Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Цы хъуамæ кæна адæймаг, цæмæй фылдæр фæцæра? (дохтыр Дзугкойты Маринæйы статья)

Орфографические и пунктуационные правила осетинского языка. Владикавказ: Ир, 2004. 2000 экз.

Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ

VII. СТЫР ДАМГЪÆ

89 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы хъуыдыйады фыццаг дзырд.

Фиппаинæгтæ: 1. Æмдзæвгæйы мидæг стыр дамгъæйæ фыссæн ис алы рæнхъы фыццаг дзырд дæр.

2. Комкоммæ ныхасы фæстæ авторы дзырдтæ фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: «Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы», — дзуры зæронд Хадзумар (Хъуылаты С.). «Ацы зæххы гæбаз нын гутонæй куы бакæна сæ трактор, уæд уый чысыл æххуыс у?» — загъта Хæмæт æмæ акасти, зæххæй æнæкондæй цы лыггаг баззад, уымæ (Гæдиаты Ц.). «Оу, уæлæ хур кæдæм ссыд! Цы карз фынæй аистæм!» — сдзырдта Аслæмбег (Санаты У.)

3. Иу хъуыдыйады бирæстъæлфыгтæй хицæнгонд хъуыдыты скъуыддзæгтæ куы æмбæла, уæд дзы стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы æрмæст фыццаг дзырд, бирæстъæлфыгты фæстæ хъуыдыты скъуыддзæгтæ та фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: Йæхæдæг (Илас) загъта: «Дæ фырт Мысост… зæгъ ын, æмæ ныууадза афоныл… стæй тасы сахат, мыййаг…» (Гæдиаты Ц.).

90 §. Хъуыдыйады райдайæны сидæны кæнæ æвастхъæры фæстæ хъæры нысан куы вæййы, уæд йæ фæстæ æвæрд дзырд фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Гъæй-джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид Иу сау къæдзæхы сæрæй (Къоста).

Фиппаинаг. Хъæры нысан хъуыдыйады астæу æвастхъæры фæстæ æвæрд куы вæййы, уæд йæ фæстæ лæууæг дзырд фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: Уый фæстæ — гъæйдæ-гъа! — райста дзырдарæхсгæ диссæгтæ дзурын (Къоста).

91 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы дыстъæлфы фæстæ фыццаг дзырд:

1. Комкоммæ ныхасы райдайæны куы вæййы, уæд: «Куыд цæрут»-æй йæ куыддæр бафæрсай, афтæ дын уый ахæм цыбыр дзуапп ратдзæн: «Цæрæм, дæ рын бахæрон, фыдæбон цардыл нымайæм» (Хъуылаты С.).

2. Цитатæйы фыццаг дзырд сæрмагонд хъуыдыйады райдайæн куы вæййы, уæд: Мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй йæхæдæг: «Артист хъуамæ зона йæ хъуыдыты базыртыл незамантæм атæхын, кæм никуы уыд, ахæм бæсты февзæрын» (Бæциаты А.).

Фиппаинаг. Цитатæ æвæрд куы ’рцæуы хъуыдыйады мидæг, куыд йæ хай, афтæ, уæд æй фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: «Æрмæст критик (Тыбылты А.) «стæм хатт æрцæуæг æбуалгъ æмбисонд» кæй хоны, уый фыссæг нымадта, сылгоймаг «арæх цы миниуджытæ равдисы», ууыл (Джусойты Н.).

92 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы адæймæгты мыггæгтæ, фыды нæмттæ (дзырд «фырт»-æй фæстæмæ), нæмттæ, фæсномыгтæ: Дзанайты Уасилы фырт Иван (Нигер), Коцойты Арсен (Хабос), Тогызты Газакк, Дзынга, Цола.

Стыр дамгъæйæ фыст цæуынц, ирон адæм рагæй нырмæ кæмæй пайда кодтой, уыцы нывыл карст мыггагон нæмттæ: Мамион (Хъарадзау), Мыртазон (Барис), Фæрнион (Къоста), Фидарон, Цæразон, Бутиан, Нанион, Тахъазон, Гуырион, Хетæджы-фырт, Абайы-фырт.

93 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы Уæрæсейы Федерацийы иууыл бæрзонддæр бынæтты нæмттæ æмæ кадджын нæмттæ: Уæрæсейы Федерацийы Президент, Цæгат Ирыстон-Аланийы Президент, Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдар, Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыр, Уæрæсейы Федерацийы Маршæл.

Æндæр куысты бынæтты нæмттæ, титултæ фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: министр, сæрдар, президент, маршæл, ахуырады сгуыхт архайæг.

