Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ЗÆРДÆ. УДЫ МОНЦ. БÆЛЛИЦ

Зæрдæйæн дæр зæрдæ ис.

Зæрдæйæи зæрдæйы хатт ис.

Æргомзæрдæ.

Æхгæд-зæрдæ.

Саузæрдæ.

Фыд-зæрдæ.

Тæппуд-зæрдæ.

Састзæрдæ.

Тæнзæрдæ.

Саджилзæрдæ.

Хъалзæрдæ.

Зæрдæ хивæнд у.

Йæ бонæй уа зæрдæ —

Куыд хивæнд у, куы! (Къоста).

Зæрдæ йæ фæнд тагъд ивы.

Зæрдæйыл æууæнк нæй.

Зæрдæ хахуыр у.

Зæрдæ æнæ хъустæй къуырма у.

Зæрдæ куынæ куса, уæд цæст куырм у.

Зæрдæ цы зæгъы, цæст дæр уый уыны.

Зæрдæ — иуырдæм, цæстытæ — иннæрдæм.

Цæстызул — зæрдызул.

Зæрдæйæ цæсгом рухсдæр у.

Зианыл рахъыг кæнынмæ адæймаджы зæрдæ ’гъгъæд у, фæлæ циныл бацин кæнынмæ зæды зæрдæ хъæуы.

Зæрдæ фыды муры йедтæмæ ницы у.

Зæрдæ фыды муры йедтæмæ ницы у: йæ фæриссынæн дæр æмæ йæ балхæнынæн дæр чысыл йедтæмæ нæ хъæуы.

Бирæ — гуыбынæн, чысыл — зæрдæйæн.

Стæг куынæ асæтта, уæд зæрдæ нæ риссы.

Зæрдæ цины бон — уæр)лкк, хъыджы бон — дур.

Зæрдæ куынæ судза, уæд цæстысыг нæ кæны.

Зæрдæ куы судза, уæд сохъхъыр цæстæй дæр цæстысыг цæуы.

Зæрдæ зæрдæ зоны.

Зæрдæагур зæрдæ нæ ары.

Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæн нæй.

Зæрдæ æнæфсис у.

Зæрдæйы алцыдæр фæнды.

Зæрдæйы фаг ницæмæй ис.

Зæрдæ цы нæ зæгъы!

Мæгуыры зæрдæ цы нæ зæгъы!

Зæрдæ алцыдæр зæгъы.

Зæрдæ куынæ зæгъа, уæд уæнгтæ дæр не ’змæлынц.

Зæрдæйы мæгуыйраг фысыл дæр зыны.

Бæх дæр æнæ равгæй нæ уайы.

Бæх дæр æнæ равгæй дугъы нæ уайы.

Уæлæуыл — сæрибар, мæрдты — дзæнæт!

Зæрдæйы фаг цард никæмæн ис.

Бæллиццаг хъуыддаг къухы зыиæфтæн у.

Уæвгæйæ нæй цард, фæлæ бæлгæйæ ис.

Бæргæ куы зæгъай, уæд æй хъуамæ зонай — циу.

Тæхудиаг — ыстъалытæм тындзæг!

Иунæг хуыцауы куы бафæндид!

Цæргæсы бæллын — уæлмигъты тæхын.

Куынæ тæрсин, уæд бæх æд уаргъ сæккой кæнин.

Гæды цæстæнхъæл нæ уыд æмæ ’рфыг-æрфыг кодта.

Чидæр цæстæнхъæл нæ уыд æмæ ’рфыг-æрфыг кодта.

Куырм лæг хуры рухсмæ тæхуды кæны.

Куырмы бæллиц — цæсты рухс.

Мæ былы цъæрттæ йæм хæрын.

Йæ уды бицъинæг тоны.

Хуыздæрæихъæл — бонвыддæр.

Ссæдзмæ ма мæ ’нудæс хъæуы.

Фæрныджы куывдау йæ куывд фæмæнг и.

Æрцæуæгæнхъæл — дуаргом, æрхуыссынæнхъæл — æрдæгæмбæрзт.

Цуанон цы адаг нæ басгары, уый сырдджын хоны.

Цуанон цы ком нæ басгары, уый сырдджын хоны.

Цуанон цы къуылдым нæ басгары, уый сырдджын хоны.

Гуыдынрон нæ фæллайы.

Фосæнхъæл нæ фæллайы.

Æнхъæлцауы бæх нæ фæллайы.

Бæхæнхъæл лæг нæ фæллайы.

Бæхæнхъæл фистæг нæ фæллайы.

Зæхмæ ’нхъæлмæгæсæг нæ фæллайы.

Зæхмæ ’нхъæлцау хорз у.

Раздзæуæнхъæл нæ фæллайы.

Сысдж.ыйы хуыммæ дæр ма боны рад æрцæуы.

Сидзæртыл дæр иу хатт хур ракæсы.

Чидæр цæфæй цæфмæ ’нхъæлмæ каст.

Ирон лæг цæфæй цæфы ’хсæнмæ дæр æнхъæлмæ кæсы.

Фаллаг фарс дæхи куынæ хонай, уæд дын ацы фарсæй дæр ницы ис.

Донæн йæ дыууæ фарсы дæр дæхи куыиæ хонай, уæд дæ дзы иу дæр нæ фæуыдзæн.

Алчидæр зæрондмæ ’нхъæлмæ кæсы.

Æнхъæлцау зæрдæйæн ныфс у.

Æнхъæлцау уд — хъæздыг.

Чидæр чызгæнхъæл нæ уыд, æмæ йын лæппу райгуырд.

Фæндон тыхджын у.

Фæндонæн кæрон нæй.

Иугæндзон зæрдæйы коммæ дæр кæсын иæ хъæуы.

Фиййауы фæндиаг фыстæ куы снард уой, уæд дзы иу дæр нал сыстдзæн.

Зæрдæйы фæдыл цæуын нæ хъæуы.

Зæрдæйы фæдыл цæугæйæ нæу.

Зæрдæйы фæндыл хъуамæ сæры магъз фæтых уа.

Зæрдæйы фæндон лæджы зындонмæ кæны.

Лæг зæрдæйы фæндиаг куы уа, уæд æппæтдæр сараздзæн.

Лæджы куы бафæнда, уæд цæуæй æхсыр æрдуцдзæн.

Лæджы куы бафæнда, уæд Хъæриуы цъуппыл дидинæг æрзайын кæндзæн.

Лæджы цы бафæнда ’мæ цы нæ сараздзæн?

Зæрдæ зæронд нæ кæны.

Стыр хъуыддæгтæ зæрдæйæ цæуынц.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.