Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗГ ÆМÆ УСГУР ЛÆППУ.

УАРЗОНДЗИНАД. МИНÆВÆРТТÆ. ЧЫНДЗÆХСÆВ

Хурау худгæ чи кодта, стъалыйау — æрттивгæ.

Хурæй уыд рухсдæр.

Мæйæ — фæлурсдæр,

Донæй — зарагдæр.

Хъуытаз-хъæлæс, мырмыраг-дзых.

Чызджы былтыл — æгънæг хуыд.

Бæстæ ’мæ доны йаргъ чызг.

Тæхуды ’мæ ды кæй фæсцæджындз балæудзынæ!

Æрфыгджын чызг йæхи хуызæн никæй æнхъæлы.

Æрфыгджын чызг — дзæгъæлгаст.

Чызджы цæст — рагъæныл.

Чыр-чыр æмæ мыр-мыр чызджы хъуыддаг ысты.

Чъиу -æууилын — чызджы хъуыддаг.

Хъазау джихтæ цы чызг кæны, уый чындзагæн нæ бæззы.

Æвзæр чызг — лæмаринаг сынкъ.

Æвэæр чызг йæ мыггагæн — фыдми ’мæ худинаг.

Æвзæр чызг йæ фыды къонайыл зайы.

Æвзæр чызг йæ фыды уæларт мæлы.

Дæ фыды уæларт амæл!

Йæ фыды уæларт баззад.

Бадæг чызг æгад кæны.

Абадгæ чызг мæстыгæр вæййы.

Бадæг чызг фæлмæцаг у.

Бадæг чызг æнкъард кæны.

Абадгæ чызджы фæндыры цагъд хъарæг у.

Бадæг чызгмæ дæр фарн кæсы.

Фæндыры зарæг — чызгайы дарæг.

Чызджы зæрдæ мæгуыр у.

Лæппуйы зæрдæ ’рра у.

Лæппулæг æнæдомд æмæ сæртæг вæййы.

Усгур лæппу зындарæн у.

Дæ хал, дæ бæндæн фæхауа, кæд дын нырма ус афон нæу!

Чындздзон чызг æмæ усгуры зæрдæ хуримæ хъазы.

Усгуры мæт — хуры чызг.

Сусæг уарзон — зæрдæниз.

Мæ сæфт хуры хай. (Къоста).

Уарзондзинад атахт æмæ фаджысы сæр абадт. ’,

Уарзои хæрæджы хъустыл дæр бады.

Уарзондзинад карз низæй уæлдай нæу.

Мæ хæйрæджы хай мыл фæтых — фыдсыл бауарзтон.

Уарзондзинад — æнæвзаг.

Лæг кæй уарза, уый фæдыл мæрдтæм дæр фæцæудзæн.

Фыдбон бæхмæ мæ бабæлл, хъазты чызджы ма бауарз.

Уарзондзинад, æргуыбыр кæн æмæ йæ сис, уымæй нæу.

Лæг кæй уарза, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн.

Тæхуды ’мæ уыцы лæппу кæй фæсдуар балæудзæн!

Чызджы йæ фидис ингæны дæр нæ уадзы.

Æцæгæлон бæсты хъæуккаг чызг хо у.

Нарт чызджы ’фхæрд лæгæн нæ барстой.

Лæппу ’мæ чызг хъæубæстæн иумæйаг ысты.

Чызг æмæ чындз æфсæрмæй бæззынц.

Лæг цалынмæ йæхи дарынхъом фæуа, уæдмæ йын ус ракурын не ’мбæлы.

Лæппу-хицау æмæ чызг-æфсин æгъдауы нæ баззад.

Æнæус лæг къуда галы хуызæн.

Чындздзон чызгæн й’ афон куы ’рцæуы ’мæ йыл хорз дзурæг куы вæййы, уæд йæ каст ницæмæуал у.

Чызг фыды артдзæсты нæ бады.

Лæппуйæн й’ амонд — хорз ус ыссарын.

Царды ’мбал кæддæриддæр ыссардзынæ.

Чызг мыггагæй æвзарынц.

Æвзæр комæй ысгуыхт чызг нæ цæуы.

Мæлæг ус афтæ фæдзæхста йæ лæгæн: бурхил æмæ цъæхдзаст сылгоймаг ма бацагур дæхицæн æфсинæн. (Аргъауы ныхæстæй).

Рæсугъд усмæ ма бабæлл.

Кары уæвгæйæ æрыгонмæ ма бабæлл — мастæн дын уыдзæн.

Сылгоймаг æмæ бæхы оæ цыдæй æвзарынц.

Кæдæй-уæдæй лæджы хай кодтон, æмæ мæ синты бык дур фæци.

Хъуг цы у, уый уал базон, æмæ афтæмæй род æлхæ.

Байраджы йæ мадæй æвзарынц.

Ус куы курай, уæд æй йæ мадæй бафæрс.

Ирмæ ахæм æмбисонд баззад: сау лæгæй, зæгъы, чызг ма ракур — дæ мыггаг фесафдзынæ, фæлæ сау лæгæн дæ чызджы ратт, æмæ йæ мыггаг аива.

Фыдмыггагæн йæ чызджы ракур, фæлæ йын дæ чызджы на ратт.

