Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХÆРД ÆМÆ НОЗТ.
ÆФСÆСТ. ÆХХОРМАГ

Цыма сæлæф царвæфсæст у, уый каст кæны.

Æфсæст куыдз миты рагъыл тулы.

Æфсæст бирæгъау йе рагъы нуæрттыл ратул-батул кæны.

Æфсæст лæг æнæмæт у.

Æфсæст гуыбын хъазын агуры.

Æфсæст зæрдæ парахат у.

Æфсæсты зæрдæ зарын агуры.

Лæг æфсæст куы вæййы, уæд æххормагæнхъæл нал вæййы; æххормаг куы вæййы, уæд та — бафсæдынæнхъæл.

Æфсæст æххормаджы рис нæ зоны.

Æфсæст æххормаджы мæт нæ кæны.

Æфсæсты зæрдæмæ стонг нæ цæуы.

Бирæгъау куы — ’фсæст, куы — ’ххормаг.

Дзæкъулхæссæг — æфсæст, хызынхæссæг — æххормаг.

Дæуæн дæ гуыбыны чындзæхсæв и, мæнæн та дзы хист дæр нæй.

Æххормаг лæг йæ гуыбынмæ хъусы.

Сыдæй цæрддзу кæны.

Йæ гуыбын æлхынцъ чи хæссы!

Æнæмызд хъазахъхъ ис, фæлæ ’нæхæргæ хъазахъхъ нæй.

Фырæххормагæй мæ гæккуыри схауы.

Фырæххормагæй мæ уд ысхауы.

Стонг бирæгъы каст кæны.

Стонг гуыбын æнхъæлмæгæсаг у.

Мамæлайы комдзаг.

Стонг лæг ыстæг æхсынаг у.

Стонгæн ничи фæразы.

Стонгæн дуртæ дæр нæ лæууынц.

Стонг лæгæн йæ сæр йæ кой у.

Салдат йæ цæппæр ахордта.

Стонг лæджы бæстæ нæ хъæуы.

Мард ыстонг лæгæй тæрсы.

Стонг бирæгъ куыдзы бын дæр атулы.

Стонг карчы фын — еууы быдыр.

Гæдыйы фын — хъæбынтæ.

Гæды йæ фыны дæр мыстытæ ахсы.

Рувас йæ фыны дæр кæрчытæ ахсы.

Æххормаг бирæгъ кæртмæ лæбуры.

Мæрдтæм æххормагæй цæуыны бæсты ’фсæстæй цæуын хуыздæр у.

Тæбæкк мардæй тыппыр мард хуыздæр.

Иу фырæфсæстæй куырм у, иннæ та — фырыстонгæй.

Æххормаг гуыбын та уагæи цы зоны!

Нард лæгæй нард хъыбыл пайдадæр у.

Æххормаджы бафсадын удыбæстæ у.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.