Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

МÆТ ÆМÆ САГЪÆС

Алы лæджы — алы мæт, куыройгæсы — доны мæт.

Йæ къодах ам ис, йæ зæрдæ — сæхимæ.

Лæгæн йæ худ тæрхоны к’ уа, йæ бæх дугъы к’ уайа, йæ ус аргæ куы кæна, уæд йæ зæрдæ ’нцад нæ вæййы.

Лæгæн йæ худ тæрхоны к’ уа, йæ бæх — дугъы, ус — æвгъæды, уæд йæ зæрдæ иухуызон вæййы.

Йæ бæх дугъы кæмæн уайа, йæ ус арыныл кæмæн уа, уыдон зæрдæтæ ’мхуызон ысты.

Йæ бæх дугъы кæмæн уайы, уымæн йæ зæрдæ ’нцой нæу.

Æхсæв дыл хуыссæг ма хæцæд, бон та сагъæс кæн!

Сагъæсыл ысси: бон æм арвы рухс нал зынди, ’хсæв æй хуыссæг нал ахста.

Мæты бацыд: æхсæв нал хуыссы, бон нал бады.

Мæтæй йыл æхсæв хуыссæг нал хæцы.

Æхсæв сагъæсгæнгæ хуыссыд, бон азæлгæ бадти.

Мæгуырæн мæт куынæ вæййы, уæд йæ судзин аппары ’мæ уый ф’ агуры.

Мæт дæ ма уа ’мæ мæты бацæуай!

Мæтæй мæтмард кодта.

Къæрмæгон—æппæтыл мæтгæнаг, йæхиуыл ын иу мæтгæнæг нæй.

Æгæр мæтгæнаг ма у, кæннод тагъд базæронд уыдзынæ.

Стырзæрдæ адæймаг у: нæйæ нæ тæрсы.

Мæ сæдæ фысы дын куынæ хъахъхъæнын!

Мæнæн уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæй. . ;.

Габанты хардзæй.

Цы йын у: нæл гæдыйы цард кæны! ’

Уымæ йæ уд дарынмæ ис.

Кæлæхы галау йæхи ауагъта.

Бнтъыры хъазау йæхи ауагъта.

Къобы хъалтау — æнæмæт.

У.ымæ искæй рис нæ хъары.

Æрра ницæуыл мæт кæны.

Гал амæла — фыд, уæрдон асæтта — суг.

Гал амæла — фыд, дзоныгъ асæтта — суг.

Уый йæ сæрæн низ нæ кæны.

Уымæн тъаран дæр —дзидза.

Уымæн хорзæй, фыдæй хъауджыдæр нæй.

Сосойы бæсты — Мосо.

Мæ фос мын цы бирæгъ нæ хæры, уый уадз æмæ цæра!

Уæйыджы хъусы уад уайы.

Дзæбидыры хъуоы уад уайы.

Хабар дæр нæу.

Мæ хæрæг къулæй оатулæд!

Æз фесæфтæн — ныр хæрæгæй дæр хуым кæнæнт!

Мæ фæстæ хæрæгæй дæр хуым кæнæнт!

Мæ фæстæ дзы бæхгæрдæг æрзайæд!

Мæтæй йæ амар!

Тæхуды ’мæ дæ зæрдæйæ иу къæртт!

Куырис сыгъди ’мæ йыл бæттæн худти.

Дон худгæйæ ласы.

Æнæмæт лæг æнæныгæд мард у.

Æнæмæт лæг мæрдтыл нымад у.

Æввонг хъиамæт — æиæмæт.

Арсау æнæмæтæй ничи цæры.

Мæт æмæ мастæн дур дæр нæ лæууы.

Мæтæн дуртæ дæр нæ лæууыиц.

Мæтæи дойнаг дур дæр нæ лæууы.

Зæрдæйы мæт тых сæтты.

Мæтимæ цæрын зын у.

Мæт мæлæтæн æххуыс нæу.

Мæтæй мæлæт нæй.

Æнæмæтæй фæцæр!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.