Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

РАСТ ÆМÆ ХÆРАМ

Рæстдзинад цардæн йæ бындур у.

Рæстдзинадыл ничи тых кæны.

Раст лæг йæ рæстдзинадæн сæфынæй нæ тæрсы.

Рæстдзинад зæрдæйæн уæз нæ кæны.

Рæстдзинад хуыцауы къæсæрыл дæр фыст у.

Рæстылдзæуæг Уастырджи!

Сызгъæрин Уастырджи! Йæ даст сæры хъуынтæ дæуæн нымад ысты.

Нарты Батырадз раст лæг уыд æмæ ’ргомæй архайдта.

Нæртон лæг сайын йæ сæрмæ нæ хæссы.

И’ ардæн мæнг фæуæд, йæ дзырд чи фæсайа, сом Нарты

Рæстытæ ’мæ Хæрам æвзарæн обаумæ чи нæ рацæуа!

И,æ ныхас раст кæмæн уыдаид, уымæ-иу Нарты Уацамонгæ бацыд йæ бынатмæ.

Ихджын донæй цыппæрхъусынæджы байдзаг кæнут, æмæ йæ дзыхы ныхасæй чи рафыцын кæна, уый йæ ахæссæд!

Зылыны зылын хуыдтон, растæй раст дзырдтон.

Лæгау лæг алкæмæйдæр раст зæгъдзæн.

Лæгау лæг йе знагæй дæр раст зæгъы.

Ме ’дзард мæрдтæй дын сомыхъом дæн: раст зæгъын.

Нартау æргом æмæ растзæрдæ.

Нартау — иугъæдон.

Раст лæг нæзыхъæдау иухуызонæй лæууы.

Раст лæг мæнг даутыл нæ басæтдзæн.

Раст лæг æрдуйæ хидыл дæр ауайдзæн.

Рæстаг лæг куырмæй дæр уыны.

Рæстдзинад чи кæны ’мæ ’гъдау кæмæ ис, уымæ зонд дæр ис.

Чысылы раст разындтæ ’мæ дын ныр ыстыр дæ бæрны бакæндзынæн.

УЫГ

Цъиусур æмæ халон уыгыл сæмбæлдысты ’мæ йæ бафарстой:

— Дæ хорзæхæй, зæгъ нын, уыг, дæ пакъуы афтæ фæлмæн цæмæн у?

— Уый уымæн афтæ у, мæ хуры чысылтæ, æмæ мæ зæрдæ дæр афтæ фæлмæн у.

Уæдæ дьн æгайтма ахæм фæлмæн зæрдæ ис, зæгъгæ, бацин кодтой цъиусур æмæ халон æмæ йæ ныттыдтой.

Мæнг нæ бакæнынц: раст лæгæн бæгънæг зæрдæ.


Раст лæгæн бæгънæг зæрдæ.

Раст хæрамæн — хæринаг.

Раст хæрамæн — фæндаггаг.

Раст лæгæй хæйрæг æфсондз кæны.

Раст уарæг — æнæ хай.

Мæгуыр тæрхъус, рувæстимæ чи хизы.

Раст зæгъæджы, дам, над фæци.

Расты фæстаг — æвæсмон.

Расты фæстаг нæ сæфы.

Раст лæгæн сæфæн нæй.

Расты хуыцау нæ фесафдзæн.

Расты хуыцау дæр нæ сафы, расты дон дæр нæ ласы.

Раст къæцæлы дон дæр нæ ласы.

Раст къæцæлы дон фурдмæ ласы, зылын къæцæл баззайы.

Дон раст къæцæлы аласы, зылыи — баззайы.

Раст къæцæлы доя ласы, зылын истæуыл ныххæцы.

Рæстдзинад мæрдты бæсты дæр ис.

Мæрдты Барастыр — раст æмæ хæрам æвзарæг.

Рæстдзинады хуызæн дзы ницы ис.

Расты дзы ницы ’ййафы.

Рæстаг хъуыддаг — æнæ дау.

«Чи дæ хæссы?» — «Раст адæмтæ».

Рæстмæ — ницы, фæлæ йыл галиумæ базыртæ ис.

Уый æдзухдæр тигъмæ симы.

Зылын къæцæлы дон нæ ласы.

Зылын къæцæлы дон дардмæ ласы.

Раст æмæ зылын къæцæлы доны куы баппарай, уæд зылын ныххæцы, расты дон аласы.

Зылын къæцæл цагъды бын зайы.

Галиудзинадмæ мин фæндаджы ис, рæстдзинадмæ — иу.

Галиумæ фæхауæд, галиу митæ чи кæны!

