Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ТЫХМИ. ТЫХГÆНÆГ. ТЫХ

Тыхми фыдми у.

Тыхми — фыдми.

Сыл дæ, нæл дæ, уæддæр — фыркъайаг.

Нæл дæ, сыл дæ, уæддæр — фыркъа.

Сыл дæ, нæл дæ, уæддæр ныййар.

Сырддонцъиуæн хъазы айк æфтауын кæнынц.

Исчи дын дæ цæстытæ артмæ ныддардта?

Æдгæрзтæ салдат дæм исчи рарвыста?

Д’ азар, дæ хъомыс мæн цы скодтай?

Нарт тыхгæнæг уыдысты.

Æхсæртæггатæ тыхы сæрыл хæст уыдысты.

Агуыры ’фсæдтау дæ разы лæууынц.

Нарты ’гъдау афтæ уыд — тых чи кодта, уый-иу йæ фæдджитæ йæ роны ’рсагъта.

Тибæн Гаджиты йедтæмæ тых ничи кодта.

Донмæ сæ тæры мæ сæ æнæ донæй ыздахы.

Бæхбадт ныл ыскодта.

Цъахты хæрды дæр æй нал уадзы.

Йæ дзыхæй йын йæ комдзаг байста.

Мæ уд мын гæркъайы хуынчъы аласта.

Мæ уд мын ысласта.

Æмбойны хæринаг æй акодта.

Гæды мыстæн фæтæригъæд кодта ’мæ йæ ахордта.

Сослан тых кæуыл нæ кодта, уымæ-иу хæрам хаста ’мæ-иу æй сайдæй байсæфта.

Дæ бастигъæгыл дæ бон æркæнæд, д’ астæубос та мæнæн ратт.

Дæ дзых — дæ тæрхон.

Мах дын цы зæгъæм: дæ дзых — дæ тæрхон!

Тых мыл куы цыдаид, уæд дæумæ ныхъхъæр кодтаин, ныр тыхгæнæг — дæхæдæг, уæд ма кæмæ ныхъхъæр кæнон?

Мæгуыры бафхæрæг æндæр хорз ма ссарæд!

Тыхæй исын — æгады хос.

Тыхгæнæг æнæ ныфсæй нæ цæуы.

Тыхгæнæг хъæбæрзæрдæйæ цæуы.

Тыхмигæнæг — тыхсæттæг.

Тыхагур йæхи тых дæр сафы.

Тыхагур тыхыл æмбæлы.

Тыхагурæг — тыхыл аембæлæг.

Тыхгæнæгыл тых цæуы.

Тыхыл мæлæг — тыхы амæттаг.

Тыхы дон хæрдмæ ласы.

Тыхы дур хæрдмæ тулы.

Тыхы дур хæрдмæ суры.

Тых кæуыл нæ цæуы, ахæм нæй.

Тых Нартыл дæр чындæуыд.

Тых хурмæ дæр æххæссы.

Тых хурыл дæр цæуы.

Тых хурыл дæр ис.

Тых дардыл æнхъæвзы.

Тых фылдæры сæр.ыл нæу.

Тыхыл тых куы ’вæрдæуа, уæд дывæр кæны.

Тыхыл тых — дывæр тых.

Тыхæн тых — йæ хос.

Тых зондæй у.

Тыхы сæр — адæймаг.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.