Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХИСТÆР. КÆСТÆР

Хистæр адæмæй кæнгæ у.

Хистæрæи — хистæры ран, кæстæрæн

Хистæр нæрв у.

Хистæр нæрв у, кæстæр — гæрз.

Хистæр — зондамонæг, кæстæр — æгъдаухæссæг.

Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс.

Зондджын хистæр дзуар у.

Хистæр зондамонæг у.

Хистæры хорз фæндæй кæстæр дæр рæзы.

Кæстæр рæдиаг у, ахуыр æй хъæуы.

Кæстæр — рæдиаг, хистæр — бараг.

Сæрылхæцæджы фæндæй хуым нæй.

Уафс уæлфадæн зонд амыдта.

Айк каркæн зонд амыдта.

Айк каркæн уынаффæ нæ кæны.

Хистæры разæй цæуын аипп уыд.

Æз дæ разæй саг дæр н’ амардзынæн.

Кæстæрæн хистæры разæй дзурыны фæтк нæй.

Гаццайæн йæ хъæвдынтæ йæ хуылфæй рæйдзысты. (Санаты Семы ныхæстæй).

Сæры бæсты-иу къах ма дзурæд!

Кæстæрæн йæ хæс — хистæрмæ хъусын.

Хистæр дзуры, кæстæр хъусы.

Хистæрмæ цы кæстæр нæ хъусы, уый йæхицæн фыдбылыз у.

Нарт æмвæнд, æмуынаффæ уыдысты: хистæры дзырдмæ куыд хъуыстой, кæстæры дзырдмæ дæр афтæ хъуыстой.

Хистæры ныхас хуыцауыл тынгдæр æмбæлы.

Кæстæры оммен — хистæрæн æхцон.

Кæстæр хъырнæг у, хистæр та — зарæг.

Хистæры коммæ кæсын хъæуы.

Хистæрæн кæстæр йæ ныфс у, сæрбахъуыды сахат та йæ тых у.

Кæстæр хистæрæн — æгъдынцой.

Кæстæры лæггад — хистæрæн зæрдæрухс.

Кæстæр хистæрæн бирæ балæггад кæны.

Кæстæр хистæры фæзмаг вæййы.

Кæстæриуæг кадæн чи иса, уый æлгъыстаг кæны.

Æвзæр бон æмæ ’взæр æхсæвы хистæры рад у.

Æвзæо бон æмæ ’взæр æхсæвы хистæры бар у.

Хад дæр сæ хистæры хъомгæс кæнынц.

Хистæрщбуц дар — ды дæр зæронд кæндзынæ.

Гал дон аназы, род их асдæры.

Хистæр æрыхснырста ’мæ устытæ сыстадысты.

Хистæры фарн бирæ у.

Табу хистæрты фарнæн!

Кæстæрыд иууылдæр хистæр ысты.

Кæсгон лæгæн йæ сæмæн ку’ асæтты, уæд æй йæ лæппуйы ’фсон фæкæны.

Каестæрæй тынгдæр æфсæрмы хъæуы.

Бар кæстæры вæййы.

Кувæггаг — кæстæрæн.

Кæстæрæн кувæггаг зæрдæрухс у.

Кæстæры хъус — ме ’вдисæн.

Хорз алы ран дæр — кæстæр.

Ацæмæз хистæртæн кæстæр’ уыди, кæстæртæн æмбал уыди.

Хорз кæстæр — хистæр, æвзæр хистæр — кæстæр.

Хистæры тыхæй басæттын — уый фæтк у.

Хъулæй — тохсимæ.

Æвзæр кæстæры бæсты æнæ кæстæр хуыздæр.

Æвзæр кæстæрæй æнæ кæстæр хуыздæр.

Гал родты ’хоæн куы бацæуа, уый хуызæн.

Родты ’хсæн — дыгæрдыг.

Рæгъауы дæр алчи йе ’мдуггаджимæ хизы.

Хæдзар хистæрæй куы мæлой, уæд амондджын у.

Кæстæртæ хистæртæй хуыздæр куынæ цæуой, уæд мыггаг сæфтмæ цæуы.

Æнæ хистæрæй æмæ æнæ кæстæрæй хæдзарæн цæрæн нæй.

Сæ сæр æнæкъах ма уæд, сæ къах — æнæсæр!

Кæстæр хистæры кæм нал зона, уым цард нæй.

Кæстæр адæмæн адджын у.

Фыдæлты уаргъ кæстæр фæхæссы.

Нарт хистæр-дзæбæх æмæ кæстæр-арæхæн уыдысты.

Кæстæр-арæхæн уæд уæ цард!

Хистæрæн — кад, кæстæрæн — рад.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.