Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Чиныджы цъæр

Мамсыраты Таймураз

ДÆ МÆСЫГ САМАЙ

КУЫРЫХОНДЗИНАД

Адæймаг XXI æнусы цавæр хъуамæ уа, ууыл ахъуыды кодтай?

Цæмæй хицæн кæндзæн, раздæр чи цард, уыцы адæмæй?

Дæ нацийы культурæйы хæдбындурдзинад бахъахъхъæныны сæраппонд дæхæдæг цæттæ дæ тæссаг хъуыддæгтæ йæ бахизынмæ?

Кæд — гъо, уæд дæ зæрдыл бадар:

*

Æрыгонæй бæлас куынæ ныссадзай, уæд дын зæрондæй нæ уыдзæн, дæхи хурæй кæм бааууон кæнай, ахæм сатæг. Архай, цæмæй æппæт хорз миниуджытæй дæр æрыгонæй фæхайджын уай. Фæстæдæр дын ахæм фадат нал уыдзæн. Æрмæстдæр ацы хъуыддаджы нæу раст мæнæ ахæм ныхас: «æрæджы никуы уыдзæн».

*

Алцæмæ дæр цæттæ у, уымæн æмæ хъысмæты бон алцыдæр у.

*

Дæ зонд æнæрæнцойæ наукæ æмæ зонындзинæдтæм араз, ууыл дæ къух ма сис дæ дарды фæстаг бонтæм.

*

Æцæг ахуыры бындур уый мидæг нæй, æмæ цæстахадгæ диплом райсай, ахуыр кæнын хъæуы иудадзыг, æрвылбон дæр исты ногдзинад куыд зонай, уыимæ, ахуырады цы бæрзæндтæм схызтæ, уымæ нæ кæсгæйæ.

*

Æрмæст зонаг у ироны нысан. Æрмæстдæр зонагæн ис адæмы уарзт æмæ кадыл тох кæныны бар.

*

Сахуыр у чиныг кæсынæй æхцондзинад исын. Цæргæс йæхи йæ амæттагыл куыд æруадзы, афтæ-иу дæхи фыстытыл æруадз, райгонд у ног зонындзинæдтæй.

*

Фесты, талынгдзинадæн æфсон æмæ аххосæгтæ куы уыд, уыцы рæстæджытæ. Абон æфсон нал ис къуымых æмæ æнахуыргонддзинадæн.

*

Æцæг лæгдзинады бындуры ис уаг æнкъарын æмæ фæткæн аргъ кæнын, удыхъæды æмæ буары сыгъдæгдзинад, æнæлаздзинад. Дæхимæ сæ æвзæрын кæн.

*

Цы дæ, ахæмæй дæхи ’вдис. Дæхи кæнгæ «æгъдауы» уæззау хотыхтæй ма бæтт, кæннод уыдзынæ худæг æмæ æнæнкъуысгæ. Æфсæрмы ма кæн дæхи сывæллоны хуызæн дарынæй.

*

Аив хъæлдзæгдзинад у æрдзон миниуæг, æцæг ма рох кæн, адæймаг кæй дæ æмæ дæ размæ цавæрдæр хæстæ кæй лæууы, уый.

*

Хъуамæ дын кæнгæ хуыз ма уа, фæлæ æрдзон, стæй дæ цæсгомыл æдылыйы фæд ма зына, фæлæ æцæг хъæлдзæг æнгас.

*

Зон: стыр æдылыдзинад у иудадзыг дзаумайы рæсугъддзинадыл тыхсын, фæлæ уымæй къаддæр æдылыдзинад нæу, дзаумайыл æппын куынæ тыхсай, уæд уый.

*

Дæ цуры бынтондæр куы ничи уа, уæддæр у биноныг, лæмбынæг æмæ гуырвидауц.

*

Дæ зæрдыл дар: æрыгон адæймæгтæм арæх афтæ фæкæсы, цыма фаг зондджын сты, мæнæ расыг адæммæ куыд фæкæсы, цыма фаг æвронг сты, афтæ.

*

Архай дæхи тыххæй къаддæр дзурыныл. Нæ æрдзон сæрыстырдзинад æмæ цытуарзондзинадмæ ахæм миниуæг ис, æмæ иудадзыг æддæмæ бырсынц. Цавæрфæнды миниуджытæ дæм куы уа, уæддæр сæ адæм сæхæдæг базондзысты. Дæ ныхас та никæй бауырндзæн.

*

Дæхи уромын фæраз, дæ алфамбылайы уавæртæ дæ «срæмудзынæввонг» куы кæной, уæддæр. Дæ сусæг маст æмæ æнæуынондзинады фæдыл ма ацу, хатыр кæнын зон. Рагæй-æрæгмæйы рæдыдтытæн бар, æппæт дамтæм дæ хъус ма дар. Куы йæ зониккам, цытæ нæ дзурынц, уый, уæд иу иннæйы къух нал райсид. Фæлæ хатгай лæмбынæг кæс лыстæг хъуыддæгтæм дæр, уымæн æмæ сæ бон у æрвылбоны цауты цыд аивын.

