Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коста Хетагуров как основоположник всего связанного с осетинским языком?..

Ног Фæдзæхст

Апостол Петры дыккаг фыстæг. 3-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Йесойы æрцыды бон

1 Æз сымахмæ цы фыстæг фыссын, уый дыккаг у, мæ уарзон хæлæрттæ. Дыууæ фыстæджы дæр уын уæ зæрдыл цы лæууын кæнын, уымæй архайын уæ сыгъдæг хъуыдытæ райхъал кæныныл.

2 Рох уæ ма уæнт, сыгъдæг пехуымпартæ рагагъоммæ кæй загътой, уыцы ныхæстæ, стæй уын уæ апостолты дзыхæй Хицау æмæ Ирвæзынгæнæг кæй фехъусын кодта, Йæ уыцы фæдзæхст.

3 Фыццаджыдæр зонут, рæстæджы кæрон кæй фæзындзысты, сæ чъизи монцты дæлбар чи уыдзæн, ахæм фауджытæ. Уыдон уыл худдзысты:

4 «Кæм ис, зæрдæ кæмæй бавæрдта, Йæ уыцы дыккаг æрцыд? Уымæн æмæ нæ фыдæлтæ дæр амардысты, фæлæ дуне сфæлдисынæй нырмæ æппæт дæр баззад, цы уыд, уымæй».

5 Афтæ чи хъуыды кæны, уыдон нæ зонынц: Хуыцауы ныхасæй рагзаманы арв æмæ зæхх скондæуыд донæй æмæ доны фæрцы.

6 Уымæ гæсгæ уæдыккон дуне фæдæлдон æмæ бабын.

7 Ныртæккæйы арв æмæ зæхх та уыцы ныхасæй ауæрст сты басудзынмæ — тæрхоны бон бабын уыдзысты уыдон дæр æмæ æппæт æнæхуыцæуттæ дæр.

8 Мæ уарзон хæлæрттæ, иу хъуыддаг сымахæн хъуамæ сусæг ма уа: Хицауæн иу бон мин азы хуызæн у, мин азы та — иу боны хуызæн.

9 Иуæй-иутæм куыд кæсы, афтæ Хицау фæстиат нæ кæны Йæ зæрдæвæрд сæххæст кæныныл, фæлæ уын бирæ быхсы — фæнды Йæ, иу адæймаг дæр куыд нæ фесæфа, фæлæ иууылдæр куыд æрфæсмон кæной.

10 Хуыснæг куыд æрцæуы, афтæ уыдзæн Хицауы æрцыд дæр. Арв гæрæхтæгæнгæ цыдæр æрбауыдзæн, арвыл цыдæриддæр ис, уыдон цæхæр фестдзысты æмæ ныппырхуыдзысты, зæхх йæхæдæгдæр æмæ йыл цы хъуыддæгтæ ис, уыдон иууылдæр басудздзысты.

11 Кæд æппæт уыдæттæ афтæ ныппырх уыдзысты, уæд сымах та цавæр хъуамæ уат? Сымах уæ сыгъдæг царды хъуамæ æнувыд уат Хуыцауыл,

12 Æнхъæлмæ кæсат æмæ бæллат Хуыцауы боны æрцыдмæ. Уыцы бон арвыл сирвæздзæн арт æмæ ныппырх уыдзæн, цыдæриддæр ыл ис, уыдон фестдзысты цæхæр æмæ батайдзысты.

13 Фæлæ махæн Хуыцау зæрдæ бавæрдта æмæ æнхъæлмæ кæсæм, рæстад кæм æрцæрдзæн, уыцы ног арв æмæ ног зæхмæ.

14 Уæдæ, мæ уарзон хæлæрттæ, æппæт уыдæттæм æнхъæлмæ кæсгæйæ, бацархайут, Йæ разы сыгъдæгæй, æнаиппæй æмæ Йемæ фидыдæй æрлæууыныл.

15 Æмæ нæ Хицау бирæ кæй быхсы, уый нымайут фервæзыны фадатыл; Хуыцауæй йын лæвæрд зондæй сымахмæ уый тыххæй фыста нæ уарзон æфсымæр Павел дæр.

16 Афтæ Павел фыссы йеппæт фыстæджыты, уыдæттыл куы фæдзуры, уæд. Йæ фыстыты ис зынæмбарæн бынæттæ, æмæ сæ æнæфенд æмæ, йæ уырнынад кæмæн не сфидар, уыдон зыгъуыммæ кæнынц иннæ Фыстытау, æмæ уымæй сæхи кæнынц мæлæты амæддаг.

17 Уæдæ, мæ уарзон хæлæрттæ, уыдæтты тыххæй сымах зонут ныридæгæн æмæ уæхи хъахъхъæнут, хæлд адæмы рæдыд фæндагыл куыд нæ ацæуат æмæ, фидар цæуыл лæуут, уымæй куыд нæ фæиппæрд уат, афтæ.

18 Рæзуг нæ Хицау æмæ Ирвæзынгæнæг Йесо Чырыстийы хорзæхæй хайджынæй, тырнут ноджы Йæ хуыздæр базонынмæ. Кад Ын уæд абон дæр æмæ мыггагмæ дæр! Амен.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.