Раст чи нæ уарзы, уый адæмы уæйгæнæг у.

Хъулон ми чи кæны, уый хъулон мард кæны.

Хæрамы фос хæдзарыл нæ хæцы.

Хæрамы фæндаг бирæ нæ хæссы.

Хæрамы фæстагау фесæф!

Тæрхондон — рæстæвзарæн бынат.

Тæрхон иутæн — ахъазæн, иннæтæн та — маст,

Ацы хъуыддаг æз хуыцауы тæрхонмæ хæссыну

Хъаст хъæствæндагæй чындæуы. Л

Фыццаг хъæстгæнæджы алчи раст фенхъæлы.)

Хъæстгæнджытæй алчидæр йæхи раст кæны. |

Куырм йæ дыууæ цæстыл хъаст кодта. )

Фехъуыстоныл тæрхон нæй, тæрхон федтоныл ис.

Дæ зæгъæджы зæгъ, æмæ ма фæгæды уай.

Æз ын йæ мæрдты хурмæ ракалдзынæн!

Йæ хъуыддæгтæ йын хурмæ ракалдта.

Йæ гæды йын йæ цæстытыл бакодта.

Æвдисæн — хъуыддаг æмпъузæн.

Хуыцау — ме ’вдисæн.

Мæ хуыцау — ме ’вдисæн.

Хуыцау — уынæг, зæхх — кæсæг.

Хуыцау — уынæг, зæхх — æвдисæн.

Хуыцау æмæ зæхх — ме ’вдисæн.

Дæуæй — мæнг, хуыцауæй та — æцæг.

Хур дæр — ’ме вдисæн, мæй дæр — ме ’вдисæн. Тæгæры сыф — ме ’вдисæн. (Иунæджы кадæгæй).

Тæгæрбæлас, ды — ме ’вдисæн! Хур, ды — мæ фидар! Хуыцау, ды — мæ тæригъæдисæг! (Иунæджы кадæгæй).

Дæ зæрдæ — де ’вдисæн.

Рувасæн йæ дымæг — йе ’вдисæн.

Рувасæн йæ къæдзил — йе ’вдисæн.

Рувас — Сырдоны дымæг.

Дæу Сырдон цы хуыцау нæ фæкодта, уымæн цы загъдæуа!

«Мæнг чи зæгъа...» — «Уый Нарты дзуарæн — фæлдыст!»

Мæнг чи зæгъа, уый Сырдонæн фæлдыст фæуæд!

Мæнг чи зæгъа, уый мæрдты Сырдонæн бæхæй фæцæуæд!

Кæд гæды зæгъын, уæд мæ хуыцау мæнæ Сырдонæн мæрдты бæхæй фæцæуын кæнæд!

Кæд æмæ раст нæ зæгъыс, уæд дын мацыуал бантысæд!

Цацæг дзурыс, уацæг — дæ къона!

Марды ’вдисæн ничи уромы.

Гæдыйæн къæссайы комыл хæцæг.

Гæды фæлывдæн — къæссайы комыл хæцæг.


Гæды гæдыйæн — комбосыл хæцæг.

Фæрмих ын фæлæуу!

Иуæйу хатт лæг бирæгъы ’вварс дæр фæвæййы.

Туджы тæрхоны æвдæм лæг фарсласæг у.

Фарсласа^г лæгæн мæрдтæм фæндаг нæй.

Хуыцауы Ъæстæй мыл тугтæ мысы.

Мæнг дау,мæнг æвдисæныл æлгъ нæ кæны.

Лæгæй мæ^нг зæгъын тæригъæд у.

Расты агурыс — уæд расты цæв æмæ хæрамы ссардзынæ.

Расты цæв, æмæ зылын фæбæрæг уа.

Раст куы уай, уæд дæ иу зонæг уыдзæн.

Расты цæвгæйæ зылын нæ фæбæрæг.

Зылын æдзух йæхи æппæтæй дæр раст кæны.

Зылынджын лæгæн ных иæй.

Зылын лæг — æнæууæнк.

Зындджын — ныхасæй ыстъæлфаг.

Иуы аххосæй аххос нæй.

Черчестæ дæр æй Æмыхы аххос кодтой.

Йæ сæры цæфыл чи нæ сæтты, уый йæхæдæг аххосджын у.

Уый алцæмæндæр æфсон ыссардзæн.

Ме ’фсон æй ыскæн — æз та йæ бауромдзынæн!

Æфсæнттæ ку’ агурай, уæд сæ кæддæриддæр ыссардзынæ.

Йæхиуыл бындз абадын нæ уадзы.