94 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы фосыл, цæрæгойтыл æвæрд нæмттæ: Хъусой, Æрфæн, Бодз, Хъулон, Гино.

95 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы астрономион æмæ географион объектты нæмттæ (паддзахæдты æмæ уыдон административон-территориалон хæйтты нæмттæ), уынгты, агъуыстыты æмæ æндæр ахæмты нæмттæ. Уыцы нæмттæ дыууæ кæнæ фылдæр дзырдæй арæзт куы вæййынц, уæд æххуысгæнæг дзырдтæ ком, горæт, денджыз, сакъадах, фæз, уынг æмæ æндæртæ фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: Марс, Бонвæрнон, Æрфæны фæд, Авд хойы, Фисынмæдзæуджытæ; Европæ, Африкæ, Кавказ, Ирыстон, Уæллаг Хъобан; Сау денджыз, Хъазыбеджы хох, Майлийы цъити; горæт Дзæуджыхъæу, Революцийы фæз, Сабырдзинады проспект, Абайты Васойы уынг; цæугæдон Терк, Джызæл, Къостайыхъæу.

Фиппаинаг. Дзырдтæ хур, зæхх, мæй астрономион нæмттæ куы вæййынц, уæд сæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Зæхх зилы Хуры алыварс. Космонавттæ сæхи цæттæ кæнынц Мæй басгарынмæ.

Республикæты, паддзахæдты æмæ æндæр бæстæты официалон нæмтты æппæт дзырдтæ дæр фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани, Республикæ Хуссар Ирыстон, Кæсæг-Балхъары Республикæ, Корейы Адæмон-Демократон Республикæ, Уæрæсейы Федераци, Америкæйы Иугонд Штаттæ, Гуырдзыстон, Фæскавказ, Ирыстон.

Фиппаинаг. Дунейы фæрсты нæмттæ фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ, фæлæ уыдон ист куы ’рцæуынц, куыд территориалон нæмттæ, афтæ, уæд сæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Ныгуылæны паддзахæдтæ; Цæгат æмæ Хуссары адæмыхæттытæ; Цæгаты полюс.

96 §. Историон цауты, дугты æмæ фæзындты сæрмагонд нæмттæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ. Уыдон дыууæ кæнæ фыдæр дзырдæй арæзт куы вæййынц, уæд дзы стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы фыццаг дзырд æмæ, дзырдбасты цы сæрмагонд дзырдтæ уа, уыдон: Октябры революци, Фыдыбæстæйы Стыр хæст, Римаг импери, Ренессанс, Реформаци.

97 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы бæрæгбæтты æмæ зынгæ цауты нæмтты фыццаг дзырдтæ: Фыццæгæм май, Дунейы сылгоймæгты бон, Ног аз, Уæлахизы бæрæгбон.

Фиппаинаг. Ирон адæмы динимæ баст бæрæгбæтты, зæдты, дауджыты æмæ дзуæртты нæмттæ дæр фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Стыр Хуыцау, Уастырджи, Джеоргуыба, Уацилла, Фæлвæра, Æфсати, Хетæджы къох, Хуыцауы дзуар, Мыкалгабыртæ.

Фæлæ: цыппурс, бынаты ’хсæв, куадзæн, зæрдæвæрæн, кæхцгæнæн(тæ), джеоргуыбайы мæй.

98 §. Орденты нæмттæ æххæстæй фысгæйæ, стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы æппæт дзырдтæ дæр, «орден» æмæ «къæпхæн»-æй фæстæмæ: Ленины орден, Фæллайадон Сырх Тырысайы орден, Сырх Стъалыйы орден, Фыдыбæсты хæсты I къæпхæны орден, Намысы II къæпхæны орден.

99 §. Дунеон æмæ уæлдæр паддзахадон кусæндæтты æмæ организациты нæмтты стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы æппæт дзырдтæ дæр: Иугонд Нациты Организаци, Æдасдзинады Совет, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ, Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Тæрхондон, Федерацийы Совет, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент.

100 §. Министрадты æмæ уыдоны сæйраг уынаффæдæтты нæмтты, стæй иннæ центрон кусæндæтты æмæ организациты нæмттæ (93 §-ы нымад чи æрцыд, уыдонæй фæстæмæ) стыр дамгъæйæ фыст цæуы æрмæст номы фыццаг дзырд, стæй дзы цы сæрмагонд нæмттæ ис, уыдон: Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Мидхъуыддæгты министрад, Дзæуджыхъæуы зонадон (наукон) центр, Уæрæсейы Федерацийы Зонæдты (Наукæты) академи, Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет, Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театр, Спорты галуан, Культурæйы галуан, Культурæйы хæдзар.

Сæргæндтæ:


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.