Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 93. Кометæты орбитæтæ. Галлейы кометæ

1577 азы Тихо Браге бафæлвæрдта, уыцы аз цы ’рттиваг кометæ фæзынди, уымæн йæ дæрддзæг рахынцын. Æххæстæй уыцы фæнд сæххæст кæнын йæ къухы нæ бафтыд, фæлæ уæддæр сбæлвырд кодта, кометæ Мæйæ æппынкъаддæр æртæ хатты дарддæр кæй уыди, уый.

Кометæтæн цы хуызæн орбитæтæ ис, уый Тихойы рæстæджы ничима зыдта, стæй æвæццæгæн гæнæн дæр нæ уыд, уымæн æмæ механикæ рæстмæ къахыл æвæрд нæма уыди. Планетæтæ Хуры алыварс эллипсон фæндæгтыл кæй зилынц, уый бæрæг уыди Кеплеры закъонтæй. Кометæты фæндæгты формæ базонынæн Ньютон æрхъуыды кодта ног амал æмæ уыцы амалы фæрцы бафæлвæрдта, 1680 азы цы кометæ фæзынд, уый орбитæ рахынцын. Рауадис æм параболæ, кæцыйæн Хур уыдис йæ фокусы.

Параболон орбитæйыл цы кометæ змæла, уый Хурмæ æрбацæудзæн параболæйы иу къабузыл, æрбазилдзæн Хуры алыварс æмæ иннæ къабузыл афардæг уыдзæн. Параболæйы къабузтæ кæй никуы иу кæнынц, уымæ гæсгæ ахæм кометæ махмæ дыккаг хатт нал æрыздæхдзæн.

Кометæтæн параболон орбитæтæ уыдзæн, зæгъгæ, ууыл Ньютон тынг дызæрдыг кодта. 1680 азы кометæйы тыххæй уый фыста афтæ: «Теоретикон амалæй йын цы орбитæ ссардтон, уый, æмæ æцæгæй цы орбитæйыл змæлыд, уыдон æмдзыд фесты. Фæлæ афтæмæй кометæ Хуры алыварс цас рæстæгмæ æрзилдзæн, кæд та фæзындзæн ногæй, уый базонæн нæй. Æрзилыны периодтæн ссарæн ис, æрмæст хицæн æмæ хицæн рæстæджыты чи фæзынд, ахæм кометæты орбитæтæм иумæ æркæсгæйæ. Æмæ кæд афтæмæй искæцы кометæты орбитæтæ æмхуызон разыной, стæй ноджы сæ иу фæзындæй иннæйы ’хсæн дæр алы хатт æмиас рæстæг уа, уæд уый уыдзæни иу кометæ, кæцы рæстæгæй-рæстæгмæ фæзыны мах арвыл. Æмæ иугæр кометæйы период куы ссарæм, уæд ын йæ орбитæйы формæ дæр базондзыстæм. Уый уыдзæн эллипсон орбитæ.

Цæмæй нын уыцы куыст сæххæст кæнын бантыса, уый тыххæй уал раздæр хъуамæ рахынцæм бирæ кометæты параболон орбитæтæ æмæ уый фæстæ уыцы орбитæты æрдарæм кæрæдзимæ». Ньютоны рæстæджы кометæйы орбитæ рахынцын зын хъуыддаг уыди, уымæн æмæ уæд хынцыны амæлттæ æмæ техникæ нырау ифтонг нæ уыдысты. Гъе уымæ гæсгæ дзæвгар кометæты орбитæтæ рахынцынæн хъуыди бирæ рæстæг. Уыцы уæззау куыст Ньютон бабар кодта йæ ахуыргæнинаг æмæ йæ хорз æмгар Эдмунд Галлейæн.

Галлей фæхуыздæр кодта, кометæты орбитæтæ рахынцынæн Ньютон цы амал æрхъуыды кодта, уый, стæй æрæмбырд кодта, 1337 азæй 1698 азы онг кометæты тыххæй цы историон зонæнтæ баззад, уыдон, æмæ рахынцыд 24 кометæйы параболон орбитæтæ. Уыцы орбитæты кæрæдзимæ куы ’рдардта, уæд сбæлвырд ис, æртæ орбитæйы дзы бынтон æмхуызон кæй сты, уый. Галлей фыста афтæ:

— Æз бирæ хъуыды кæнын, 1531 азы Апиан цы кометæмæ касти уый, æмæ 1607 азы Кеплер цы кометæйы тыххæй фыста, уыдон, 1682 азы мæхæдæг цы кометæйы федтон, уыимæ æмхуызæттæ кæй уыдысты, ууыл. Уыцы æртæ кометæйы орбитæтæ сты бынтондæр æмхуызон, æрмæст сæ зилыны периодтæй иу у 76 азы æмæ дыууæ мæйы, иннæ та 74 азы æмæ 10,5 мæйы. Ацы периодты ’хсæн цы хицæндзинад ис, уый тынг стыр нæу æмæ, æвæццæгæн,сырæзы цавæрдæр физикон аххосæгтæй. Мах зонæм, Сатурны орбитæ тынг кæй фендæр вæййы Юпитеры аххосæй. Кометæйы орбитæ ноджы тынгдæр хъуамæ ива, уымæн æмæ йæ дæрддзæг Сатурны дæрддзæгæй цыппар хатты фæфылдæр вæййы. Афтæ дард ацæугæйæ, кометæйы тагъдад иу чысыл куы фæтынгдæр уа, уæд йæ эллипсон орбитæ ахиздзæн параболон орбитæмæ. Ахæм аххосæгты æфсон кæнын, уæлдæр цы периодты хицæндзинадыл дзырдтам, уый, æмæ ныфсджынæй зæгъын, уыцы кометæ 1758 азы ногæй кæй æрыздæхдзæни махмæ. Мыййаг уый куы æрыздæха, уæд дызæрдыг ничиуал кæндзæн, æндæр кометæтæ дæр фæстæмæ кæй æрыздæхдзысты, ууыл».

