Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Бекоев Д. Г. Иронский диалект осетинского языка

Хурзæрин. Сывæллæтты литературæйы
антологи. 2 т. Т. 2. Орджоникидзе, «Ир», 1974.

Ходы Камал

ГАМО

Изæр-иу схуыссыны размæ лæгъстæ кæнын байдыдтон:

— Баба, акæн-ма мæн дæр райсом хъæдмæ. Æз дын дæ галыл иунæг дзынга абадын дæр нæ бауадздзынæн...

— Хорз, хорз, мæ хур,— дзуапп-иу лæвæрдта мæ фыдыфыд,— æрмæст та-иу хъуыр-хъуыр ма кæн, сæумæцъæхыл дæ куы хъал кæнон, уæд...

Нæ кæндзынæн, зæгъгæ-иу ын ард хордтон.

Фæлæ мæ ныхас никуы сæххæст кодтон: хъыг-иу мын уыди, боныцъæхмæ ма-иу дзæвгар куы хъуыди, афтæ-иу мæ баба сабыргай куы бауыгъта, фæгæпп кæн, лæппу, æмæ гал аифтындз, зæгъгæ, уæд.

Гал ифтындзын зонгæ рагæй кæнын, фæлæ мыл уыцы куыст æрæджы æууæндын байдыдта баба. Ныр дзы диссагæй та уæвгæ ницы ис. Гал, миййаг, бæх куынæ у: тæбынгтæй иу слас æмæ уæрдоны рæтæнæгъдтæ хæрдмæ схъен кæн, уыййедтæмæ Гамо (афтæ хуины нæ галы ном) йæхæдæг бамбары хъуыддаг — уайтагъд бухъхъытæгæнгæ йæ бынат æрцахсы. Стæй йын æфсондз йæ бæрзæйыл æруадз, дыккаг тæбынг æртъысс, тæбынгбос галы хъуырыл æрбайс, сæрбос æфсондзыл афидар кæн — æмæ галуæрдон цæттæ хъæдмæ цæуынмæ. Раст зæгъын хъæуы, ноджыдæр ма дзы бирæ цыдæртæ и, цæмæй хъæддзауы æрдæгфæндагæй фæстæмæ здæхын ма бахъæуа, уый тыххæй, фæлæ уыцы хъуыддæгтæ баба изæр бакæны: зæгъæм, хъуамæ уæрдоныл фæсте иу сæрхъæдæй иннæ сæрхъæдмæ дзуарæвæрд баст уа даргъ бæндæн, гуыффæйы — сыгъдæг хъæмп, бадынæн фæлмæндæр куыд уа, афтæ, дыууæ фæрæты: стырдæр сугтæ кæнынæн, къаддæр та мих æмæ уис цæгъдынæн. Æрмæст мих æмæ уис, кæнæ æрмæст суг ласынмæ куы фæцæуæм, уæддæр баба иунæг фæрæт никуы сæвæры — куыд вæййы, цы вæййы, ис мæгуыры хос нæу...

Абон мæ уæлдай раздæр райхъал кодта баба. Мæ цæстытæ тымбыл къухтæй æууæрдгæ рабадтæн мæ хуыссæны. Мæ бакомкоммæ баба гыццыл бандоныл бады æмæ йæ хъусджын дзабыртæ кæны.

— Скъæты дуар-иу дзæбæх рассон, фыстæ ма рауадз, — кæртмæ куы рахызтæн, уæд ма мæ фæстæ радзырдта.

Кæд уалдзæг раджы ныллæууыди, уæддæр райсомæй тынг уазал вæййы. Скъæты дуар куы байгом кодтон, уæд цавæрдæр æхсызгон хъарм фаджысы тæфимæ цæсгомыл сæмбæлди... Талынг у скъæты. Фæлæ уæддæр æз комкоммæ бацыдтæн, æмæ Гамойы сæрбосыл мæ къух фæхæст. Йæ фарс ын бацавтон æмæ гал раздæр зивæггæнæгау уæззау ныуулæфыди, стæй, цыма, хинымæр афтæ загъта, «цы уа, уый уæд», зæгъгæ, уыйау æвиппайды йæ цыппæртыл алæууыд.