Цæфыл — лымæн, тугыл — каис.

Лæппулæгæн уагъд ус хæссын нæ уагътой — аив æй нæ хуыдтой.

Мидæгмоймæ бацæуын ыстыр худинаг у.

Иу мыггагæй дыууæ усы чи кæны, уый йæхицæй хынджылæг кæны.

Иу бæзгæ кæнæд, æмæ фæнды знаджы чызджы ракур.

Ус æнæсæрæн ыскъæфы.

Чызгæскъæфæджы сæрыл куырой зилы.

Æвæндонæй цы сылгоймаджы ’ркæнай, уый дын масты йедтæмæ ницы ад ратдзæн.

Бæх æмæ ус лæджы амондæй ысты.

Чызджы нымудзæг — æлгъыстаг.

Усгуры дзых урс уæрыччытæй йедзаг у.

Усгуры лæггад æнцон фидæн у.

Чызджы зæрдæ балхæнынæн бирæ нæ хъæуы.

Минæвар сахы дуармæ дæр цæуы.

Минæварлæгæн йæ хæс йе ’ккойы ис.

Минæвар куыдзы къахæй над у.

Иу загъдæй чызг нæ разы кæны.

Чызг лæгъстæтæ уарзы.

Чызгмæ курæг куы фæзыны, уæд йæ тыхыл н’ ауæрды.

Чызг йæ курæджы цæстмæ йæхи ’вдисы.

Чызгджын тыхджын у.

Хуыцау мæ дæуæн загъта.

Чызджы ирæдæй хæдзар нæ рæзы.

Ирæдисæг тæригъæдджын у.

Фидаугæйæ мады номыл бæх вæййы.

Стыр чындзы цы хъæуы, чысылы дæр — уый.

Чысыл чындзæн цы хъæуы, стырæн дæр уый хъæуы.

Сиахс — амонд æмæ хæрæфырт — фидар! (Кувæджы ныхæстæй).

Фарны хъуыддаг бæхыл бады.

Æгъдау уыди: фыды хæдзар-иу хуын аласта моймæдзыд чызгæн. Уыцы хуын хуыдтой ысгæрст хæссын.

Чызджытимæ лæууон — æмæ чызг куынæуал дæн. Устытимæ лæууон — æмæ ус дæр куы нæма дæн.

Чызг куырдуаты бирæ куы бада, уæд æгад кæны.


Бонрæфты дæ тагъд цума,

Де ’нæзивæг дондзау. (Зарæджы ныхæстæй. Чызг æрвитгæйæ).


Де ’зæрæй уатгæнæг,

Дæ райсомæй уатисæг.

Де ’зæрæй уатгæнæг,

Дæ сæууон артгæнæг.

Де ’хсæвы артнуæрдæг,

Дæ райсомы артгæнæг.

(Зарæджы ныхæстæй. Чызг æрвитгæйæ).


Иу боны номыл чындзы ничи цæуы.

Чындзы цæуынæн дæр уд хъæуы.

Чызджы сæдæ фæкуры, хæсгæ та йæ иу акæны.

Бæстыл æртæ рæсугъды ис, æмæ дзы иу ахсæв чындзы цæуы.

Чындзæхсæв сарæзта: урс галтæ дзы урс уæрыччытау аргæвстой.

Асатæ Агуындæйы цы боны фарнæй æрхуыдтой, уыцы боны фарн уæ уæд! (Чындзæхсæвы арфæтæй).

Амондджын бон нæм дæ къах æрбавæр!


Каркау — бæдулджын,

Арсау — хъæбулджын,

Бæласау — уидагджын!

(Кувæджы ныхæстæй).


Каркау — бæдулджын,

Мыстау — рæбынджын!

(Кувæджы ныхæстæй).


Хистæртæн — бараг,

Кæстæртæн — æмгараг!

(Кувæджы ныхæстæй).


Йæ иу уæхскыл — зырнавдæн,

Иннæ уæхскыл — цæргæ хъæу.

(Чындзæхсæвы зарæгæй).


Йæ иу уæхскыл — хуры тын,

Йе ’ннæ уæхскыл — мæйрухс.

(Чындзæхсæвы зарæгæй).


Йæ иу уæхскыл — хурты хуры тын,

Йе ’ннæ уæхскыл — мæйты мæйрухс.

(Чындзæхсæвы зарæгæй).


Фараст лæппуйы ’мæ иу цъæх чызг! (Хуызисæджы арфæ чындзæхсæвы).

Сафа ног чындзæн сæрызæд у.

Ног чындзы уайсæст сæрызæды бын — худæг.

Сæ ног чындз сын хуыцау лæппуты мад фæкæнæд!

Чындзæхсæвы ’лдар — уырдыгыстæг.

Чындзæхсæвы ’нкъард уазæг нæ фидауы.

Чындзæхсæвы къуылых расыг хорз у.

Алæй зæгъут нæ чындзæн: сыхагæнгом, хъæулымæн! (Чындзæхсæвы зарæгæй).

Æмзай, æмзæронд баут! (Чындзæхсæвы арфæтæй).

Фыццаг амонд — цардæфсæст, дыккаг амонд — мæстæлгъæд.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.