Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

АРД ÆМÆ СОМЫ. ДЗЫРДЫ ФИДАР

Нарт зынгæй райгуырдысты ’мæ зынгæй ард хордтой.

Нæртон лæг ныхас куы фæкæны, уæд—дзуары бын кæнæ ’рдхæрæн бынаты.

Дзуарæй сомы фæкæнынц, хуыцау æмæ зæххæй та ард фæхордæуы.

Цалынмæ мын хуыцауæй сомы ракæнай æмæ мын сыджытæй ард бахæрай, уæдмæ дыл нæ баууæнддзынæн.

Хуыцау — уæлейы, зæхх — бынæй.

Хуыцауы ард æмæ зæххы сомы.

Сомыгонд ныхас — зæрдæмæ ’ввахс.

Ард ард у, кад та кад у.

Хуыцауы ’ууæнк мын ратт.

Хуыцауы ’ууæнк не ’хсæн фод!

Гъай дын мæ хуыцауы къух — м,æ дзырд нæ фæсайдзынæн!

Не ’ууæнк нæртон ныхас фæуæд!

Нæ дзыхы ныхас — не ’вдисæн.

Дзырд æууæнкæн у.

Фидиуæг фæдзæхсы: «Уой, нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!»

Дзырд дзырд у.

Дзырд æрмæст хæйрæджы нæ уырны.

Ныхас ныхас у.

Хæснаг хæснаг у.

Адæмæн — дзырд, ногъайæн — дамгъæ.

Ирæн — дзырд, ногъайæн — дамгъæ.

Дзырд радта — нæртон лæджы дзырд.

Фыццаг-иу адæмæн дзырд уыди, ныр хъуыддаг гæххæттæй фидаргæнгæ ’рцыд.

Арды бынæй зæгъ.

Хуыцауæй мын ард бахæр, зæххæй мын сомы бакæн.

Ард нæ бахæрын — худинаг.

Хуыцауæй ард бахордта, зæххæй сомы бакодта.

Хуыцауæй дæ бауырнæд.

Уæлейы — арв, бынæй — зæхх, уыдон ард мæ баййафæд!

Хуыцауы ард — не ’хсæн.

Мæ хуыцау — ме ’вдисæн.

Хуыцау, зæхх — ме ’вдисæн.

Хуыцау — мæ уынæг, зæхх — ме ’вдисæн.

Ард — н’ астæу.

Ардæн æвдисæн — йе ’ууæнк.

Дæ ард — мæ ард.

Сыджыт систа ’мæ йæ йæ дзыхы бакалдта — хуыцауæй йын сомы ракодта.

Сыджытæй ард хæрæн нæй — йæхæдæг ард у.

Кæрдзынæй ард ма хæр, йæхæдæг ард у.

Ард денджызæй фод!

Сомытæ кæны, æрдтæ хæры.

Уæд мын хуыцау иу боны цард дæр мауал радтæд, кæд æз гæды зæгъын!

Кæд гæды зæгъын, уæд мæ хуыцау мæ хæдзарыл мауал сæмбæлын кæнæд!

Балцæджы цалх дын дыууæ дихæй цыртæн куыиæ ныссадзон, уæд ме ’мбæлтты ’хсæн мауал ацæуон!

Мæ фыды рихийæ дын сомы кæнын.

Мæ фыды цæсгомыстæн!

Мæ мадыстæн, мæ фыдыстæн!

Лæджыстæн! (Уастырджи дам-иу кодта ацы сомы, зæгъгæ, ахæм ныхас баззад фыдæлтæй).

Цæрдтæ-мæрдтыстæн!

Дæллæгты мæрдтыстæн дæр, уæллæгты мæрдтыстæн дæр!

Мæ судзгæ мæрдтыстæн!

Ацы сызгъæрины ардыстæн!

Ацы ’взисты ардыстæн!

Ацы ’взисты фыдæх мæ баййафæд!

Фырсомы — æнæ сомы.

Дзырд ын нæй, сомы — иннæ ахæм.

