Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

ТЪЕХТЫ Валентин

САНАТЫ СЕМЫ ТАУРÆГЪТÆЙ

Иуахæмы Сем уазæгуаты афтыд Хуссар Ирмæ йе ’рвадæлтæм. Фысымтæ йыл тынг бацин кодтой. Фыс ын аргæвстой, сцæттæ кодтой алыхуызон хæринæгтæ, нозт, фæдзырдтой сыхæгтæм. Хорз фæминас кодтой...

Сем йæхи уæздан дардта, бирæ нæ ныхас кодта. Дзæбæх куы бахъæлдзæг сты, уæд сыхæгтæй иу, «хæйрæггонд» чи уыд, ахæм лæг, Семмæ дзуры:

— Сем, ирон адæм зæххыл дæуæй зондджындæр никæй хонынц. Æнхъæлмæ кæсæм, кæд дæ исты зонд райсиккам, зæгъгæ, фæлæ дæ нырма иу ныхас нæма фехъуыстам...

Сем ахъуыды кодта æмæ загъта:

— Ахсæв дзы, æвæццæгæн, ницыуал рауайдзæнис, нозтджын стæм. Æмæ æз дæр диссагæй ницы зæгъдзынæн, стæй сымах дæр райсоммæ ферох уыдзæн. Райсом та бацархайдзынæн, цæмæй уын уæ зæрдæтæ истæмæй барухс кæнон. Хорз?..

Райсомæй Сем æрæгмæ райхъал — æхсæв бирæ фæбадтысты æмæ æрæгмæ бахуыссыдысты. Куы сыстад, уæд йæ цæстытæ асæрфта æмæ араст, хъæуы сæрмæ къуылдымыл бæласы бын цы суадон уыд, уырдæм. Йæхи ныхсадта, банызта суадоны донæй æмæ сбадтис бæласы бын дурыл. Хъуыды кæны, йæ фысымтæн цы диссаг хабар радзура, ууыл. Уалынмæ кæсы, æмæ, дæрддзæфгомау сæ фос цы дыууæ фыййауы хызтой, уыдон кæрæдзимæ хъаматæ систой, кæрæдзийы нæмынц, хъæр-хъæлæба сарæх. Сем сæм азгъордта æмæ сæ баиргъæвта. Фыййæуттæ куы ’рсабыр сты, уæд сæ бафарста:

— Цы кæнут? Цæуыл у уæ хылы сæр?..

Фыййæуттæй йын иу загъта:

— Знон, фос куы раскъæрдтам, уæд мæ куыдз ныгуылæнæрдæм ацыд, здæхгæ та æрбакодта скæсæнæрдыгæй...

— Нæ, нæ, раст нæ дзуры... — йæ ныхас ын айста иннæ фыййау, — куыдз ацыд скæсæнæрдæм æмæ ’рбацыд ныгуылæнæрдыгæй...

Сем бамбæрста, сæ хылы сæр цæуыл уыд, уый. Дыууæ фыййауы кæрæдзийы нæ бамбæрстой, стæй ацы ран дæр фыццаг хатт уыдысты. Ахъуыды кодта æмæ загъта:

— Æз уын куы феххуыс кæнон æмæ уæ дыууæйы дæр куы сраст кæнон, уæд мын фæйнæ фондз фысы ратдзыстут?

Фыййæуттæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ разыйы дзуапп радтой.

Сем сын уæд загъта:

— Цæут комкоммæ, цалынмæ уыл æз нæ амбæлон, уæдмæ, — æмæ сæ иуы ныгуылæнæрдæм арвыста, иннæйы — скæсæнæрдæм.

Цасдæр рæстæджы фæстæ дыууæ фыййауы Семы размæ æрбахæццæ сты. Бамбæрстой, къуылдым тымбыл кæй уыд, æмæ хъуыддаг уый мидæг кæй ис...

Радтой йын дæс фысы. Сем сын раарфæ кодта:

— Бузныг уын! Хъыг уæм ма фæкæсæд, фæлæ уæ куыйтæ уæхицæй зондджындæр разындысты. Ног бынат сымахæй хуыздæр раиртæстой.

Уæд фыййæуттæ загътой:

— Ды дæр æмæ ныл куыйтæ дæр зондæй фæтых стут... Хæлар дын уæнт нæ фыстæ æмæ фæндараст кæн!..

Сем йæ фысымтæн балæвар кодта уыцы дæс фысы. Дæс хатты фылдæрæй, дам, уын фидын уæ фысы.

Ацы хабар Сем иу фынджы уæлхъус йæхæдæг радзырдта. Адæм æм хъуыстой æмæ худæгæй мардысты.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.