Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 13. Астрологи

Æхсæв уазалæй мæлгæйæ, хъæддаг адæймаг зæрдиагæй æнхъæлмæ касти Хуры скæсынмæ. Хуры тынтæ тавтой адæймаджы буар, рухс ын кодтой йæ алыварс дуне æмæ йын æнцондæр уыд алыхуызон тасдзинæдтæй йæхи бахизын. Йæ цард æмæ йæ хъысмæт алцæмæй дæр Хуримæ баст кæй сты, уый рахатгæйæ, адæймаг æдзухдæр йæ цæст дардта Хуры змæлдмæ. Мæй, планетæтæ æмæ стъалытæ адæймагæн Хуры йас æххуыс кæй не сты, уый раджы раргом ис.

Дины кусджытæ та æндæрырдæм арæзтой адæймаджы зонд. Дины чингуыты фыстой, зæгъгæ, дам, хуыцау дунейы куы ’взæрын кодта, уæд фыццаджыдæр хъуыды кодта адæймаджы цард фæрогдæр кæныныл æмæ алцы ’ппæт дæр сфæлдыста адæймаджы тыххæй. Уыдон дзырдтой, зæгъгæ, алы адæймагæн дæр йæ царды фæндаг, йæ хъысмæт ахицæн вæййынц, йæ райгуырыны сахат æрвон буæрттæ куыд æвæрд уой, уымæ гæсгæ. Адæймаг куы райгуыры, уæд, дам, уыцы сахат арвыл ссудзы йе стъалы дæр, æмæ куыддæр амæлы, афтæ йе стъалы дæр ахуыссы. Стъалыйæ æнамонд чи фæуа, уый, дам, хъуамæ фæраза, быхса йе ’намонддзинадæн, азымы макæй дара йæ мæгуыр царды тыххæй, ома къласон тохы хъуамæ ма бацæуа, уымæн æмæ йе ’намонддзинад зæххон царды ныхмæвæрддзинæдты аххос нæу. Гъе ахæм мæнгуырнынады бындурыл фæзынд «наукæ» астрологи.

Æрвон буæртты змæлдмæ цæст даргæйæ, адæмы ’хсæн фæзынди, алыхуызон æрвон фæзындтæ «бамбарын кæнынмæ» йæ ныфс чи хаста, ахæм адæймæгтæ, мæнæ ма гъеныр дæр иуæй-иутæ куыд фæсур вæййынц æмæ се ’муд æрцæуыны фæстæ пехуымпартæ куыд «фестынц», афтæ. Уыцы «пехуымпартæ» тырныдтой æнæхъæн паддзахадыл кæнæ иугай адæймæгтыл цы бæллæх кæнæ цы циндзинад сæмбæлинаг у, уый, рагацау базонынмæ стъалыты бынатæвæрдмæ гæсгæ. Ахæм адæймæгты хуыдтой астрологтæ. Астролоджы куыст дæсныйы куыстæй уæлдай нæ уыди. Дæсны куыд сайы адæмы, афтæ сæ сайдтой астрологтæ дæр.

Астрологон уырнынад адæмы ’хсæн куы нæма уыди, уæд къуырийы уыд æрмæст фондз боны, нымайгæ та сæ кодтой къухы фондз æнгуылдзмæ гæсгæ. Мæй дихгонд цыди æхсæз чысыл къуырийыл (фæндзгай бонтæ), кæннод та æртæ стыр къуырийыл (дæсгай бонтæ).