Куы йæ сифтыгътон, уæд ын йæ фæлмæн дæллагхъуыртыл мæ къухтæ схъарм кодтон.

Диссаджы гал у Гамо. Сыхæгтæ нæм иууылдæр хæлæг кæнынц, ахæм хъæддзау гал нæм кæй ис, уый тыххæй. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Гамо æнахуыр æмбаргæ у. Йæ хабæрттæ уын куы радзурон, уæд уæхи дæр бауырндзæни уыцы хъуыддаг.

Хъæд нæм дард, миййаг, нæу. Кæд уа дыууæ сахаты цыд. Фæлæ фæндаг зын фæндаг у. Иуæй дзы бирæ ис хæрдтæ æмæ уырдыджытæ, иннæмæй та вæййы тынг гуыргъахъхъ, уæлдайдæр зымæгон. Ахæм гуыргъахъхъы цыппарцæфхадджын бæхæн дæр зын цæуæн куы у, уæд дзы галæн йæ сæфтæджытæ нæ риссынц! Стæй дзы, науæд, иу æмæ дыууæ галæн асæтты йæ сæфтæг, æмæ уæд мæйгæйттæ кусынæн нал сбæззынц. Фæлæ Гамо иуæй-иу галтау æнæсæрфат цыдтытæ нæ кæны. Хъавгæ, фæндагмæ лæмбынæг кæсгæйæ йæ къах уæздан ист кæнын байдайы.

Мах хъæды дæхæдæг куынæ уай, уæд нæ бамбардзынæ, суджы уæрдонимæ рагъæй куыд зын цæуæн у, уый. Ранæй-рæтты фæндаг у бынтон æмуырдыг. Æнæмæнг ыл цæуын хъæуы «бырæнимæ» — афтæ хоны баба, гуыффæйæ зæхмæ цы сывылдзы лыггаг сбыцæу кæны, уæрдоныл фæстæмæ хæца, зæгъгæ, уый. Кæд «бырæн» гутонау хахх байдайы, уæддæр фæстæмæ хæцынæн уыйбæрц ахъаз нæ вæййы. Уымæ гæсгæ, гал æмбаргæ куынæ уа, йæ сæрбосыл ын фæлтæрд хъæддзау куынæ хæца, уæд лæгæй, галæй, уæрдонæй ныххæррæгъ уыдзысты, далæ бынæй «паддзахвæндаг» комы гæрзæй-гæрзмæ ехсы фæдау кæцæй зыны, уым. Фæлæ Гамо... Зæххардыстæн, нæхи гал у, уый тыххæй дзы не ’ппæлын!.. Гамо цыфæнды уырдыджы дæр цымыдис тарст никуы фæкодта. Цыма йæхи уæлгоммæ йе ’рагъы нуæрттыл аппарынмæ фæхъавы, уыйау йæ уæз фæстæмæ ауадзы, цыма арвмæ скæсæныл фæархайы, уыйау сæр хæрдмæ сисы (æвæццæгæн, æфсондзæн сыкъаты сæрты рахауынæй фæтæрсы), раззаг къæхтæ цыдæр æнахуыр æмраст ныввæййынц æмæ сабыргай къахдзæфтæ фæнымайы...

