Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

СÆРÆН. ÆВЗЫГЪД. ÆНÆСÆРÆН

Лæг амалæн конд у, фæзæгъынц.

Лæг мадзалæн конд у.

Нæртон лæг мадзалæн конд у.

Сырдон мадзалæн конд уыд.

Мадзалджын лæг æнæдон ранæй дон ысхъарын кæндзæн.

Сурыл наутæ ацæуын кæндзæн.

Уый æххæст гуырд у: уый йæ фарчы хай алы ранæй дæр ратондзæн.

Дуры гуыбынæй дæр йæ тонайы хай ракæндзæн.

Уымæй сонт-монты иицы аирвæздзæн.

Мадзалæн ’зонд æмæ арæхст хъæуы.

Фиййауы куы фæнда, уæд йæ нæл сæгъы дæр радуцы.

Хæйрæглæг гæркъайы хуынчъы дæр алæсдзæн.

Лæджы ном мыл ма уæд, æз исты фæрæз куынæ скæнон!

Сæрæн лæджы бæрны цы хъуыддаг бакæнай, уымæ зæрдæ не ’хсайы.

Хъилхъус æмæ дзагъырдзæст.

Саджы хуызæн лæг у.

Саглæг.

Сагсур.

Саг фæкæлæд, саг, дæ бæсты!

Ахæм рог у ’мæ йыл доны уайгæйæ ’ртах нæ фæлæудзæн.

Хæфсæй рæуæгдæр.

Хæфсæй рæуæгдæр цырд лæппу.

Егар куыдзæй рæуæгдæр.

Сырдоны кæфой фестад.

Сырдоны кæфойæ рогдæр.

Тæгæры сыфау цы срæуæг дæ?

Цъил фестади.

Маргъау ыл базыртæ базад.

Тæхгæ маргъ бын нæ кæны.

Гæдыйау авд бынаты ку’ аивтай.

Сослан сæууон мигъау — дæлбынты, изæры мигъау — бæрзæндты.

Райсомæй сихормæ сæгъдзуан кæны, сихорæй изæрмæ — тæрхъусдзуан.

Хæрдмæ зымы уад кæны, заргæйæ та зымы къуыззитт кæны.

Сурæг дæр — мæхæдæг æмæ рындзылбадæг дæр — мæхæдæг.

Се уæнг — рог, сæ дзырд — цырд.

Лæджы йæ къæхтæ кæдæм нæ хæссынц!

Цæуон — мæ фæндæгтæ та схæмпæл ысты.

Тыннывæндæгау кæны.

Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы.

Тулгæ дурæй къæртт хауы.

Рог дур ысхъиуаг у.

Рæуæг рæуæг у, фæлæ фыррæуæг доны хауы.

Цыма йæ рæуæд йæ гуыбыны амард, уый каст кæны.

Цыма дыл тæдзгæ фæкодта, уый лæуд кæныс.

Раст ыл цыма фæтагъд æмæ фæуарыди, уыйхуызæн у.

Æргъæвст мæхъылы каст кæныс.

Ныгъуылд уæрццау ныттымбыл.

Дæ уæрцц аирвæзт?

Карк йæ цъиутæй куы фæдзæгъæл уа, уыйау.

Къуыртты бадæгау бады.

Адон хæсгæ галау уæзбын ысты.

Адон хæруссаг галау уæззау ысты.

Дзаг уæрдон куыд фæуæзгæ вæййы, афтæ.

Кæд гал бæласмæ схиздзæн, уæд уый дæр исты хъуыддаг сараздзæн.

Чызгау йæ сæрæн нал у.

Фынæйæ дон нуазæджы митæ кæныс.

Айк мæцъисæй фæлдахы.

Бага-нæмыг, фæнык-хос.

Æдылыйы лæппу хæфдæндагæй амард.

Æстæмæй астмæ не змæлы.

Йæ дымæгыл дур æрæвæрдта.

Фæныкæй йæ йæ къах нал хæссы.

Æвæрæз сындзы къутæрыл баст.

Де уæнгтыл ма схæц, де ’гæр фæкалай!

Æдзæллаг фиййауæн йæ фос æнæлвыдæй зайынц.

Æгуыдзæг цуаноныл сырд æмбæлаг у.

Хуырхы бынтæ куынæ у!

Мугæйы цъар æй ма хон!

Лæг йæхæдæг йæ бындз асурынхъом куынæ уа, уæд уый цæй лæг у?

Дæхæдæг куынæ фезмæлай, уæд дын дæ хъуыддаг исчи нæ бакæндзæн.

Æнусон цъити дæр ма змæлгæ кæны.

Дур дæр ма æнусмæ иу ран нæ лæууы.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.