Ньютоны дунеон химæлвасынады закъон кæй нæ уырныдта, ахæм адæмтæ ма бирæ уыди. Уыдон худтысты, кометæйы æрыздæхынмæ æнхъæлмæ чи каст, уыцы ахуыргæндтыл. Кометæ куы æрыздæхтаид, уæд химæлвасынады закъоны ныхмæ дзурджытæн уый стыр рæхуыст уыдаид, æмæ бар-æнæбары дæр сæ гæрзтæ хъуамæ æрæвæрдтаиккой.

Æрлæууыд 1758 аз. Кометæйы æрыздæхынмæ æнхъæлмæ кастысты бирæ ахуыргæндтæ, фæлæ бæлвырдæй кæцы мæй фæзындзæн, уый ничи зыдта. Базонын хъуыди, кометæ Хурмæ æппæтæй æввахсдæр цы бон бацæудзæн, ома перигелийы стъæлфы кæд уыдзæн, уый. Уыцы фарста алыг кодта францаг математик А. Клеро (1713—1765). 1758 азы 25 декабры кометæ фæзынди арвыл. Æппæтæй раздæр æй федта зæхкусæг Палич. Кометæ Хурмæ æппæтæй æввахсдæр бацыд 1759 азы 12 мартъийы. Галлейы наукон рагуац æцæг разынд, æмæ уый руаджы астрономи адæмы цæсты бирæ фæкадджындæр, кометæйыл та æнусмæ баззади Галлейы ном.

Галлейы кометæ периодон кометæ у. Рæстæмбис нымадæй уый алы 75 азы иу хатт æрыздæхы мах арвмæ æмæ та стæй аныгъуылы арвы æрфыты. Йæ период ын куы базыдтой æмæ историон зонæнтæм куы ’ркастысты, уæд сбæлвырд, Галлейы кометæ ма уымæй размæ дæр бирæ хæттыты кæй фæзындис арвыл æмæ-иу адæмæн стыр тас кæй бавзарын кодта. Историон зонæнтæм гæсгæ, Галлейы кометæйы фыццаг хатт федтой Китайы нæ эрæйы райдайæнæй 240 азы размæ. Уый фæстæ уыцы кометæ фæзынди 66, 141, 218, 295, 373, 451, 530, 607, 684, 760, 837, 912, 989, 1066, 1145, 1222, 1301, 1378 æмæ 1456-æм азты.

66 азы Галлейы кометæ куы фæзынд, уæд æй уацфысджытæ, астрологтæ æмæ сауджынтæ хуыдтой ромаг паддзах Нероны æххуысгæнæг æмæ Иерусалимы ныддæрæны нысан. 451 азы уыцы кометæйы фæзынд «нысан кодта» гуннæгты раздзог Атиллæйы ныддæрæн, 912-æм азы — Киевы паддзах Олегы мæлæт, 1222 азы тæтæры æрбабырст Уæрæсемæ,1456 азы та Константинополы байст.

Фæстаг хатт Галлейы кометæ фæзынди 1986 азы. Ныр дзы ничиуал тарсти, уымæн æмæ алчидæр рагацау фехъуыста кометæйы фæзынды хабар.

Æввахсдæр рæстæджы та Галлейы кометæ æрыздæхдзæн 2061 азы. Уæд æвæццæгæн зæххыл нал уыдзæн, кометæйæ ма чи тæрса, ахæм адæмтæ.

Галлейы кометæ зилы Хуры алыварс тынг дæргъæццон эллипсыл. Афелийы уый фæвæййы Нептуны æдде, перигелийы æрбахизы Зæххы орбитæйы хуылфмæ æмæ Хурмæ канд Зæхх нæ, фæлæ Бонвæрнонæй дæр феввахсдæр вæййы. Галлейы кометæ нæу иунæг периодон кометæ. Ныртæккæ наукæ зоны бирæ æндæр периодон кометæтæ дæр. Канд уый нæ, фæлæ, С. В. Орлов куыд зæгъы, афтæмæй кометæтæ се ’ппæт дæр Хуры системæиы уæнгтæй сты, стъалыты ’хсæн дунейæ дзы иу дæр не ’рцæуы. Иуæй-иу кометæтæн параболон æмæ гиперболон орбитæтæ кæй ис, уый у стыр планетæты аххос. Дæргъæццон эллипсыл зилгæйæ, кометæ стыр планетæтæй искæмæ куы баввахс вæййы, уæд ын уый йе змæлд фæтагъддæр кæны, æмæ афтæмæй йæ орбитæ свæййы параболон кæнæ гиперболон. Орлов куыд зæгъы, афтæмæй, иуæй-иу кометæтæн сæ афелийы стъæлфытæ сты Хуры системæйы арæны цур. Уыцы арæны онг ацæугæйæ, кометæ раздæхы фæстæмæ æмæ та Хурмæ æввахсæй-æввахсдæр кæны. Ахæм даргъ фæндæгтыл æрзилынæн иуæй-иу кометæты бахъæуы 5 миллион азы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, 5 миллион азмæ цы кометæ не ’рыздæха, уымæй алчидæр зæгъдзæн, зæгъгæ «уый махырдыгон нал у».

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.