Хъæдæй здæхгæйæ Чысыл коммæ нæма æрхæццæ уыдзынæ, афтæ уым фæндагæй иу-дыууæфондзыссæдз санчъехы фалдæр сты нæ колхозы уæтæртæ. Уыцы уæтæрты ахæм фиййау-куитæ ис, æмæ се ’мгæрон ауайын ницы уадзынц. Дыууадæс æрдынау æлвæст аргъонахъхъы, сæ иуæй иннæ хъыхъхъагдæр — сæхи фæндаггоныл куы рауадзынц, уæд, æвæццæгæн, фæзæгъы, адзалæй дарддæр мын хос нал ис, зæгъгæ. Куитæ æртымбыл вæййынц уæрдоны алыварс, лæбурын байдайынц галы хæмхудтæм, уæлдайдæр ногахуыр гал куы вæййы æмæ сæ лидзгæ куы фæкæны, уæд. Гамо лидзгæ нæ кæны. Кæд æдас нæ вæййы, уæддæр йæхи ныхъхъæбатыр кæны, суанг ма фæархайы куиты армаццагæй цæвыныл дæр...

— Цæттæ стæм, лæппу? — мæ хъуыдытæ мын фæсырдта баба.

— О, — зæгъгæ, йын дзуапп радтон. Баба гуыффæмæ баппæрста чысылгомау дзæкъул, йæ фарсмæ йын хъæмпы æрнорста къаннæггомау нарæгхъуыр дурын. йæхæдæг дæр сбадти.

Æз зонын: дзæкъулы ис нартхоры кæрдзын æмæ хъæбæр цыхты къæртт, дурыны та — къуымæл, кæнæ йæ баба куыд хоны, афтæмæй — махсымæ.

— Ахæц галы сæрыл, миййаг, сис куы акъуыра йе ’фсондзæй,— дзуры мæм баба, ныр æй зонгæ та уæвгæ кæны, Гамойæн йæ сæрыл æппын ахæцæг куынæ уа, уæддæр ныдзæвгæ дæр кæй ницæуыл акæндзæн, уый.

Баба Гамойы йæ номæй нæ хоны. Раздæр æй хуыдта уæныг, ныр та — гал. Гамо, зæгъгæ, йæм никуыма сдзырдта. Афтæмæй йæ уарзгæ та диссаджы уарзт кæны Гамойы. Мæнæй дæр æй фылдæр цыма уарзы. Гъеныр, зæгъæм, мæнæ айфыццаг... Уæлæ къохы æндзарæнтæ ласынмæ уыдыстæм. Баба галы иу чысылгомау æрдузы суагъта, бæндæнæй йæ цалхмæ даргъ баст бакодта, йæхæдæг æхсæрджыны суг кæнынмæ бафардæг. Хур дзæбæх æрæндæвта, афтæ нæ уæрдон уыди рарастæввонг. Уæдæ ма мæ махсымæйæ куы аназин, зæгъгæ, баба, сырх къухмæрзæнæй йæ цæсгомы хид сæрфгæ, уæрдонæй чысыл æддæдæр цы æхсæры къутæр уыди, уыцырдæм бауади. Фæстæмæ раздæхти афтид дурынимæ: цæмæй хæйрæг уыди Гамо, чысыл раздæр йæ къах цы уымæл дзыхъхъы ныххауд, уым бабайы дурын ныгæд кæй уыди. Æвæццæгæн, бабайы бынаты æндæр исчи куы уыдаид, уæд йæ галы рагъ уисæй стæлмытæ кодтаид. Фæлæ баба не ’смæсты. Уый нæ уарзы хайуан нæмын. Афтæ дæр ма загъта:

— Хуыцау хорз, æмæ дзы йæ фæстаг къах ныххауди, раззаг фелвæсын дæр зыдта...

...Нырма хъæуæй нæма ахызтыстæм. Ногсæрст цæлхытæ тулынц æнæ уынæрæй. Искуы-иу кæртæй райхъуысы хуыссæгхъæлдзæг куыдзы уынæргъын. Арв тынг сыгъдæг у. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ хицæн кæнынц. Стъалытæй-ма иутæ зивæггæнгæ, æрцъынд-æрцъындгæнгæ мæнг æрттывд кæнынц. Каемдæр уасæг йæ базыртæ сцагъта, цыма исчи кулдуарыл лæдзæгæй дзæхст-дзæхстæй ралæууыд... Рагъмæ куы схæццæ уæм, уæд стъалытæ бынтондæр бацъынд уыдзысты, нæ суджы уæрдон æрдæгконд куы уа, уæд сзындзæни хуры был, сабыргай стулдзæн, цыма цæмæдæр хъуызы, уыйау. Диссаг, æвæдза, — хур куыддæр скæсы, афтæ мæлæты дынджыр вæййы, стæй къаддæрæй-къаддæр кæнын байдайы. Куыд къаддæр кæны, афтæ йæ тынтæ та тынгæй-тынгдæр фæтавынц. Уæдæ адæймаг куы райгуыры, уæд хæрз гыццыл куы вæййы, стæй рæзын байдайы...

