Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Дæ сæр сæрмæ хæсс —
Де ’взаг зонын дæ хæс.

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм. Сæр 5

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Æнæуаг ми

1 Бæлвырдæй куыд айхъуыст, афтæмæй уæм фæзынди хъахбай ми, стæй ахæм хъахбай ми, æмæ суанг муртаттæй дæр ахæм хъуыддаг нæ райхъуыст — чидæр, дам, цæры йæ фыдыусимæ.

2 Хъалы бæсты сымахæн кæуын æмбæлы, цæмæй ахæм хъуыддаг чи сарæзта, уый фæсырдæуа уе ’хсæнæй.

ЗÆз та уæм дард дæн, фæлæ удæй уемæ дæн, æмæ цыма æцæгдæр уемæ дæн, афтæ бауынаффæ кодтон, ахæм хъуыддаг бакæнæгæн цы бачындæуа, уый тыххæй:

4 Нæ Хицау Йесойы номыл куы æрæмбырд уат, уæд мæ уд дæр уыдзæн уемæ, æмæ уыцы фыдгæнæджы нæ Хицау Йесойы хъаруйæ

5 Бакæнæм хæйрæджы бар йæ буар ын бафхæрыны тыххæй, цæмæй йæ уд фервæза, нæ Хицау тæрхон куы кæна, уыцы бон.

6 Раппæлинагæй уæм ницы ис. Армыдзаг æнхъизæн хыссæ æгасæй дæр кæй сæнхъизын кæны, уый нæ зонут, æви?

7 Уæдæ уæхи ссыгъдæг кæнут зæронд æнхъизæнæй, цæмæй фестат ног, æнæнхъизæн хыссæ. Сымах æцæгдæр ахæмтæ стут, уымæн æмæ Чырыстийы, нæ Куадзæны Уæрыччы, нывондæн æрхастæуыд.

8 Уæдæ бæрæгбон сыгъдæгзæрдæйæ бæрæг кæнæм зæронд æнхъизæнимæ нæ, хæлды æмæ фыдæхы æнхъизæнимæ нæ, фæлæ æцæгады донгонд дзултимæ.

9 Æз уæм мæ фыстæджы фыстон, хæтаг чи у, уыдонмæ æмгæрон нæ цæуыны тыххæй.

10 Æниу уæм ацы дунейы хæлд адæммæ, кæнæ кæрæфтæм, кæнæ стигъджытæм, кæнæ мæнгхуыцæуттæн кувджытæм æмгæрон нæ цæуыны тыххæй нæ фыстон, — науæд сымах ацы дуне ныууадзын хъæуид, —

11 Фæлæ уæм æз фыстон, цæмæй æмгæрон ма цæуат, йæхи æфсымæр чи хоны, афтæмæй хæтаг кæнæ кæрæф, кæнæ мæнгхуыцæуттæн кувæг, кæнæ цъыфкалæг, кæнæ расыггæнаг, кæнæ стигъæг чи у, уымæ. Ахæмимæ иу фынгыл дæр макуы бадут.

12 Æнæуырнджытæн æз цæмæн хъуамæ тæрхон кæнон? Уырнджытæн та сымах хъуамæ хæссат тæрхон —

13 Æнæуырнджытæн Хуыцау у тæрхонгæнæг. Уæдæ «хæлд адæймаджы фæсурут уе ’хсæнæй».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.