Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Бекоев Д. Г. Иронский диалект осетинского языка

Чеджемты Георы цыбыр радзырдтæ сывæллæттæн

ÆНÆСÆРГОНД РАДЗЫРД

Мукъи сывæллæтты цæхæрадонæй йæхæдæг фæцæуы сæхимæ. Фæндаг базыдта. Сыхы куитæй дæр нæ тæрсы. Хъазтæй дæр. Йæхæдæг мын загъта. Абон та мæм æрбаздæхт æмæ дын афтæ:

— Казикыл дæр ма исты ныффысс. Мах Казикыл. Цы, зæгъын.

— Фатиттæ йæ фыстæм рарвыста, уый та Бубуимæ уынджы хъазыд.

Хорз, зæгъын, æз сыл ныффысдзынæн.

Мукъийы саулагъз цæсгом бынтондæр ныррухс. Сæхимæ азгъорынмæ хъавыд. Цалдæр къахдзæфы дæр акодта, фæлæ ныллæууыд. Раздæхт æмæ дын афтæ:

— Мæныл дæр ма... ныффысс.

Зæгъын, Мукъи, цы дыл ныффыссон.

— Ныффысс афтæ: Мукъи, зæгъ, нæ тæрсы хъазтæй, куитæй. Стæй цъиуджын каркæй.

— Уый зонын, Мукъи. Æндæр ма цы?

Æнхъæлдæн, Мукъимæ уыдон дæр æгъгъæд фæкастысты радзырд ныффыссынæн. Æмæ зæгъинаг ницуал уыд. Стæй мæм хæстæг-хæстæг æрбацыд. Йæ алыварс акаст — ничи ис уынджы. Æмæ афтæ зæгъы:

— Æз хæйрæг амардтон. Дынджыр хæйрæг.

— Æцæг?! — Ныддис кодтон æз. — Радзур-ма, радзур, Мукъи. Уый диссæгтæ куы дзурыс.

Мукъи бынтондæр фæныфсджын:

— Хæйрæг балтæ хæрынмæ нæ цæхæрадонмæ бацыд.

— Кæуылты?

— Хæдзары тохнайыл, æндæр кæуылты?!

— Æмæ цы хуызæн уыд?

— Хъуынджын... Стæй йын сыкъатæ. Æртæ сыкъайы.

Йæ иу зæвæт — размæ. Иннæ... дæуæн куыд у, афтæ...

— Дарддæр, дарддæр. Куыд уыди дарддæр?

— Æз Бабайы хъама раскъæфтон. Æмæ йæ хæйрæг куы федта, уæд бæласæй рахауд. Стæй амард.

— Æмæ цы фæци?

— Мæлдзыджытæ йæ аластой.

— Уæд кæдæм?

— Зæххы бынмæ. Хæйрæджытæ кæм цæрынц, уырдæм.

Æз мæ худын тыххæй уромгæйæ афтæ зæгъын:

— Диссæгтæ мын радзырдтай, Мукъи. Фæлæ радзырд ныффыссынæн уæддæр фаг нæма сты. Исты ма зæгъ ноджыдæр. Дæхи тыххæй.

Мукъи та фæрæвдзи дзурынмæ:

— Ныффысс афтæ: куитæй нæ тæрсы.

— Уый фехъуыстон. Дæс хатты. Æндæр исты.

— Ныффысс афтæ: Мукъи у коммæгæс. Фатиттæйы дæр ма бафæрс. Стæй сайгæ дæр никуы фæкæны. Æппындæр-æппындæр!

Æз ныффыстон ацы радзырд Мукъийы тыххæй.

Сæргонд та йын, сывæллæттæ, уæхæдæг æрхъуыды кæнут.

ÆНКЪАРД МАЙМУЛИ

— Маймули, уæ Маймули, цæмæн кæуыс? Исчи дæ афæзмыдта?

— Ничи...

— Исчи дæ мæстæй мардта?

— Ничи...

— Исчи дæ бафхæрдта?

— Ничи...

— Маймули, æххормаг дын у?

— Нæу...

— Дойны дын у?

— Нæу...

— Уæдæ цæмæн кæуыс, Маймули?

— Мысын райгуырæн тархъæды бæлæстæ... Стыр хур... Мæ хоты. Мæ дзæбæх ставддзæст, дынджырхъус хоты...

УАСÆДЖЫ ТАУРÆГЪ

Раджы кæддæр Уасæгæн йæ боцъо æмæ йæ къоппа уыдысты урс-урсид. Миты гæлæбуйы хуызæн.

