Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

СТЫР. ЧЫСЫЛ

Царæй зæхмæ лæг у.

Хæрæджы йас у.

Лæцаг марды дæргъæн.

Лæцаг мардæн дыууæ хæлафæй иу хæлаф хуыдтой.

Ас уæзыл нымад нæу.

Ас тыхæн æвдисæн нæу.

Стырæй æвзæр.

Гогозты мæра.

Раджы, дам, хох афтæ загъта: «Ацы стырæй ма цæуын куы зонин!»

Голлаг æмæ хызын — æмбæртæ.

Голлаг хызынæн æмбал нæу.

Стыр тулдзæн — арф уидæгтæ.

Стыр дурæн — ыстыр тулæн.

Стыр фурдæн — ыстыр уылæн.

Мæлдзыджы хуыппæй денджыз нæ сур кæны.

Чъырттым бурдымыл худти.

Стырæн фæчысылгæнæн ис, фæлæ чысылæн фестырдæргæнæн нæй.

Арсы хъуыны — мæлдзыг.

Фурды — тъепа.

Фурды — къæм.

Хъелы цад — цæссыджы ’ртах.

Гæдыйы къæдзил авд хъæуы басыгъта.

Мæлдзыг чысыл у, фæлæ хæхтæ фæлдахы.

Рувас афтæ загъта: «Ацы ’ппæт дон кæдæм цæуы, уым мæ доныхуыпп дæр фæлæудзæни».

Чысыл дон дæр фурдыл æфты.

Æхсæвыгон хъыз-мыз дæр рухс кæны.

Талынг бæсты гæзæмæ рухс дæр дардмæ ’рттивы.

Стыр дуры хылычъи раст кæны.

Стыр бæлас дæр у ’мæ йæ лæг ракæны.

Чысыл фæрæт ыстыр бæлас акалы.

Фæрæт чысыл у, фæлæ стыр бæлас акалы.


Цыбыр лæг даргъ бæлас акалы.

Чысыл ,лæг хуыцауимæ дæр тох кæны.

Чысыл Тохты Хæмыц дæр уыд, фæлæ дзы знæгтæ ’мризæджы рызтысты.

Асæй чысыл сахъат нæу, фæлæ зондæй чысыл у сахъат.

Стыр чындзæн дæр алæй-булæй хъæуы мæ гыццыл чындзæн дæр.

Чысыл лæджы туг æмæ стыр лæджы туг æмаргъ ысты.

Чысыл лæг æмæ стыр лæг æмаргъ ысты.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.