Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм. Сæр 10

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Израилæгтыл цы æрцыд, уый зондыхосу

1 Мæн фæнды, æфсымæртæ, цæмæй сымах зонат, нæ фыдæлтæ иууылдæр æврагъы дæлбазыр кæй уыдысты, æмæ сеппæт дæр Сырх денджызыл кæй ахызтысты, уый.

2 Уыдонæн сеппæтыл дæр Моисеимæ саргъуыдæуыд æврагъ æмæ денджызы.

3 Сеппæт дæр хордтой уыциу уæларвон хойраг.

4 Сеппæт дæр нуæзтой уыциу уæларвон донæй — семæ чи уыдис, уыцы уæларвон къæдзæхæй ракæлгæ донæй; уыцы къæдзæх та уыди Чырысти.

5 Фæлæ Хуыцау сæ фылдæрæй райгонд нæ уыд, æмæ фæцагъды сты æдзæрæг бæстæйы.

6 Уыдæттæ та махæн зондыхос сты — фыдæхмæ æмхиц ма уæм, уыдон æм куыд æмхиц уыдысты, афтæ.

7 Ма ут мæнгхуыцæуттæн кувджытæ, уыдонæй сын бирæтæ куыд куывтой, афтæ; Сыгъдæг Фыст уыдоны тыххæй зæгъы: «Адæм æрбадтысты хæрд æмæ нозтыл, стæй сыстадысты æмæ сын бацайдагъ хъазт».

8 Ма хæтæм, уыдонæй бирæтæ хæтыныл куыд бафтыдысты, афтæ; уый тыххæй дзы иу бонмæ фæмард æртæ æмæ ссæдз мины.

9 Ма къахæм Чырыстийы, уыдонæй Йæ бирæтæ куыд къахтой, афтæ; уый тыххæй фæцагъды сты кæлмыты хæстæй.

10 Ма хъуыр-хъуыр кæнут, уыдонæй бирæтæ куыд хъуыр-хъуыр кодтой, афтæ; уый тыххæй сæ фæцагъта удхæссæг зæд.

11 Сæ хабæрттæ махæн зондыхос сты; æмæ сæ ныффыстæуыди, цæмæй мах, рæстæджы кæроны цæрджытæ, ахуыр кæнæм уыдоныл.

12 Уæдæ кæд исчи афтæ æнхъæл у, фидар лæууы, зæгъгæ, уæд кæсæд йæхимæ, цæмæй ма ахауа.

13 Сымах бахаудтат, адæймаг кæм бахауы, ахæм фæлварæны. Фæлæ Хуыцау иузæрдион у, æмæ уыл не ’руадздзæн, тых уæм кæй фаг нæ разына, ахæм фæлварæн, фæлæ уын уæ фæлварæны баххуыс кæндзæн, куыд ын бафæразат, афтæ.

Хицауы фынг æмæ дæлимонты фынг

14 Уæдæ, мæ уарзон хæлæрттæ, уæхи хизут мæнгхуыцæуттæм кувынæй.

15 Æз зæгъын, æмбаргæтæн куыд фæзагъдæуы, афтæ. Æмæ цы зæгъын, ууыл уæхæдæг ахъуыды кæнут.

16 Цы арфæйы кæхцы тыххæй арфæ кæнæм, уый мах Чырыстийы Тугимæ нæ иу кæны, æви? Æмæ цы дзул асæттæм, уый мах Чырыстийы Буаримæ нæ иу кæны, æви?

17 Дзул иу кæй у, уымæ гæсгæ мах, бирæ адæм, иу буар стæм, уымæн æмæ иу дзулæй райсы алчидæр йæ хай.

18 Акæсут-ма, туг-стæгæй израилаг чи у, уыдонмæ — нывондæй куы фæхæрынц, уæд нывондхæссæны раз лæггадгæнджытæ нæ вæййынц, æви?

19 Æз цы зæгъын уымæй? Мæнгхуыцау исты у, кæнæ мæнгхуыцауæн цы нывонд æрхæссынц, уый исты у, зæгъгæ?

20 Нæ! Фæлæ муртаттæ цы нывондтæ æрхæссынц, уыдоны Хуыцауæн нæ хæссынц, фæлæ дæлимонтæн. Мæн та нæ фæнды, æмæ дæлимонтимæ баст уат.

21 Хицауы кæхцæй дæр нуазын æмæ дæлимонты кæхцæй дæр нуазын уын не ’мбæлы. Хицауы фынгыл дæр бадын æмæ дæлимонты фынгыл дæр бадын уын не ’мбæлы.

22 Ау, мах Хицауы мæсты кæндзыстæм? Мах Уымæй, мыййаг, тыхджындæр стæм?

Цы кæныс — уый Хуыцауы кадæн

23 Ис алцыдæр кæныны бар, фæлæ алцы пайда нæу. Ис алцыдæр кæныны бар, фæлæ алцы фидаргæнæг нæу.

24 Йæхи пайдайыл мачи тыхсæд, фæлæ алчидæр тыхсæд иннæйы пайдайыл.

25 Уæййаг цыдæриддæр ис, уый хæрут æнæ равзар-бавзарæй, æнæзæрдæхсайгæйæ.

26 Уымæн æмæ «зæхх, стæй зæххыл цыдæриддæр ис, уый Хицауы у».

27 Æнæуырнджытæй уæ исчи куы фæхона, æмæ уæ ацæуын куы бафæнда, уæд уын цы æрæвæрой, уый бахæрут æнæ равзар-бавзарæй, æнæзæрдæхсайгæйæ.

28 Фæлæ уын исчи куы зæгъа: «Уый мæнгхуыцауæн хаст нывонд у», уæд дзы ма бахæрут уыцы адæймаджы тыххæй æмæ æфсармы сæраппонд.

29 Æз сымах æфсармы тыххæй нæ зæгъын, фæлæ уыцы адæймаджы æфсармы тыххæй. Мæ сæрибарæн мын кæйдæр æфсарм цæмæ гæсгæ хъуамæ уа тæрхонгæнæг?

30 Кæд бузныгæй хæрын, уæд бузныг цæмæй дæн, уый тыххæй мын цæмæн хъуамæ бауайдзæф кæна исчи?

31 Уæдæ хæргæ кæнат æви нуазгæ, æви æндæр исты хъуыддаг аразат, æппæт дæр кæнут Хуыцауы кадæн.

32 Цæлхдур ма ут нæдæр иудейтæн, нæдæр бердзентæн, нæдæр Хуыцауы аргъуанæн,

33 Æз дæр алы хъуыддаджы алкæйы зæрдæ куыд æлхæнын, афтæ. Мæхи пайдамæ нæ бæллын, фæлæ бирæты пайдамæ, цæмæй фервæзой.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.