Иу сæумæрайсом куыроймæ фæндагыл уасæг ссардта хоры нæмыг. Замманай хоры нæмыг!

— Хъо-хъо-хъо-хъо!!! — басидт кæрчытæм.

Кæрчытæ æзфæраздæронæй тахтысты алырдыгæй. Фæлæ Уасæг хоры гага ахордта йæхæдæг. Æмæ тынг фæхудинаг. Æмæ тынг фефсæрмы. Йæ боцъо, стæй йæ къоппа сырх-сырхид афæлдæхтысты. Зырзыраг дидинæджы хуызæн.

ДУАРЫ ФЫН

Хур аныгуылд. Æвæццæгæн, денджызы йæхи цынадта æмæ бахуыссыд. Фынæй кæндзæн ардыгæй райсоммæ.

Бæлæсты къуыр-къуыр нал хъуысы — уыдон дæр фынæй сты. Фыстæ кæрты сым-сым кæнынц хуыссæгхъæлдзæгæй.

Къамбец сынæр нал цæгъды — бафынæй уый дæр. Гæрæм гал дæр. Дыууæгуыбынон сæгъ дæр.

Хæдзары тохына фæздæг нал уадзы — уый дæр бафынæй. Рудзгуытæ дæр. Дуæрттæ дæр. Тыргъы Дуар æппæты фæстæ бафынæй. Æмæ федта диссаджы æнкъард фын. Цыма зилгæ-дымгæ кæрты къуымты ратæх-батæх систа. Кæркдонæй бумбулитæ раскъæфта. Хордонæй — зыгуымы муртæ.

Февнæлдта Тыргъы Дуармæ дæр. Фегом æй кодта, стæй йæ сонтæй ахгæдта æмæ, мæгуырæг, гыццыл цъæх мысты къæдзил Дуары бын фæцъист.

Мыст куыдта: «Цъ-цъ-цъист, цъ-цъист, фæцъ-цъ-цъист».

Дуар дæр куыдта: «Хъыррыст, Хъырр... Мыст... Тынг рыст?»

Райсомæй хæдзары хицау Бечмырзæ йе ’фсинæн дзырдта: «Дысон цавæр æнæхайыры дымгæ уыд! Нæ тыргъы дуар æхсæв-бонмæ йæ хъыррыстæй нæ банцад».

АРВ ХУДЫ, АРВ ЗАРЫ

Арвмæ фæсрагъæй ысленк кодтой мигътæ. Радымгæ кодта. Уый тыхджын къæвдайы нысан у. Арв ныннæрыд æмæ бæлæсты сыфтæртыл, залмысыфтыл, кæрдæгыл — къупп-къупп. Фемæхст уарын.

Тæрхъус уагъылыйы къутæры бын бабырыд æмæ хъуыды кæны: «Арв кæмæдæр смæсты æмæ йæ фæдæлдон кæнынмæ хъавы».

Уызын дæр фæткъуы бæласы бын æрæмбæхст æмæ хъуыдыты аныгъуылд: «Дымгæ мæн тыххæй ракодта. Уадз æмæ мын фæткъуытæ æрæзгъала бæласæй. Фæлæ уарынæй та цы кодтон?»

Уыцы рæстæг рувас уыди хъæугæрон æмæ, кæм амбæхстаид, уымæн ницыуал зыдта. йæ сырх кæрц ныддонласт, афтæмæй æрбахæццæ йæ хуыггоммæ. «Къæвда мæ кæрчытæ давын нæ бауагъта. Арв, æвæццæгæн, давæгойты нæ уарзы».

Хъуыды кодта, йæ къуди тилгæ, рувас.

«Арв ниуы», — загъта йæхинымæр бирæгъ æмæ йе ’ххормаг гуыбынмæ ныхъхъуыста.

«Арв богъ-богъ кæны», — бахъуыр-хъуыр кодта арс, æмæ йæ иуварсæй иннæмæ рафæлдæхт.

Уарыны урс фæрдгуытæ кафынц бæлæсты сыфтæртыл, залмысыфтыл. Кæрдæджы хъуырты амбæхсынц.

Хъуысы кæрдæджы ныхас:

— Арв худы. Арв зары.

Хурзæрин. Сывæллæтты литературæйы
антологи. 2 т. Т. 2. Орджоникидзе, «Ир», 1974.

Цыбыр радзырдты æмбырдгондмæ

В Учебный центр


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.