырдтон — дзуапп нæ радта. Фæссихор та бафæлвæрдтон — систа хæтæл. Мæ зæрдæ æвиппайды цинæй айдзаг. Афарстон æй — куыд дæ, цы дæ? «Ницы мын у, зæронд лæг куыд вæййы, афтæ дæн». Дзырдтон ма дæм, зæгъын, сахат раздæр, фæлæ дзуапп нæ лæвæрдтай, æмæ стыхстæн. Ксеня дæр, зæгъын, тыхсы, стæй Витали дæр. «Æвæццæгæн, цæлгæнæны уыдтæн æмæ телефоны дзæнгæрæг нæ фехъуыстон», — загъта Вассо. «Хуыцауы уазæг нын у, бирæ азты ма дæ хъæлæс куыд хъусæм!» — раарфæ йын кодтон æз.

Уый фæстæ Ксенямæ бадзырдтон. Дысон-бонмæ, дам, нæ бафынæй дæн фырмæтæй. Цинæй амарди, Вассоимæ ныхас кодтон, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд.

Æртæ сахатыл Ксеняимæ бацыдыстæм Алыксандрмæ. Нæ цуры йæ дæлбар адæмæн бафæдзæхста: сабатмæ приватизацийы гæххæтт цæттæ куыд уа, афтæ! Ууыл ахицæн нæ ныхас. Куы рацыдыстæм, уæд мын Ксеня зæрдиаг арфæтæ фæкодта, ды, дам, куынæ уыдаис, уæд æз, кæдæм цæуын хъæуы, уый дæр нæ зыдтон.

***

1994 азы мын Дзæуджыхъæуы рацыд æмдзæвгæты чиныг «Дыууæизæрастæу». Фæндыди мæ, Вассо йæ куы бакастаид, уый, уæлдайдæр та уымæн æмæ дзы иу æмдзæвгæйæ ссардтон йæ ном. Мæнæ, чиныгимæ цы фыстæг арвыстон, уый æмæ æмдзæвгæ «Фарны лæг».

 Нæхи Вассо, нæ уарзон хистæр!

Ацы æвирхъау, тугдзых дунейы, иу иннæмæ туджджыны цæстæй кæм кæсы, иу иннæйы хурхмæ кард кæм дары, иу иннæйы йæ къæхты бын кæм ссæнды, Зыд æмæ Кæрæф паддзæхтæ кæм систы, уым хатгай адæймаг фырадæргæй цы фæуа, уый нал фæзоны, тых асæтты, ныфс амæлы, Темырболаты загъдау, «уд мæлынмæ ысразы» вæййы. Ахæм сахат ма мын иунæг зæрдæфæлæууæн ды вæййыс, æрмæст ма дæ номæй æрбакæлы рухсы цъыртт мæ талынг риумæ. Æнæхъæн æнус дæ уд цырагъау фæдардтай бæрзонд, дæ зонды тавсæй буц æмæ цардхъом уыд аллонты бæстæ. Фæлæ нырма цал фæлтæрыл анхъæвздзæн уыцы фарны тæмæн, цал æнусы фаг уыдзæн уыцы зонды цæхæр! Дæ сæруæлдай куыст, де сгуыхт цардæн — арфæ æмæ табу!

Нæ республикæ бынтондæр заууатмæ æрцыди, нæ хицæуттæ футбол æмæ хъæбысхæстыл сагъуыдысты, нæ ирон æвзаг, литературæ, культурæ та сæ бонты фыддæртæм æрцыдысты. Уæвгæ уыдæттæ дардыл дзуринæгтæ сты æмæ сæ кой нæ кæндзынæн — зæрдæрысты хос дын уыдзысты, æндæр ницы.

Мæнæ мын иу къаннæг чиныг рацыд æмæ йæ баком, былысчъил ыл ма бакæн, Вассо. Чиныджы 237 фарсыл — дæ номыл кæй ныффыстон, ахæм æмдзæвгæ «Фарны лæг». Æмдзæвгæ бынтон ног нæу, фæлæ чингуытæм никуыма бахауди.

