Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ÆФСТАУ. ХÆС. ГÆРТАМ

Фурд Теркмæ курæг цыди.

Фурд суадонмæ ’фстаугур æрцыди.

Сызгъæрин дæр ма хæсагур фæцыд.

Хæс паддзæхтæ дæр дарынц.

Æрæджиау чи схъæздыг уа, уымæй хæс ма райс.

Ие ’хца цот кæнынмæ радта.

Дæ хæстæгæн æхца пайдайы ма ратт.

Цъынды кæй радтай, уый дæу нал у.

Уæлæуыл мын хæс ратт æмæ дын æй мæрдты бафиддзынæн.

Дæ къухæй хæсы ратт æмæ йæм дæ къахæй цу.

Æфстау æфстауы мары.

Æфстау æфстауы нæ мары.

Ирон хæсмæ тындзæн нæй.

Мидхъæуы хæсмæ тындзæн нæй.

Хæс хæсæй нæ истæуы.

Хæс уаргъ у.

Хæсты бын фæдæн. и

Хæстæй мæ сæрысхъилы бон дæр нал и.

Хæс исын чи уарзы, уый йæ фидынмæ рæвдз нæ вæййы.

Хæс райсын æнцон у, фæлæ йæ фидын зын у.

Хæс фидын хъæуы.

Хуыцау, хæсджынæй мæ ма амар!

Мæрдты мын фиддон ма фæуæд!

Йæ хæс чи бафиды, уый æнæмæт у.

Хъæздыг куы смæгуыр вæййы, уæд йæ зæронд хæстыл зилы.

Лæг куы фæмæгуыр вæййы, уæд йæ зæронд хæстыл зилы.

Бирæгъ ысмæгуыр æмæ йæ зæронд хæстæ иста.

Уыйраг ысмæгуыр æмæ йæ зæронд хæстæ иста.

Фыдхæсджынæй дыууæ ’рчъихоры дæр хорз у.

Фыдхæсджынæй тырты мих дæр райс.

Фыдхæсджынæй фисты хъуын хуыздæр.

Фыдхæсджынæй — фæнычы армыдзаг.

Фыдхæсджынæй — фæнычы тæпп.

Фыдхæсджынæй фæнык райс æмæ йын æй йæ цæсты бакал.

Фыдхæсджынæн рыг йæ цæсты бакал.

Гæртам ауындзæнæй ыздахы.

Æхца алцыдæр аразы.

Гæртамисæджы ку’ афæрсай, куыдзæн йæ къуди кæд ысраст вæййы, зæгъгæ, уæд дын ахæм дзуапп ратдзæн:

«Холлаг ын ку’ ахæрын кæнай, уæд».

Гæртамхор къæрныхæй фыддæр у.

Гæртамхор — цъыфхор.

Гæртамхорæн удыбæстæ нæй.

Гæртамхорæн дзæнæты дуар æхгæд у.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.