*

Кæд æцæгæйдæр уырнæг адæймаг дæ, уæд дæхи хиз дины тыххæй дзæнгæда æмæ хъаугъа кæнынæй. Кæд де ’мбæлттæй кæнæ зонгæтæй исчи диныл хæст у, уæд дæхи афтæ дар, цыма йын йæ динæн аргъ кæныс. Æцæг уый кæнгæ мийы хуызæн ма уæд. Дæхæдæг та мин хатты ахъуыды кæн, кæйдæр фæзмгæ аргъуанмæ кæнæ мæзджытмæ цæуай æви нæ, ууыл.

*

Æрхъуыдыджын уæвын, алцы æнкъарын, рæсугъддзинад æмæ аивдзинад æвзарын — ацы дидинджытæй хъуамæ нывæст уа дæ нысанмæарæзт архайæг уд. Фæлæ уыимæ афтæ макуы ахъуыды кæн, ныр æппæтæй зондджындæр, хуыздæр дæн.

*

Бæрæг дар де ’мбæлтты ’хсæн, архай, цæмæй дын аргъ кæной, уымæн æмæ, фæндагыл цы дур ис, уый дæр ма уæрдоны цыдæн йæхирдыгон ахъаз у. Фæлæ зон: адæймаг цас бæрæгдæр дары, уыйас ыл фылдæр куыйтæ рæйын. Уымæ цæттæ у.

*

Цас æмбæлы, уымæй фылдæр ма тох кæн знагимæ.

*

Адæймагæн фадат дæтт йæ кад бахъахъхъæнынæн.

*

Фæлмæн кæм хъæуы, уым фæлмæн хъуамæ уай, хæларзæрдæ, уым — хæларзæрдæ, быхсон — быхсондзинад ахсджиаг кæм у, уым.

*

Хорз дын чи ракодта, уымæн хорз куы ракæнай, уæд афтæ ма ’нхъæл, æмæ дæ хæс бафыстай. Дæ царды фæстаг бонтæм дæ зæрдыл дар, искуы дын исты хорздзинад чи ракодта, уыдоны.

*

Хи бахизын хъæуы бухъхъ царды фиуæвæрдæй, фæлæ царды фæндæгтыл бызгъуырты хъуамæ ма цæуай.

*

Дæ алы стыр æнтыст кæнæ къуыхцыйæн дæр дæргъвæтин фæстиуджытæ ис. Иудадзыгдæр хъуыды кæн, дæ байзæддæгтыл, суанг фæндзæм фæлтæрыл дæр куыд фæзындзысты, ууыл.

*

Иннæтæй хицæн кæн, фæлæ æхсæнад дæр уарз. Æгæр-æгæрæй дæхи хиз, уымæн æмæ æгæр коллективизм у бардзмæ фæндаг, фосы рæгъауау. Уый у курдиæтты æмæ арæхстдзинæдты иумæйаг марды чырын. Уымæ гæсгæ дæ цард афтæ араз, цæмæй дæхи «Æз» фидауа æхсæнадимæ.

*

Æххæстдзинадмæ цу арæхстгай, нысанмæ арæзтæй, дæ хид рæстаг фæллойы калгæйæ. Æнкъард кæм уа, уым удцырын у, иннæтæ кæм тыхсой, уым — сабыр æмæ æнæфæцудгæ. Цу, иннæтæн сæ зæрдæтæ фыр тæссæй кæм фæцæйтонынц, уырдæм.

*

Тасыл фæуæлахиз уæвын у къуыхцыйы нæ, фæлæ размæцыды хос. Сырдтæ алидзынц, исты тæссаг куы фенынц, уæд, уыцы ранæй куы адард вæййынц, уæд сæ тас æрбайрох вæййы. Мах та тыхсын кæнынц фидæн дæр æмæ ивгъуыд дæр, ныры рæстæг та нæ тасы æфтауы.

*

Хиуыл æууæнк дын ратдзæн, дæхимидæг цы æнкъуыстытæ цæуы, уыдоны рохтыл хæцыны тых. Хиуыл æууæнк у æппæты хуыздæр мадзал, дæ царды зын бонтимæ лæгæй-лæгмæ куы баззайыс, мæнæ дæ ныцъцъæл кæндзысты, зæгъгæ, ахæм уæззау уавæрты. Уыцы ныфсы фæрцы дæм разындзæн, зындзинæдтыл æнæ стыр зиантæй цæмæй фæуæлахиз уай, ахæм тыхтæ. Уымæн æмæ уæззау фæндагыл куыдфæндыйæ дæр ахизын у лæмæгъ адæймаджы æууæл. Дæ размæвæрд нысанмæ уæнгцухæй бацæуын уæлахиз нæу.

Уырыссагау | Дарддæр »»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.