Ноджы дын æрвитын «Рæстдзинад»-ы дыууæ номыры, ис дзы мæ уац «Хъæуы сæрмагонд программæ» — худинаджы уавæры кæй стæм, ууыл хъынцъым, стæй «Северная Осетия», уым дæр мæ цыбыр уац «Объективность или игра в науку». Ахуырлæгты хъуыддæгты мæхи кæй тъыссын, уый мæм аив нæ кæсы, фæлæ цы чындæуа, нæ историктæ сæ дзыхты дон бакодтой æмæ хъусæй лæууынц. Мæнмæ та худинаг кæсы.

Вассо, æнæниз æмæ зæрдæрухс у, дæ дзæбæхтæм чи бæллы, уыдон фæндиаг. Зæрдиаг саламтæ Ксеняйæн.

Хъодзаты Æхсар, 21.08.95

ФАРНЫ ЛÆГ

Фæзæгъын æз фыды номау æхцонæй,
нæхи Уасо, нæ уаз хистæр, дæ ном.
Ды нæм æрцыдтæ Ивгъуыдæй, Ызнонæй,
æрхастай нын æрвон хæзна — нæ Сом.

 О рагон лæг, дæ цард нæ барæм азтæй,
нæй райдайæн дæ цардæн, йе кæрон.
Дæу Нарт сæхимæ се ’мсæр лæгæй райстой,
æмæ дæ хонæм буц номæй: Нæртон.

 Хуыдтой дæ стæрты скифтæ ’мæ алантæ,
сæ кады хохмæ се ’мхуызон хызтæ.
Сырдоны хин, Сатанайы кæлæн дæ
лæгæвзарæнты, карз тохты хызта.

 О, Нарты хур дæ хи хъæбулау тавта,
дæ бонæй уай, куыд ирд уыди дæ бон!
Нæртон дунейы аныгъуылдтæ афтæ,
æмæ дзы сдæ дæхæдæг дæр нæртон.

 Дæ зонды кард — Æхсары кардау — арæзт
æрвызгъæрæй: тæмæнкалгæ, кæрдаг.
Æз — амондджын: куы мыл æртыхсы асæст, —
дæ уды рухс мын амоны фæндаг.

 Нæ Иры Фарон, фарны лæг, — дæ авдæн,
нæ Иры Фидæн, фарны лæг, — дæ бадæн.

Йæ ирон адæмы гæвзыкк уавæрмæ кæсгæйæ йæ зæрдæйы тугтæ тагъд, афтæмæй нудæсæм æнусы кæрон Къоста фыста: «Лæджы хуызæн лæг нæм — ыстæм, бæрæг дæр нæ нал и, цы стæм, цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? — Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй... Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..» Æмæ цыма уæлæрвтæ поэты уды уидæгты хъæлæс фехъуыстой: ног, ссæдзæм, æнусы тæккæ къæсæргæрон æрлæууыди Вассо, «лæджы хуызæн лæг», æмæ XX æнус иууылдæр йæхи бакодта, йæхæдæг та канд XX æнусы нæ баци, фæлæ... Цал æнусыл аххæсдзæн йæ зонды рухс, уый Хуыцау йеддæмæ чи зоны?..

Фæлæ... Ам Вассойы генийыл нал дзурдзынæн, уый нæ рæбыны ис, сæфынæй тас ын нал у. Мæ ныхасы сæр: цæмæн нæ хъæуынц йæ æвæджиауы бынтæ, йæ уды фарн, йæ зонды хæзнатæ?