Къæсæрæй дуармæ йæ дзырд нæ хæссы.

Сæгъæн йæ зайын афон куы ’рцæуы, уæд сомытæ бакæны, æз ма цæумæ куы ссæуон, зæгъгæ. Фæлæ та й’ афон куы ’рцæуы, уæд фæзæгъы: «Мæ сомытæ мæ къæдзилы бын!»

Сæгъы сомы — къæсæрмæ.

Уымæн йæ сомы — йæ къæдзилы бын.

Рувасæн й’ ард — йæ къæдзилы бын.

Гæдыдзурæгæн йæ сомы — йæ былы алгъыл.

Иу ард чидæриддæр фæсайы.

Дзырд кæмæн нæй, уый хæйрæг у.

Дзабойы дзоныгъау фæзылди.

Къæссавæлдæхт фæци.

Ард дердыгæй — дæ дзырд фæсайдтай.

Мæнгард лæгæн ард æмæ сомы царв ахæрæгау ысты.

Уый й’ард бахордта.

Мæнгард лæгæн бирæ ’нтысы.

Мæнгард ныхас лæгæн йе ’ууæнк сафы.

Ардфæливæг хуыцауæй æлгъыст у.

Мæнгарды мæнгардæй марын хъæуы.

Йæ дзырд дзырд кæмæн нæу, ахæм лæгæй дардмæ лидз.

Дзырдæн хицау хъæуы.

Лæг йæ дзых æмæ йæ гуыбынæн хицау у.

Лæг хъуамæ йæ ныхасæн хицау уа.

Ныхас фæсайын — худинаг.

Ард басæттын мæлæт у.

Сомы басæттын — мæлæтæй фыддæр.

Ныстуан хæс у.

Ныстуан фæдисæй тагъддæр хæццæ кæны.

Ныхас — тъыфыл, йæ сæххæст та — мæкъуыл.

Æз, йæ дзырды сæрты чи ахиза, ахæм лæг нæ дæн.

Æз хуыцауæй ардхæрд дæн — цы дзырд зæгъон, уымæн фæсайæн нæй.

Лæг йæ дзырд нæ сайы.

Сæрæй-сæрæй ма зæгъ, науæд дæ дзырд ма сæтт.

Лæг йе ’мгъуыд нæ сайы.

Цом загътай, уæд мауал лæуу.

Иудзырдон — иудзæсгом, дыдзырдон — дыдзæсгом.

Иудзырдон — нæртон лæгау.

Иудзырдон лæг кадджын у.

Нарт сæ дзырд нæ сайдтой.

Рагон адæм дзырдыл æцæг уыдысты.

Ардбахæрдæн фæсайæн нæ уыд.

Нæртон лæгæн гæды зæгъæн нæ уыд — уæд йæ болат сау æфсæйнаг кодта.

Нартæн сæ дзырд фæсайынæй се ’ндон сау æфсæйнаг кодта.

Ард бахæрæг — сæрылхаст.

Ныхас фыдæвджидгæнæг у.

Ныфс бавæрдтай — сæххæст æй кæн.

Ард бахордтай, уæд фидар лæуу.

Ард макуы фесаф.

Иугæр ард бахордтай, уæд æй адзалмæ хæсс.

Нæртон æгъдау афтæ уыд, æмæ цы сфæнд кодтай, уымæн æнæ сæххæст иæ уыд.

Нарты Батырадз-иу цы загъта, уымæн æнæ сæххæст нæ уыд.

Æз цы сфæнд кодтон, уый нæ фыдæлты ’гъдаумæ гæсгæ аивгæ нæу.

Мард лæджы фехсынæй сомыгоид дæн.

Дзырд ма фæивæм — æз æмæ ды фæтк ма скæнæм.

Æгъдау æмæ фæтк, ныхас æмæ хæснаг — уыдон æххæст хъæуы.

Фидар ныхас фидар мæсыг у.

Зæгæлы хостау — йæ ныхас фидар.

Лæг дæ: дзыхы фидар æмæ тыхы хъæбæр!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.