Йæхи донæй дæр сыгъдæгдæр хоиы.

Йæхи сауджыны фæныкæй дæр сыгъдæгдæр хоны.

Æз нæ уыдтæн — гæды уыди.

Афтæ дзур, æмæ дын æй хъалагъур бафиддзæн.

Æргомæй — хъарæг, сусæгæй — зарæг.

Æргомæй — зарæг, сусæгæй — хъарæг.

Йæ дзырдтæ, йæ митæ — уæлзæйы мит.

Дыууæрдæм ма кæ, фæлæ раст зæгъ.

Растæй раст зæгъ, зылынæй — зылын.

Дывзагон йæ хæдзармæ тæригъæд хæссы.

Дывзагон лæджы ’хсæны хъуыддагмæ ’ввахс ма ’руадзут!

, Иу загътай, уæд дыууæ мауал зæгъ.

Хъуыддаг тæбæгъы донау дыууæрдæм кæны.

Дæ хъуыддаг тæбæгъы донау у.

Гуырысхойаг хъуыддаг фæсмойнаг у.

Тæуддзаг хъуыддагæн кæрон кæнын зын у.

Иуæн хæрам чи вæййы, уый иннæмæн хæлар разыны.

Фæнды йæ цæв, фæнды ма, уæддæр — тæрхон.

Иу гал радавта, иннæ та йæ фидгæ бакодта.

Æнæ аххосæй — аххосджын.

Раст лæджы бафхæрын тæригъæд у.

Мæ рæстад дæ фæдыл æфтыд фæуæд!

Ацы зæххыл рæстдзинад нæй, агургæ дæр æй ма кæ.

Уæлæуыл дунейыл рæстдзинад ма агур.

Барæны йедтæмæ раст нæй. ’

Хъуыддаг хурæй бæрæгдæр у.

Хъуыддаг — арвы хъугæй бæрæгдæр.

Бирæгъы нуарыл ахиз, æмæ уæд раст дæ. (Бирæгъы нуар-иу ыссыгътой, æмæ-иу дау кæуыл кодтой, уый хъуамæ ахызтаид судзгæ нуарыл. Фæлæ нæ бауæндыд, зæгъгæ, уæд ын фидгæ уыд зианы аргъ).


ФЫДГÆНД

Биу уыди, Бæлæу уыди, Хæкъуынатæм хæрæг уыди. Дыу уæ гæдыйы дугъы рауадысты. Иуæн дзы йæ уæраг асаст, иннæмæн й’ агъд асаст. Уыдонæй цы туг, цы рондз æмæ цы хæф рацыди, уыдон, æвзæр чи ракодта ’мæ йыл чи нæ сæтты, уый мæрдтæн фæлдыст фæуæнт, уый мæрдтæ сæ бахæрæнт!


«Цы тæрхон ыскодтой зылынæн?» — «Нымæтын ехсæй йæ фæнадтой».

Нымæтын ехсы цæф нæ риссы.

Халоны былæй аппæрстой.

Каесаджы доны баппæрстой.

Хъæдгом мæнг æгас куы кæнай, уæд ыл иу хатт сарат кæнын бахъæудзæн.

Гæдыйы къах цыбыр у.

Гæды ’мæ мæнгарды къах цыбыр у.

Гæды лæг фурды бын нæ бамбæхсдзæн.

Мæ сæр — мæ фиддон.

Хъанымæты тугæн цы тæрхон æрцыд, уымæй растдæр, аивдæр.

Раст тæрхон нæ риссы.

Æнæ рæдигæ ничи у.

Адæймаг йæ рæдыд йæхæдæг нæ зоны.

Иу рæдыд хуыцау йæхæдæг дæр фæкæны.

Дæ рæдыд дын чи бацамона, уымæй бузныг у.

Йæ рæдыдыл фæсмон чи кæны, уымæн хуыцау дæр хатыр каейы.

Йæ рæдцдыл фæсмон чи нæ кæны, уый тæригъæдджынæй баззак

Йæ рæдыдщл чи нæ сæтты, уый дыккаг хатт рæдийы.

Чи фæрæдыд, уый — æз.

Раст æмæ зылынæн иу фæндаг иæй.

Раст æмæ хæрам дунетыл хицæнæй нæ хæтынц.

Рæстдзинад кæмæн цæф у, кæмæн — цæсты рухс.

Нарт кæрæдзиуыл комдзог нæ цыдысты.

Нарт рæстæй архайдтой.

Уæддæр дзы рæстдзинадæн æмбал нæй.

Рæстдзинадæн сæфæн нæй.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.