Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ХУЫССÆГ. ФЫНТÆ

Хуыссæг æлдар у.

Дунейы фосæй дунейы хуыссæг адджындæр у.

Хуыссæджы дзæкъул.

Фынæй кæнынмæ байрагæй уæлдай нæу.

Хуыссæг алкæй дæр сæтты.

Цагъды мæрдтау хуыссынц.

Саггаты уæйгуыты фынæй баисты (фæзæгъынц, тарф фынæй чи бавæййы, уыдонæй).

Афтæ бафынæй, æмæ хурыскастмæ йæ къах дæр нал атылдта.

Хъаруджын лæг бирæ хуыссы.

Мæрдфынæй бау!

Фынæй лæг мард у.

Фынтæ фынæй лæг уыны.

Хурхæтæны та лæг фынтæй фылдæр цы уыны!

Æхсæвы фыдфынтæ бон — зæрдæйæн маст.

Фын бæласы сыфтæртау ныппырх вæййы.

Лæг фыны диссæгтæ уыны, хъалæй — фесæфынц.

Хуыссæгæй тыхджындæр ницы ис.

Хуыссæг фыдохæй тыхджындæр у.

Хуыссæг — æппæтæй тыхджындæр.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.