Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ФЫДГУЫБЫН. ФЫРХÆРД

Фынгыл æрбадтæн, æмæ хæрыс ма — нал.

Хоры кæрдзын æмæ бырæгъ æфсæстæй — бухъхъ.

Мæ гуыбын мын чи уарзы, мæхи дæр мын уый уарзы.

Æвзæрæн йæ уæлмæрд — йæ гуыбын.

Дзыхмæ рæдийæн нæй.

Хæрдæй æфсис нæ зоны.

Донæй дæр ын бафсис нæй.

Дзæргъ дæр хордта ’мæ сæгъ дæр æмæ сæгъæн йæ гуыбын аскъуыд, дзæргъ ма уæддæр хордта.

Бирæгъау ын бафсис нæй.

Кæрдзынæн уыциу нæ зæгъы.

Æнхъæлдæн æмæ хоры бон дæр нæ бафсæддзæн.

Йæ нард хæрд — йæ цыт.

Сауджынæн авд гуыбыны ис: ницæмæй æфсæды.

Лæджы гуыбыны куыдз хуыссы.

Гуыбын цæнд у.

Гуыбын фæллад нæ зоны.

Æдых лæг йæ тых хæрдыл равдисы.

Галы комы — сыфтæр.

Галы комы — тихалæг.

Фурды — тъепа, галы комы — сыфтæр.

Цъиудзых, голлаггуыбын.

Æнгуырстуандзых, голлаггуыбын.

Голлаггуыбын, цъуттадзых.

Цъиудзых æмæ галгуыбын.

Къæсса ’мæ хызын — æмбæртæ.

Голлаг æмæ хызын — æмбæртæ.

Гуыбынæмбистæ ис, фæлæ сæрæмбис нæй.

Уыцы зыдхæрд кæны, цыма къутуйы бынæй раирвæзт!

Дæ дзыхмæ дын къæрта бадарæн нæй.

Бирæгъы комы — фыды хай.

Халхор бирæгътæй уæлдай не сты.

Мæнæ халхортæ!

Уæй, мæнæ Цæгæлы бирæгътæ!

Цæгæлы бирæгътау æфсæрмы нæ зонынц.

Аг мах арæзт нæу: ма йæ ахæр.

Бирæ — къухтæ, фæлæ иу — дзых.

Афтæ чъами дын загътон, æмæ сæ иууылдæр ахæрай?

Куыдз дæр ма стæджы схъис фæуадзы.

Æдзух йæ гуыбынмæ хъусы.

Фыдгуыбын йæ гуыбыны фæдыл цæуы.

Йæ гуыбыны тыххæй тæвд цæхæры дæр бахаудзæн.

Бæлла, ды сугтæм ауай! Пахо, ды та хос ласынмæ! Æз та куывдмæ ныхъхъуыдты уыдзынæн.

Цæлмæ кафæг.

Йæ гуыбын йе ’ккой акодта ’мæ куывдмæ афардæг.

Йæ бандон йемæ ахаста.

Фынгмæ, цыма ’нгуырæй дарыс, уый бадт куы скодтай!

Хæрæг сындз куы хæра, уыйау дæ цæстытæ куы бацъынд кодтай!

Гæды дæр ма хæргæ-хæрын йæ цæстытæ афтæ ныцъцъынд кæны.

Цы йын у: гæдыйау цъындæй хæры.

Гæды фынджы былтыл куы рауай-бауай кæна, уый рауай-бауай кæны.

Цæфныхъуырдтытæ кæны.

Дæ бон куынæ уа, уæд ма ныхъуыр.

Æнæууылдæй чи фæхæры, уымæн йæ хуылф фæриссы.

Мæтыхæй уæлдай нæу.

Мæтыхы гуыбын кæрæф у.

Мæтыхау хæры ’мæ не ’фсæды.

Сылы ’мæ сылыгуыбын.

Уый суангтъанг у.

Уымæн йæ зæрдæ йæ уæцъæфы ис.

