Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ТУДЖДЖЫН. ТУГАГУР

Марæг сусæгмæ хъавы.

Марæгмæ бирæ фæндтæ вæййы.

Туджджынæй тугагурæй чи фæраздæр уыдзæн, уый бæрæг нæй.

Искæй къухæй мæрдтæм бацу!

Искæй къухæй мæлæт æвирхъау у.

Дæ сыджыты хай дыл фæрайæд! (Рагон заман-иу лæг лæджы куы амардта, уæд-иу ыл сыджыт куынæ бакалдта, дæ сыджыты хай дыл фæрайæд, зæгъгæ, уæд-иу æй ныгæнгæ нæ кодтой).

Дæхиуыл фæрайæд дæ сыджыты хай!

Мæрдтæм лæджы цонгцухæй ничи уадзы. (Ахæм фæтк уыди фыдæлтæм).

Тугхъуаджы, стæй ризæгæй чи басадаид, уый Ирыстоны тугмæ нæ мардтой.

Ир сылгоймаджы тугмæ нæ мардтой.

Ирон тугæн æмбийæн нæй.

Ирон тугæн сæфæн нæй.

Фыды туг фырт исы.

Нарты Батырадз йæ фыды тугмæ Бурæфæрныгæй æхснæрцъыйæ цæджындзтæ ’мæ залгъæдæй асины къæхтæ домдта йæ хæдзарæн.

Туг тугæй æхсадæуы.

Туг тугæй не ’хсадæуы.

Туг донæй æхсадæуы.

Тугисæг сæрылхаст кæны.

Тугисæг туджджын кæны.

Марын тæригъæды хъуыддаг у.

Лæг амарын — уый тугтæригъæд у.

Туджджын лæг æхсæв фыдфынтæ уыны.

Лæгмар æхсæв фыдфынтæ у»ыны.

Лæгмарæй алчи йæхи хизы.

Лæгмарæгæй й’ ардауæг тæригъæдджындæр у.

Туджы йаргъ ницы ис.

Амарынæй асурын æвæсмондæр у.

Марын лæгдзинадыл нымад никуы уыд.

Тугисæг æмæ удисæг иу ысты.

Туджджынæй тугагурæй хъауджыдæр нæй.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.