— Абон хъуамæ рагъмæ дыууæ уады скæнæм, дзæбæх уæрдон куыд аласæм, афтæ,— дзуры баба, мæнырдæм нæ кæсы, афтæмæй,— йе ’мбис ын Залдузæн акалдзыстæм, иннæ æмбис та — нæхи.

Уыцы ныхæсты фæстæ бабайы цæсгомыл фæзынди. цыдæр æнахуыр катайы аууон — йæ хъуынджын урс æрфгуытæ кæрæдзийыл сæмбæлдысты:

— Æрмæст нæ ма фенæд уыцы куыдзы тугæй æхсад — Афæхъойæ зæгъын. Миййаг æм мæхи куынæ бауромон.

Залдуз — уый нæ сыхаг ус у. Баба йын алцæмæй дæр æххуыс кæны. Тæригъæд, дам, у, æртæ фыртæй, дам, бавдæлон, æмæ, дам, мæгуыр у. Мæгуыр... Æмæ баба йæхæдæг тынг хъæздыг у уæд? — Кæм ис мæ фыд? Каем сты мæ фыды цыппар æфсымæры: Асæхмæт, Батыр, Микъала æмæ Дзæрæх? Каем сты йæ фондз фырты бабайæн? Ныр цыппар азы куы рацыди, хæст куы банцади, уæдæй нырмæ...

Хистæртæм арæх рауайы сæ кой. Асæхмæт, Батыр æмæ, дам, мæ фыды тыххæй хæсты фыццаг аз фæд-фæдыл ссыд «сау гæххæттытæ», фæмард сты, хъæбатырты мард фесты сæ Райгуырæн бæсты сæраппонд, удуæлдай тохы. Микъала фесæфти æнæбæрæгæй — адæймаг æнæбæрæгæй фесæфти. Фæлæ фондз æфсымæры кæстæр Дзæрæхы кой никуы фæкæнынц нæ хъæуы. Кæд, миййаг, искæй дзыхæй æнæбары схауы йæ ном, уæддæр æй иннæтæ бамынæг кæнынц. Цæмæн, цымæ? Кæддæр мын хъæдæй здæхгæйæ баба радзырдта иу хабар.

...Адæймагæн йæ фондз æнгуылдзæй кæцыфæнды куы ралыг кæнай, уæддæр ын уæлдай тынгдæр кæнæ къаддæр нæ фæрисдзæн. Алы ныййарæг дæр, дам, афтæ у: йæ цотæй йын уæлдай адджындæр кæнæ уæлдай æнаддæр никæцы вæййы. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, ныййарджытæ афтæ фæдзурынц æрмæст сæ цоты цæстмæ. Уымæн, æмæ сын уæддæр сæ хъæбултæй иу æнæмæнг уарзондæр вæййы. Хъулон уарзт кодта баба дæр йæ кæстæр фырт Дзæрæхы. Нæ йыл хъæцыд æрхъæцмæ. Æнахуыр ныфс ын æвзæрын кодта йæ зæрдæйы йæ кæстæр фырт — йæ лæугæ хох, йæ цæугæ мæсыг...

