Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

РАЙГУЫРÆН БÆСТÆ. ÆЦÆГÆЛОН ЗÆХХ

Лæг хъуамæ йæхи уæзæгыл райгуыра ’мæ йæ фæстаджы бон йæхи уæзæгыл бавæрой. (Рагон нæртон æгъдау).

Нарт-иу, сæхи уæзæгыл чи нæ райгуырд, уый сæхицæй нæ хуыдтой.

Лæгæн йæ цæрæн Мысыры сыджыты ад кæны.

Аллон-биллоны тæф цæуы. (Аргъауы ныхæстæй).

Йæ райгуырæн бæсты чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны.

Райгуырæн бæстæ адджын у.

Фыдыбæстæ ныййарæг мадау — адджын.

«Лæгæн дунейыл адджындæрæн цы баззад?» — «Мад, хæдзар, райгуырæн бæстæ».

Райгуырæн бæстæн йе ’взæр дæр адджын у.

Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди.

Хи хуыггомы мыст дæр хъæбатыр у.

Алы сæтæлæг дæр йæхи цъассы лæзæры.

Райгуырæн бæстæ — мад, фыдау, искæй бæстæ — фыды фыртау.

Дæ цард дæ цæсты куы сыгад уа, уæд-иу æндæр бæстыл азил.

Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын цæрæн у.

Искæй уæзæгыл мæ хуыцау æхсин дæр ма скæнæд!

Мæ цырагъ кæйдæр бæсты басыгъд, мæ нæзы ма нæхи бæстæм ысхастон.

Фæхаттæ, фæхаттæ ’мæ та нæхимæ ’рхаудтæ.

Дард бæлццон йæ райгуырæн бæстæм куы ’рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы.

Сæ равзæрд цы зæххыл æрцыд, с’ амæлæт дæр уадз æмæ уым æрцæуа.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.