Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

УÆЙГÆНÆГ. ÆЛХÆНÆГ

Æлхæнæг дæр, дам, пайдамæ хъавыд æмæ уæйгæнæг дæр.

Уæйгæнæг æмæ æлхæнæг кæрæдзийы сайынц.

Хан æмæ Хуындæджер кодтой сæудæджер.

Сæудæджер-лæгæй пайда ’нхъæл ма у — фæсайдзæн дæ.

Базаргæнæг йæ мад æмæ йæ фыды дæр сайы.

Сæныкк дын авæрон, фыр дæ аласон.

Базаргæнæгыл цалынмæ авд сайды ’рцæуа, уæдмæ сайын нæ зоны.

Кæсагæн донмæ аргъгæнæн нæй.

Аргъ цæуыл дæттай, уый хъуамæ бæзза.

Маргъы ’хсырæй дæр ын ыссарæн нæй.

Цъиуы ’хсырæй зынаргъдæр.

Туджы аргъ ыл бафыста.

Зынаргъ дзаума ’мæ дарæс фылдæр лæууынц.

Уæлладжырон лæг йæ хуым ку’ ауæй кæны, уæд æй хæраг фæхоны.

Уæййаг хуым — хæрхæраг.

Æлхæнгæ хоры бæркад нæй.

Аслам фыды бас нæй.

Аслам хойраг — æмбийаг.

Мæллæг фос аргъ нæ кæны.

Не ’ргъаг аргъ нæ кæны.

Базайраг дын фыццаг цы аргъ иса, ууыл æй радт.

Кæй балхæнай, уый — дæ къæбицы.

Кæй ауæй кæнай, уый дзыппæй ахаудта.

Исты куы ’лхæнай, уæд карзæй бафидау æмæ ’нæзæрдæхудт уай.

Сындзыл бадзур æмæ бæмбæгыл рацæудзынæ.

Базар — ызнагау, лæвар — лымæнау.

Уæй — ызнагау, лæвар — лымæнау.

Дæ фыдгулы базайраг — уыйау.

Фистхъуын фæсмынæй ивын тæригъæд у.

Йæ бæхы хæрæгæй ничи ивы.

Армы уæрцц хуымы уæрццыл нæ лæвæрдæуы.

Дыууæ бæхивæгæй иу йæ саргъ йе ’ккой хæссы.

Базарамонд фæуæд!

Нæртон лæг базар нæ кæны.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.