Хæсты размæ Дзæрæх нæхи хъæуы куыста дохтырæй. Нымад лæппу уыди. йæ рацыд — нывыл, йæ дзыхы ныхас — аив. Æрмæст йæ бакаст дæр бирæйы аргъ уыди: асæй — бæрзондгомау, астæу — æлвæст, мыдхуыз дзыккутæ; стыр æрвхуыз цæстыты арфæй цыдæр æнахуыр цæхæр æрттывта. Охх, цал æмæ цал æнæрцæф чызджы æмбæхстой Дзæрæхмæ сæ зæрдæты судзгæ уарзондзинад! Дзæрæхы уарзынмæ нæ равдæлд. Адæймаджы нæ равдæлди уарзынмæ — хъуыди марын.

Хъуыди марын, уымæн æмæ знаг æрбабырста нæ бæстæмæ, хъуыди марын, уымæн æмæ знаг бацахста Дзæрæхы райгуырæн хъæуы, хъуыди марын, уымæн æмæ Дзæрæхы нæ равдæлд уарзынмæ. Æмæ Дзæрæх мардта. Уый уыди партизанты къорды раздзæуæг. Маргæ нæ — ыæгъдгæ. Зноны дохтыр топпæй æхста афтæ, цæмæй адæймагæн уыйфæстæ æппындæр мауал уа сдзæбæх кæнæн.

Афтæ хъуыди...

Афтæ хъуыди...

Нæ хъæуккаг Уыналаты Афæхъойы фырт Хъасбол дæр уыди партизантимæ. Фæлæ сыл гадзырахатæй рацыд æмæ сын амардта сæ раздзæуæджы — Дзæрæхы.

Хъасбол уыди Афæхъойы иунæг фырт, Дзæрæх та, байæн ма йæ фондз хъæбулæй чи баззади, уый. Ныр сæ иу дæр æгас нал у сæ фыдæн — хъоды бакодта Афæхъо йæ фыртыл, абон дæр кæм и, уый бæрæг нæй. Кæмдæр æцæгæлон бæстæйы йæ боны хъиутæ æрвиты.

Цы аххосджын у мæгуыр хъæдгæс Афæхъо? Цæмæн æм акасти баба топпы кæсæнæй? Ау, Афæхъойы афтæ фæндыди, цæмæй йæ фырт уæйгæиæг æмæ лæгмар разына? Цæмæй йæ хорз хъæуккаджы чъылдымырдыгæй амара? Кæцы ныййарæджы фæнды йæ цоты æвзæрдзинад фенын? Кæцы ныййарæджы фæкды йæ иунæг хъæбулы цæрдудæй йæ зæрдæйæ сыскъуынын? Цæмæн кæсы баба Афæхъомæ топпы кæсæнæй?

Æппæт уыдæттыл дис кодтой адæм.

Фæлæ мæстджын зæрдæ лæджы коммæ нæ кæсы. Нæ касти йæ зæрдæ йæ коммæ бабайæн дæр. Дардмæ дæр-иу куы федта Афæхъойы, уæд-иу æнæхатыр хъуыды сæры магъзы зилдух кæнын байдыдта: «Уый у Дзæрæхы марæджы фыд... Уый фырт амардта Дзæрæхы...» «Нæу аххосджын Афæхъо... Нæу аххосджын Афæхъо...» — дзырдта-иу æндæр хъæлæс. «Амардта... Амардта...» — бар нæ лæвæрдта иннæ. Дыууæ лæджы алы мадзæлттæй кæрæдзийæ сæхи иртæст дардтой.

Хъæдгæсæй кусын æрæджы райдыдта Афæхъо. Тызмæг адæймаг æй хонынц хъæддзаутæ: дæ сугты æхсæн, дам, дын иунæг хуылыдз тала дæр куы ссара, уæд, дам, дæ æнæмæнг фæивар кæндзæн.

— Йæ куыст цы у, уый кæны, мæгуыр, — дзырдтой иннæтæ.

— Ахæм ма дзы фидар зæрдæйы хицау уа — йæ иунæг фыртыл хъоды бакодта, — тæригъæдгæнгæ дис кодтой æртыккæгтæ.