Фæстаг азты мах æгæр схъæлдзырд систæм. Афтæмæй нæ фыдæлтæ æппæлойтыл, хъилдзæуджытыл худгæ кодтой. Дзæгъæлы нæ баззадысты æмбисæндтæ: «Йæ ныхас Хуыцауы сæр æмбæлы», «Хицæй æппæлын ирмæ худинаг уыди» æмæ а.д. Ныр уыцы зонды ныхæстæ рохуаты аззадысты, æмæ нæ ницытæ ’мæ мацыты дæр уæларвон зæдты фарсмæ æрæвæрæм, амæй-ай æрттивагдæр, дзаджджындæр, нæргæдæр нæмттæ сыл авæрæм: разагъды лæг, куырыхон, Уастырджи, Уацилла, гени, Амыран, титан. Фæлæ нæм «лæджы хуызæн лæг» чи ис, рагон адæм «хæзнаты хæзна — лæджы дзæбæх» кæй хуыдтой, уыдоны та фаг нæ нымайæм. «Нымайын», зæгъгæ, уый афтæ æмбаргæ нæу, æмæ адæймаджы стау, æппæл дзы. «Нымайын» амоны хорзæн йæ миниуджытæ фæзмын, йæ фæдзæхстытæ йын æххæст кæнын. Къостайы фæдзæхстытæм цы цæстæй кæсæм, уый тыххæй кæддæр мæ иу уацы фæдзырдтон. Ныр та цалдæр ныхасы, Вассо йæ байзæддæгтæн цы ныффæдзæхста æмæ уыцы фæдзæхстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй.

«Стыр хæсджын стæм мах Гæдиаты Секъайы раз... Секъа ирон адæмæн бирæ хæрзты бацыд æмæ уый аккаг у, цæмæй йын аргъ кæнæм, ирон литературæйы æмæ культурæйы тæккæ номдзыддæр кусджытæн куыд аргъ кæнæм, афтæ... Ганисы хъæуы, кæм райгуырд æмæ цард, уыцы къæс хъуамæ суа хæдзар-музей. Йæ ингæн Дзæуджыхъæуы („Мечанты уæлмæрдтæ“ кæй хонынц, уым) ис æдзæллаг уавæры. Базилын æм хъæуы, стæй йыл хъуамæ æвæрд æрцæуа фыссæджы бюст. Ноджы хуыздæр та уаид, йе стджытæ йын Ирон аргъуаны кæртмæ, Къостайы ингæны цурмæ, рахæссын. Хъуамæ йæ ном æвæрд æрцæуа Ирыстоны горæтты уынгтыл, скъолатыл æмæ культурон кусæндæттыл».

Ацы рæнхъытæ Вассо ныффыста 1965 азы. Джиппы уагъд дæр æрцыдысты уыцы аз дыууæ ’взагыл (альманах «Советская Осетия», 1965, №26–27, журнал «Мах дуг», 1965, №10). Уæдæй нырмæ Цæгат Ирыстоны сæргъы лæууыд иу фондз хицауы, фæлæ дзы иуæн дæр йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди нæ разагъды лæджы фæрнæйдзаг фæдзæхстытæй исты райсын. Уый нæ, фæлæ ма Секъайæн йæ ингæн дæр зæфцы фыдæй худинаджы сæфт фæкодта Ирыстоны сæйраг сахары ирон адæмы цæстыты раз.

2005 азы Секъайы райгуырдыл сæххæст 150 азы. Юбилеймæ ма дыууæ азæй фылдæр хъуыд, афтæ фыстæг барвыстон Дзæуджыхъæуы мэримæ Пагæты Хъазыбеджы номыл. Куырдтон, цæмæй нæ номдзыд фыссæгæн цырт сæвæрæм нæ горæты, стæй йын Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу рахонæм йæ номæй, Абайты Вассойы 1965 азы ныхæстæ дæр ын йæ зæрдыл æрлæууын кодтон, фæлæ, уырыс цæйау акæнынц, — ни ответа, ни привета.

