Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Чиныджы цъæр

Мамсыраты Таймураз

ДÆ МÆСЫГ САМАЙ

АИППЫТÆ

Бауырнæд дæ, ме ’мныхасгæнæг, дæ царды фæндагыл бирæ цыбæлтæ æмæ зæрдæсайæнтæ уыдзæн, фæлæ уыцы аиппытæй дæхи фæиппæрд кæндзынæ æрмæст, раиртасын сæ куы бафæразай æмæ сын раст аргъ куы скæнай, уæд...

*

Бирæ æнæнтыст адæймæгтæ сæ цардæй ахицæн вæййынц, алцæм дæр аххосджын сæхæдæг кæй уыдысты, ууыл басæттынмæ сæм лæгдзинад нæ разынгæйæ. Арæх цæуынц сæ лæмæгъ æмæ лыстзæрдæйы фæстæ, хъусынц, æппынæдзух алцæмæй дæр разы чи нæ у, уыцы мидхъæлæсмæ, уый сæм æвзæрын кæны хæлæг, зæрдæхсайддзинад, маст æмæ æнæууæнкдзинад. Бинонтимæ хылты, хицæуттимæ тохы, æмбæлттæ æмæ æмкусджытимæ хъаугъаты сæ сызгъæрин рæстæг хардз кæнгæйæ, уыдон цæуынц сæрсæфæнмæ.

*

Ис, æнæ хæрамдзинадæй йæ бон цæрын кæмæн нæу, ахæм адæм. Уыдонæн знæгтæ свæййынц ныййарджытæ, сæ сывæллæттæ, æмбæлттæ æмæ æрдхæрдтæ, сæ дæлбар кусджытæ æмæ хицæуттæ, иу ныхасæй — æппæт адæм дæр.

*

Кæд дæ хъысмæтæн хицау, стæй дæ адæмы æмæ мыггаджы аккаг адæймаг дæ, кæд дæ бон у, нысанмæ арæзтæй æмтъерытыл уæлахиз кæнын, нывыл цардмæ æрцæуын, уæд иннæты фыдгой ма кæн, фæлæ дæхи кой бакæн. Афтæ скæн, æмæ уæлахиздзауы æнкъарынадæй фæхайджын уыдзынæ.

*

Дæ зæрдыл дар: хæлæг кæныны мидæг фынæй кæнынц марыны æмæ халыны æнкъарæнтæ.

*

Адæм æрдзæй иухуызон нæ рахастой нæ — карæй, нæ — æнæниздзинадæй, нæ — тыхæй. Æмæ цæмæй уыцы æрдзон хъулондзинадæн фæразай, уый тыххæй дæхимæ хæлæг кæныны миниуæг æмгæрон ма уадз.

*

Иннæты фыдгой чи кæны, искæй дзыппыты æхца чи нымайы, уыдонæй дæхи дард лас. Лидзгæ кæн уыцы æнамонд адæмæй. Уыдон сты сæхи царды знæгтæ, сæхæдæг цæргæ нæ кæнынц, фæлæ кæсынц, иннæтæ куыд цæрынц, уымæ.

*

Æрмæст йæхи хъуыдыйыл чи лæууы æмæ иннæты ницæуыл чи нымайы, уыцы æнæрхъуыды æмæ оцани адæм сты тæссаг. Дæхи сыл атигъ кæн.

*

Æвзæр дзыхыуагæй макуы дзур, исты ницæй тыххæй дæр æлгъитгæ чи кæны, ахæм налат зæронд усы хуызæнмæ дæхи ма ’руадз. Йæ дзых чи суадзы, адæмы чи ’фхæры æмæ æппæтмæ дæр знаджы цæстæнгас чи дары, уымæ æбæллиц хъысмæт æнхъæлмæ кæсы. Искуы дæ дæ алы ныхасы тыххæй дæр дзуапп дæттын кæй хъæудзæн, уый дæ зæрдыл дар æмæ дæхицæн уаг зон, уæлдайдæр — тыхстæй.

*

Дæхи хиз ахæм хъæнтæй, куыд искæй зындзинадыл цин кæнын æмæ иннæтæй хынджылæг кæнын.

*

Рæстдзинад, æрмæст рæстдзинад, фæлæ уыимæ æнæмæнгæй æппæт æцæгдзинад нæ — уый у, хæстæг дæм чи у, уыдонимæ ныхас кæныны хуыздæр мадзал. Гадзрахатдзинад æмæ сайд сты тæппудты æмæ гадзрахатæй цæуджыты «æмбæхсæн бынат». Фæлæ æрмæст уыдон фæзæгъынц, нæ бон «рæстдзинад» бамбæхсын нæу, зæгъгæ.

*

Æнтыст кæй къухы бафты, уый хатгай йæхиуыл æгæр фервæссы, баууæнды æппæлæн ныхæстыл, уавæрæн раст аргъ нал фæкæны. Ахæм уавæры æнцонæй æрбайсафæн ис, стыр фыдæбонимæ цы бакуыстай, уый дæр. Уæлахиздзау æй æмбаргæ дæр нæ бакæны, састы бынатмæ кæй фæтулы, уый.

Уырыссагау | Дарддæр »»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.