...Схæццæ стæм хъæды рагъмæ. Ам фæндаг бынмæ, хъæды арфмæ фæуырдыг кодта, стæй райдыдта хъæдбынты разил-базил кæнын. Иунæг уынæр никуыцæй хъуысы. Хъæд дыууæрдыгæй фидар нылвæста нарæг уæрдонвæндаджы. Æмæ фæндаг бынмæ фефсæрæгау кодта. Йæ былгæрæттæ хæццæ кæнынц Гамойы риумæ. Æнуд нæма у. Æнуд фæстæдæр уыдзæн, хур куы æрæндава, уæд.

— Мæнæ ацы æрдузы нæ гал суадздзыстæм,— загъта баба, Гамойы галиу фарс уисæй ракъуырдта æмæ гал рахизырдæм баздæхт. Ам æй баба суагъта, уæрдоны фарсмæ йæ даргъ бабаста.

— Абад, мæ хур, ам. Æз мæхæдæг суг æрæввонг кæндзынæн, иу дæларм дзы æрбафтауц кæндзынæн, стæй иннæтæм иумæ ауайдзыстæм. — йæхæдæг стырдæр фæрæт райста, цыбыр бæндæны лыггаг йæ астæуыл æрбабаста æмæ бæлæсты аууон фæци.

Æз гуыффæмæ сбырыдтæн, мæхи хъæмпыл уæлгоммæ ауагътон. Мæ цæстытæ сæхæдæг æрæхгæдтой. Хорз мæм хъуысы, Гамо ныллæг кæрдæг хъист-хъист кæнгæ куыд стон кæны, уый... Дардæй, тынг дардæй райхъуыст æмыр къуырцц-къуырцц — баба сугтæ кæнынмæ бавнæлдта...

...Чидæр мæм æвдисы диссаджы рæсугъд хæрынкъа: «Гадзырахатæйцæуæг куынæ уай, уæд дын ацы хæрынкъа ратдзынæн. Хорз хæрынкъа у. йæхæдæг аразы уасæнтæ...» Чи у, цымæ? Куы бабайы хуызæн вæййы, куы та — Афæхъойы. Стæй мын ме ’уæхскмæ бавнæлдта æмæ мæ ныууыгъта. Æз æй бафæрсынмæ хъавын, уигъгæ та мæ цæмæн кæныс, зæгъгæ, фæлæ мæ ком ныххус, мæ дзыхы ныхас нæ бады...

Райхъал дæн. Баба лæууы мæ уæлхъус. Йæ цæстытæ — æнахуыр стыр, бæзджын урс æрфгуытæ фындзы сæрмæ кæрæдзиуыл нындæгъдысты. Былтæ афтæ æлхъывд сты, æмæ æппындæр бæрæг нал дарыиц.

— Гамо, — зæгъгæ раулæфыди баба.

Гамо? Афтæ йæ куы никуы фæхоны? Гуыффæйæ мæхи куыд раппæрстон, уымæн ницы базыдтон. Уæрдоны фарсмæ — сугты стыр цæнд. «Æгæр афынæй дæн, æвæццæгæн», — ахъуыды кодтон мæхинымæр.

Базгъордтон Гамойы цурмæ. Хуыссы, йæ цыппар къахы йæ быны бакодта, афтæмæй. Бавнæлдтон ын йæ сыкъаты ’хсæнмæ. Йæ цæстыты урсытæй мæм скасти æмæ та йæ цæстæнгас зæхмæ æруагъта. Нымдзаст и, йæ цуры цы мæлдзыджыты губакк ис, уымæ... Мæ хъуыры æндыснæгау цыдæр абадтис, нæ мæ уадзы сдзурын, æхгæны мын мæ улæфæнтæ.

— Цы кæныс, Гамо? — Мæ хъæлæс нал базыдтон, мæ ныхæстæ кæцæйдæр дардæй райхъуыстысты. Лыстæг сау мæлдзыджытæ схылдысты Гамойы риуыл, байдзаг сты йæ уымæл фындзыхуынчъыты.