Авдбонон къуыри фæзындис афтæ. Телескоп æрхъуыды кæныны агъоммæ адæм зыдтой фондз планетæйы: Меркурий, Бонвæрнон (Венерæ), Марс, Юпитер æмæ Сатурн. Уыцы фондз планетæмæ æрбаиу кодтой Хур æмæ Мæйы дæр. Астрологтæ амыдтой адæмæн, зæгъгæ, ацы авд планетæйæ алкæмæн дæр ис йæхи бон. Уыцы бон хуыцау зæххон дуне æмæ адæмы цард бакæны искæцы планетæйы бар. Уый фæстæ бон та зæххон дуне бавæййы æндæр планетæйы бар. Дзырдæн зæгъæм, хуыцаубоны зæххон дуне вæййы хуры бар, уыцы бон зæххон адæммæ йæ цæст дары Хур. Къуырисæр у Мæйы бон, дыццæг — Марсы бон, æртыццæг — Меркурийы бон, цыппæрæм — Юпитеры бон, майрæмбон — Бонвæрноны бон, сабат та Сатурны бон. Афтæ, планетæты нымæцмæ гæсгæ равзæрди авдбонон къуыри. Цæмæй уыцы къуыри адæмон царды æрфидар уыдаид, уый тыххæй дзуары лæгтæ расидтысты, зæгъгæ, нымæц «7» у «сыгъдæг» нымæц: уыдон дзырдтой, зæгъгæ, дам, дуне æмæ адæмы сфæлдисыныл хуыцау фæкуыста æхсæз боны, æвдæм бон та улæфгæ кодта. Уый фæстæ нымæц «7» стыр бынат æрцахста адæмон аргъæутты дæр («авдсæрон уæйыг», «авд æфсымæры», «авд хохы æдде», «авд хойы», «авд дуары» æмæ æнд.).

Мæй йæ хуыз тагъд кæй ивы, уымæ гæсгæ адæмы ’хсæн æрфидар ахæм мæнгуырнынад, зæгъгæ, Мæйы бар цы бон у (къуырисæр), уыцы бон йæхæдæг дæр иваг, фæлдурæджджын бон у. Гъе, уымæ гæсгæ ма иуæй-иутæ гъеныр дæр зивæг фæкæнынц къуырисæр бон балцы фæцæуынмæ.

Иу хатт францы къарол Людовик ХI-ы астролог зæрдаивæй бацамыдта къаролы уарзон сылгоймагæн йæ мæлæты дуг. Æмæ æцæгдæр гъе уыцы рæстæджы амарди. Людовик смæсты æмæ сфæнд кодта йæ астролоджы амарын кæнын. Бадзырдта йæм æмæ йæ фæрсы: «Ды дæхи уый бæрц дæсны хоныс, æмæ искæй хъысмæт базонынмæ дæ ныфс хæссыс. Зæгъ-ма, уæдæ, дæхицæн та ма цас цæрæнбон ис?» Астролог уайтагъд бамбæрста хъуыддаг цæй мидæг ис, уый, æмæ йæ къаролæн дзуапп радта: «Дæ бæрзонддзинад, стъалытæ мын куыд амонынц, афтæмæй æз амæлдзынæн дæуæй æртæ боны раздæр». Къарол йæхицæн тынг фæтарст: йæ астролоджы маргæ нал, фæлæ йын хуыздæр царды уавæртæ сарæзта æмæ тырныдта, цæмæй йе ’нæниздзинад ма фæцудыдтаид.

1524 азы астролог Штофлер айхъуысын кодта, зæгъгæ, уыцы аз æрцæудзæн хъаймæт. Уыцы аз æртæ планетæйы: Юпитер, Сатурн æмæ Марс иумæ уыдысты Кæсæгты стъалыбардзы, кæсæгтæ та доны кæй цæрынц, уымæ гæсгæ Штофлермæ афтæ фæзынд, цыма бæстæ доны бын фæуыдзæн. Адæмæй бирæтæ тынг фæтарстысты æмæ сæхи айстой хæхтæм. Суанг ма мæгуыр чи уыд, уыдон дæр сæхицæн бæлæгътæ срæвдз кодтой доны ленк кæнынæн. Фæлæ уыцы сæрд хъаймæты бæсты скодта тынг хус рæстæг. Астролоджы ныхас мæнг разынд.

Куыд уынæм, афтæмæй астрологи æрымысæггаг у, наукæимæ йын иумæйагæй ницы ис.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.