Вассо фæдзæхста: «Нæ интеллигенттæй бирæмæ афтæ зыны, цыма не ’взаг, ирон æвзаг, у мæгуыр, къуымых æмæ гуымыдза. Афтæ та сæм уымæн кæсы, æмæ сæхицæй рох кæнын байдыдта се ’взаг, дыууæ ныхасы æдæрсгæ кæрæдзийыл бабæттын нал арæхсынц æнæ уырыссаг фæхæццæ. (...) Уæлдай хæсджын сты нæ фысджытæ, цæмæй хæстæгдæр бацæуой нæ фольклормæ æмæ, фольклорыл ахуыргæнгæйæ, се ’взагыл хорз бакусой» («Мах дуг», 1935, №7–12). Ноджы фæдзæхста: «Бæлас бахуыскъ вæййы, зæххы йын йæ уидæгтæ куы алыг кæнай, уæд. Уымæ гæсгæ хъуамæ алы адæймагæн дæр закъон уа: бинонты ’хсæн мадæлон æвзаг хæдзардзинæй хъахъхъæнын» (чиныг «Народы — братья, языки — братья», Орджоникидзе, 1987). Ноджы фæдзæхста: «Ирон интеллигенцийы иу хай былысчъилæй кæсын райдыдта йæ мадæлон æвзагмæ, æмæ бирæтæ суанг сæ бинонты ’хсæн дæр нал дзурынц сæхи ’взагыл. Уый адæймаджы æфтауы катайыл. Хицæн цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ дæр ма Сырх чиныгмæ хаст куы цæуынц æмæ сæ хъахъхъæныныл зæрдиагæй куы куыстæуы, уæд æвзаг — алы адæймагæн дæр йæ зынаргъ культурон хæзна — цæуылнæ цæуы хъахъхъæд цæсты гагуыйау?» («Мах дуг», 1998, №5). Ноджы фæдзæхста (йæ амæлæтæй цалдæр мæйы раздæр): «Наукæйы бындурыл арæзт национ скъола нæм куынæ уа, уæд нын цæрæн нæй. Ууыл Дзæуджыхъæуы разамонджыты (æмбар æй: Цæгат Ирыстоны разамонджыты. — Хъ.Æ.) баууæндын кодтон, æмæ мын зæрдæ бавæрдтой алы хуызы дæр баххуыс кæнынæй» («Мах дуг», 2000, №11–12).

Ехх, бецау Вассо... Ирыстоны разамонджытæ фылдæр хатт сæ адæмы æвзаг хъахъхъæнынæй сæ бынæттæ хъахъхъæнын ахсджиагдæр хъуыддагыл нымадтой, Кремлы дзыхмæ кастысты, йæ бæрзонддзинад Конъюнктурæйы фæдзæхстытæ дæ фæдзæхстытæй уæлдæр æвæрдтой, ды та сын-иу сывæллонау сæ фæлывд ныхæстыл баууæндыдтæ! Уæдæ цы загъдæуа ирон интеллигенцийæ дæр? Мæ хъуыды та дам-думты амæттаг кæй фæуыдзæн, уый зонын, фæлæ цыма ирон интеллигенци уæвгæ дæр нæй, афтæ мæм кæсы (иронау чи фыссы, уыцы фысджыты æмæ журналистты кой нæ кæнын). Ныхас цæуы, ирон мад æмæ фыд кæй схастой, ирон дон-хорæй чи схъомыл, афтæмæй йæ къухы бынæй иу ирон дзырд кæмæн никуы рацыд, уыцы ирæттæ-ахуыргæндтыл. Цымæ уыдон цал сты? Æвæццæгæн, сæдæгæйттæ. Иронау чи фыссы (диссертацитæ, уацтæ, чингуытæ æмæ а.д.), уыдон та цал сты? Æнхъæлын, иу къухы æнгуылдзты фаг дæр не суыдзысты. Ахæм статистикæ, гъе...

Кадджын нæмтты, регалиты, премиты тыххæй цы загъта Вассо, уый дæр уæдæ иттæг хорз зонæм. Фæлæ йын йæ ныхæстæ-фæдзæхстытæ мурмæ дæр нæ дарæм. Уыйхыгъд бирæтæ се ’рмттæ иудадзыг дарынц хицæуттæм, бонджынтæм — раст мæгуыргурау: кæй æхца хъæуы, кæй риуыл ауындзгæ исты æрттиваг, кæй цыты ном — цыма цыты ном кургæйæ у, цыма дзы хи уды фыдæбон ничердыгæй хъæуы! Æмæ сарæх сты, адæмы хъæр нæ, фæлæ æрмæстдæр хицæутты хъæр чи ’мбары, ахæм «адæмонтæ», графоман-лауреаттæ, сгуыхæрдæй сгуыхтытæ. Литературæ, аивад та хæрдмæ нæ — бынырдæм рæзы, норвегиаг поэт Ролф Якобсены загъдау.

