Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ДАРД. ХÆСТÆГ

Дард хур дæр у, фæлæ хæстæгмæ тавы.

Дардыл ацу ’мæ дæ хæдзар ыссарай.

Дардыл цæуæг хæдзармæ хæццæ кæны, хæстæгыл цæуæг нæ хæццæ кæны.

Дардыл æрцу ’мæ ’гас æрцу, хæстæгыл æрцу ’мæ — бæрзæйсаст.

Дардмæ кæй агурай, уый хæстæгмæ разыны.

Хæстæг бацагур, стæй дардыл азил.

РАЙДАЙÆН. КÆРОН

Хъуыддагæн хъуамæ сæр дæр уа ’мæ къæдзил дæр.

Алы хъуыддагæн дæр райдайæн æмæ кæрон ис.

Райдайæн кæм и, уым кæрон дæр и.

Сæрæвæрæн фæуæд ацы хъуыддаг!

Хохæн йæ сæр чи зоны, йæ бын дæр ын уый зоны.

Суадон сæрæй ку’ аскъуынай, уæд дæлæмæ нал цæуы.

Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг у.

Æвзæр райдайæн хорзæй ницы дæтты.

Фыццаг къахдзæф зын вæййы.

Хъуыддагæн йæ райдианы сыидз сæвæр æмæ дарддæр лæгъз ацæуа.

Фыццаг ауæдз хох у.

Къæсæр хох у.

Къасара ком у, къæсæр та хох у.

Къæсæр — хох, фæскъæсæр — быдыр.

Къæсæр хох у, араст — быдыр.

Къæсæр — хох, хох — быдыр.

Къæсæр хох у, фæсхох та — быдыр.

Гал бастыгъди ’мæ кард йæ къæдзилыл асаст.

Кард гал бастыгъта ’мæ йæ дымæгыл асаст.

Хорз хъуг къæртайы дзаг æхсыр æркодта, стæй йæ йæ къахæй акъуырдта.

Бон-изæрмæ фехсæста ’мæ сыл изæры цъæмæлтæ бакалдта.

Фехсæста, фехсæста ’мæ сæ фæстæмæ цъæмæлтæм бакалдта.

Хъазийы хъазт (ома, фæстагмæ увзæр чи рауайы, ахæм хъазт).

Лæгъзгæнæнæй йæ куы слæгъз кæнай, уæдæй фæрæтæй мауал амай.

Фæуыны хъомыс ын нал и.

Хъуыддаг райдыдтай, уæд æй кæроимæ хæццæ хъæуы.

Сæйраг хъуыддагæн кæрон хъæуы.

Хъуыддаджы бацыдтæ, уæд дзы фæстейы къæдзил уадзыи нал хъæуы — уый фыдбылыз сайы.

Дæ хъуыддагæн кæрон зон.

Æрдæгыл дæ хъуыддаг ма ныууадз.

Алы хъуыддагæн дæр кæрон вæййы.

Кæронæн дæр кæрон вæййы.

Суадон дæр ма басур вæййы.

Æнæ фæстаг æрцæугæ фыццаджы хорзæн бæрæг нæй,

Æнæ фæстаг æрцæугæ фыццаджы хорзæн аргъ нæй.

Цы рамбулай, уымæй-иу фæстагмæ раппæл.

Фæстагмæ хорз хорз у.

Фæстагмæ хорз — æцæг хорз.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.