— Æвзæр кæрдæг ахордта,— загъта баба.

Скасти та мæм Гамо. Цæстыты гагуытæ нал зынынц — ныббадти сыл цавæрдæр æнахуыр фæлм, йæ былтæ æрæнцадысты мæлдзыджыты губаккыл.

— Мæ кард, мæ кард байрох ис нæхимæ,— дзуры та баба.

Кард? Цы дзы кæны кардæй баба? Ау...

— Хæдмæл кæндзæни, — ногæй та мæм æрбайхъуыст.

Ныр бамбæрстон... Ныр бамбæрстон... Баба хъавы Гамойы аргæвдынмæ. Нæ йæ бауадздзынæн! Æз æй нæ бауадздзынæн æргæвдын. Баба мæнмæ байхъусдзæн...

Фæстæрдæм мæ сæр сабыргай разылдтон. Баба лæууы мæ цуры. Йе ’уæхсчытæ бынтондæр бынмæ æрхаудтой, цæсгом ныссау. Цыма мæ хъуыдытæн дзуапп лæвæрдта, уыйау загъта:

— Ацы тыхст рæстæг дæ кусæг галæй бавдæлон у, стæй ма дзы капекк пайда дæр ма фæкæ — ныххæдмæл дын уæд — уый хæдзары хæлдæй фыддæр у. — Стæй уæрдоны цурмæ бацыд, фæрæт систа, йæ комыл ын йæ хистæр æнгуылдз æрхаста: «Нæй, ницы аргæвддзæн. Бæргæ цыргъ уыди, фæлæ, акса, цас суг дзы ныццагътон!.. Иннæ фæрæт — уый та æгæр чысыл у», — ацы хъуыдытæ бакастæн бабайы цæстæнгасыл.

...Гамойæн йæ цæстытæ æрцъынд-æрцъынд кодтой. Цыма йыл ихæнриз стыхджын, уыйау-иу хатгай йæ буар базыр-зыр кодта.

Æвиппайды уæрдонырдыгæй хус къæцæлты къæрццытæ фæцыди. Дыууæйæ дæр уыцырдæм фæкастыстæм: æрдузы фаллаг кæронæй, къалиутæ къухтæй фæйнæрдæм ссонгæ, рахызт Афæхъо — йæ галиу уæхскыл топп ауыгъд, фæтæн риуыл дзуарæвæрдæй дыууæ æмыр хъатарайы. Æрдузгæрон æрлæууыди æмæ комкоммæ каст махырдæм. Уыцы уысм мæм мæ зæрдæ афтæ сдзырдта, цыма Афæхъо æрдузмæ æргомæй рахизыны размæ аууон ранæй мах бирæ фæхъахъхъæдта.

«Ныртæккæ фæхыл уыдзысты. Ноджы, цыма, баба цалдæр хуылыдз талайы дæр ракодта...»

Уæртæ æрбацæуы Афæхъо, бабайы конд сугтæм кæсгæ дæр нæ фæкодта. Баба йæ бынатæй не ’змæлы. Æмраст кæсы Афæхъойы дыууæ цæстмæ, фæрæт йæ рахиз къухы, æрфгуытæ кæрæдзиуыл æндзæвынц. йæ цæстыты исдугмæ цы æнæуынондзинад фæзынди, уый æнæбары раивта ныфсы хъарм æнгасæй. Æз мæхи ныттыхтон Гамойы хъуырыл æмæ зыр-зыргæнгæ æнхъæлмæ кастæн, дарддæр цы уыдзæн, уымæ.

Афæхъо нывнæлдта йæ дзыпмæ, сласта дзы лыстæг рæхысыл ауыгъд фæтæнфистон хæрынкъа æмæ Гамойырдæм бакъахдзæф кодта...

Хъæды тарфæй райхъуысти базырты æваст пæр-пæр æмæ тарст хъуыдатт. Уый хуыргарк у. Æвæццæгæн, æхсæрæгимæ кæрæдзийæ фæтарстысты.



Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.