Бирæ цыдæртæ ма фæдзæхста Вассо фæстагæттæн... Йæ цард æмæ йæ бирæ азты удуæлдай куыстыл хъуыды кæнгæйæ мæ зæрдыл цæмæндæр æрлæууыдысты Къостайы мæнæ ацы дзырдбæстытæ: «арфæйы дзырд» («Додой»-ы), «адæмы фарн» («Гъæй-джиди»-йы), «фарны хъæр» («Æнæ фыййау»-ы). Цы сты «арфæйы дзырд» æмæ «фарны хъæр»? Фыццаджыдæр, æвзаг, дзыхы ныхас, наци наци цæмæй у, уый. Æмæ Вассо адæмы фарнæй, ирон æвзаджы фарнæй йæхицæн скодта «кад æмæ сæр» æмæ Къостайы фæстæ нæ дзыллæйæн сси сæ дзырддзæугæдæрты дзырддзæугæдæр — йæ дзыллæйы раз йæ бон уыди барджын ныхас ракæнын. Фæлæ дзырддзæугæмæ хъусæг куы нæ уа, нацийы йæ дзырд куы нæ хъæуа, уæд уый та нацийæн йæхи трагеди у...

Уыдзæнис юбилейтæ Вассойæн, кæндзысты та дзы стыр ныхæстæ «хъуыддагхуыз кадвæлгъаутæ». Иунæг рæнхъ дæр дзы чи никуы бакаст, ахæм «бæрзондылбадджытæ» та æфстау ист æрттиваг эпитеттæй дзæхст кæндзысты, æппæлынтыл нал ауæрддзысты.

Уыдæттæ тынг зын аразæн не сты. Бирæ зындæр у академикæн йе сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæнын æмæ джиппы рауадзын. Æмæ цымæ ууыл Ирыстоны — Цæгатæй Хуссармæ — исчи хъуыды кæны?

1990 азы чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыд йæ равзаргæ куыстыты фыццаг том. Уым райдайæны Вассо йæхæдæг фыста: «Издание избранных трудов рассчитано на четыре тома. Во второй том войдут работы по общему и сравнительному языкознанию, в третий — по иранистике и алановедению, в четвертый — статьи и выступления на разные темы».

Адонæй рухс федта æрмæст дыууæ томы. Сæ редактор æмæ аразæг Гусалты Витали сыл бирæ бафыдæбон кодта. Ныр уый æгас нал у, рухсаг уæд. Фæлæ иннæ дыууæ томы хъысмæт цы баци — Хуыцау йæ дæсны. Афтæмæй дыккаг томы рацыдыл дыууадæс азы цæуы.

Иу хатт ма йæ зæгъын: Къоста æмæ Вассойæ стырдæр хæрзты ничи бацыд ирон адæмæн. Уæдæ сын хъуамæ кад дæр уымæ гæсгæ чындæуа. Нæ республикæйы сæйраг сахары стырдæр уынгтæй иу Къостайы ном кæй хæссы, уый арфæйаг хабар у (уæвгæ ууыл дæр нæ фысджытæ, нæ ахуырады æмæ аивады кусджыты бирæ тох кæнын бахъуыди). Дыккаг ахæм уынг ма нæм, кæд нæ рæдийын, уæд иу ис — Доваторы проспект. Гъемæ бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ Доваторы проспект цæмæн? Уымæй, зæгъæм, Жуков къаддæр сгуыхтыты фæци? Кæнæ Рокоссовский? Кæнæ Кожедуб? Уый дзырдæн зæгъын. Нæ сахары хицæуттæ исты уынаффæ рахæссыны размæ бæстон кæй нæ ахъуыды кæнынц, ууыл у мæ ныхас. Афтæ куынæ уаид, уæд Ирыстоны сæйраг сахары стырдæр уынг хæссид XX æнусы Ирыстоны стырдæр лæг Абайты Вассойы ном. Афтæ кæнынц фендджын адæмтæ, йæ сæр сæрмæ чи хæссы, уыдон. Афтæ кæнынц нæ хæстæгдæр сыхæгтæ дæр: Калачы ис Руставелийы проспект, Налцыччы — Кулиевы проспект, Грознайы — Кадыровы проспект, Махачкалайы — Гамзатовы проспект æмæ а.д. Мæ бар куы уаид, уæд, ныртæккæ Куйбышевы ном чи хæссы, уыцы уынгæн та раттин Гæдиаты Секъайы ном (цæмæй Цомахъы уынгимæ ивддзаг ма кæна, уый тыххæй хуыйнæд: Секъайы уынг, улица Сека — Къостайы проспекты аналогимæ гæсгæ). Иннæ хабар та ахæм у. Дзæуджыхъæуы бæрæгдæр, кадджындæр, аивдæр бынæттæй иуы рухсы бадинаг Вассойæн цыртдзæвæн сæвæрын хъæуы. Уый аккаг у ацы фарны лæг? Æвæццæгæн, Иры дзыхъхъы фылдæр адæм «о» зæгъдзысты. Уæдæ ма каст цæмæ у? Фæрæзтæ нæй? Ис фæрæзтæ! Иу хатт Республикæйы бонæй (йе та театралон фестивалæй) нæхи æнæхай фæкæнæм. Уырдæм цы хæрдзтæ аивылинаг уа, уыдон та Ирыстоны хуыздæры цыртдзæвæнæн бахъæуæнт.

