Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ИСБОН. МУЛК

Ис фæндаг амоны.

Ис зонд амоны.

Ис æгъдау амоны.

Ис æгъдау амоны, нæй æгъдау сафы.

Ис — фæндаг, амонд — хæссæг.

Лæг кæнæ мулк куынæ скæна, кæнæ зонд, уæд дзы цæй лæг и?

Фос ыскæнгæ сты.

Сæгътæ уæнт, уыййедтæмæ саппытæ бирæ дæр ис.

Ис мæгуыры хос нæу.

Ис исæн тых нæ кæны.

Ис исы нæ мары.

Æхца дæм куы уа, уæд дуне дæр дæу у.

Дунейыл ахæм фидар нæй, хæрæджы уаргъ сызгъæринæй чи баурома.

Сызгъæрин алырдæм дæр тасаг у.

Æхцаджын хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн.

Йæ фыркъайæн фыр нывонд кодта.

Кæмæн ис, уый йæ фыдыфыдæн дæр дугъ уадзы.

Куы уа, уæд дæ фыдыфыдæн дæр — дугъ; куынæ уа, уæд дæхи фыд дæр — æнæ дугъ.

Лæг ницæй тыххæй сæфы — æхцайы тыххæй!

Иу мыздæй мæсгуытæ н’ амадæуы.

Мулкæн йе ссарын æнцон у, йæ бавæрынæн та лæг хъæуы.

Æхцайæн цæстытæ нæй.

Ис — лæг сафæг.

Ис хæйрæджы холлаг у.

Æхца хæйрæджы холлаг у.

Æхца хæйрæджы фæлдыст у.

Бын бауæд фос! Фос кæй нæ сайы!

Исы цæстæй чи кæсы, уый æфсымæры мæт дæр нæ кæны.

Искæй фæллойæ мулкгæнæн нæй.

Бирæ ’хца бирæ мæт у.

Æхца куыдз дæр нæ хæры.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.