Мæ ныхас балхынцъ кæнинаг дæн, Вассо йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы æвзаджы тыххæй сагъæстæй.

2006–2007. Хохы Саниба

 

ИРОН ДЗЫРД

Абайты Вассойæн

Цы удвидар басгуыхт нæ дзырды фарн, уастæн! —
Мæ уарзт мын, мæ маст мын æнусты фæхаста.

 Фыстой йæ сæрмæттæ, уæд скифтæ сæ фæттæй,
сæ бæхты цæфхæдтæн сæ цъæхснаг цæхæртæй.

 Йæ дардыл хæтæнтæ — Дон, Днепры гуылфæнтæ,
йæ фарны кæлæнтæ — Донбеттыры сæнттæ.

 ...Æвæрдтой йыл цъутта æрцæуæг хæддзутæ,
цыфыддæр фыдгултæ: агуыр уа, фыд гуннтæ.

 Рæхуыстой йæ арцæй, фæлвæрдтой йæ артæй,
æхстой йæ мæнгардæй гадзрахаты фатæй.

 Æппæрстой йæ хъоргъы — куыд баззайа рохы.
Йæ цот æй фыдохы ныууагътой-иу рохы.

 Нæ басаст ирон дзырд — куырыхонæй номдзыд,
тыхы бон хæстон уыд: нæ фегад нæртон цыт.

 Æхсысти фæтыгау, куы буц уыд фæрдыгау.
Къостайы цæстытæй æрттывта æрвыгау.

 Уый ме ’лгъыст, мæ ард у, мæ денджыз, мæ арв у.
Хъæуы мæ йæ арфæ йæ фæтæн, йæ арфы.

 Куысты уа, фæдисы — мæ монц мын, мæ рис мын
æвзæгты цæдисы бæрзонд фарнмæ сисы.


[1] Вассо йæхæдæг йæ ном фыста дыууæ с-имæ.

[2] Ныхас цæуы Кочысаты Мухарбеджы уацмысты чиыыгыл (Орджоникидзе, 1977).

[3] Вассойы хъуыдытæй фæстæдæр спайда кодтой гуырдзы. Зæгъæм, фыссæг, журнал «Дружба народов»-ы редактор Александр Эбаноидзе Центрон телеуынæны бакасти скъуыддзаг ацы уацæй. «Москва — Кавказ», зæгъгæ, уыцы чиныджы та афтæ фыссы: «Кроме России ни одна из мировых держав не вовлечена в конфликты сегодня и не сделает этого в будущем. Вот причина патовой ситуации, которую навязывают Грузии и которая не будет принята ни нынешним руководством страны, ни ее любым будущим руководством. Как писал выдающийся осетинский ученый и патриарх Вассо Абаев, „Никакое грузинское руководство на это не пойдет. И будет право“» (М., «Грифон» 2007, 205 ф.).

Вассойы автограф

Фыстæг Хъодзаты Æхсарæн

Фыстæг Хъодзаты Æхсарæн

Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.