Гуыбын цъыфдон ыскъæт у.

Арсау æмбыдхор.

Халонау хæдмæлхор у.

Сослан арсау хæдмæлхор æмæ ’мбыд дзидзауарзаг уыд.

Æз арс нæ дæн, арс. Бирæгъ та ’ппындæр нæ дæн (загъта уазæг, тæф чи скодта, ахæм дзидза йын куы ’рывæрдтой, уæд).

Хистхорæн йæ кард цыргъ вæййы.

Хомхор фых хæринагыл фау æвæры.

Иуæй-иуæн калмы фыд дæр тайы.

Бирæйæн калмы сой дæр тайы.

Куыдзæй фыдгуыбындæр у.

Фыдгуыбын — цæндыл хост.

Мæ цæстæн мын æй фенын кодтат, мæ дзых дзы нæ фæхъæстæ.

Йæ гуыбын бафсæст, фæлæ йæ цæст нæма бафсæст.

Цæсты цæйбæрц цæуы, гуыбыны уыйбæрц нæ цæуы.

«Мах ын физонæджы тæф æнхъæл уыдыстæм.»

«Уæдæ цы уыди?»

«Хæрæгыл дамгъæ ’вæрдтой, æмæ уый тæф.»

Уæлладжыр фæдисы дæр æнæфсæстæй нæ цыдысты.

Гаглойтæн сæ аджы фыдтæ фицауæггагæй фесты.

Парназы кæрдзынау æрмирвæзт фæци: иууылдæр æй ахордта.

Фыдæлтæй ахæм ныхас баззад: адæймаг гуыбын æмæ хуыссæгæй тынгдæр ницæмæй фæхудинаг уыдзæн.

Гуыбыны фæдыл цæуын нæ хъæуы.

Гуыбыны фæдыл ма ацу, зонды фæдыл ацу.

Лæг йæ гуыбыны фæдыл куы цæуа, уæд йе ’гъдау æмæ йæ кад бахæрдзæн.

Дæ гуыбын дыл ма фæтых уæд.

Гуыбыны коммæ кæсын нæ хъæуы.

Фынджы коммæ чи кæсы, уый сындз у, дзыхы коммæ чи кæсы, уый та куыдз у.

Цыбæлæн йæ гуыбыныл йæ бон нæ цæуы.

Дæ гуыбыны зæрдæхудтæй ма тæрс.

Æххормагæй ничима амард (фæзæгъынц, зыдхæрд чи фæкæны, уымæн. Ома — кæд æххормаг дæ, уæддæр фынгыл бадгæйæ хæлæф ма кæ).

Искæй хисты дæ рон ма райхал.

Хæлæфы хæрд æмæ нозт нæ тайынц.

Хæлæфы хæрд фарсыл нæ хæцы.

Зыд лæгæн йæ комдзаг йæ хъуыры бадаг у.

Стыр комдзаг хъуыры нæ цæуы.

Стыр комдзаг хъуыры бады.

Стыр комдзаг гуыбыны дæр нæ батайы.

Стыр комдзæгтæй тагъддæр нæ бафсæддзынæ.

Æртæ сахаты цы бахæрай, уый дын æртæ боны нæ батайдзæн.

Чысылгай хæр, æмæ бирæ бахæрай.

Бирæгъ уæнггай хæры, лæг — комдзаггай.

Чысыл бахæр, æмæ бирæ бахæрай.

Хæрзæууылдæй ахсæн нæ риссы.

Иу хæрдæй ничи цæры.

Иу хæрдæй бирæгъ дæр нæ цæры.

Иу хæрдыл ничи лæууы.

Хæрд бæрц уарзы.

Авд æфсымæры иу æхсæры аппæй фæцæл кодтой.

Афтæ бахæр, æмæ дæ гуыбын куыннæ фæрисса.

Фырхæрд арсæн дæр нæ тайы.

Фырхæрд бирæгъæн дæр нæ тайы.

Фырхæрд куыдзæн дæр нæ тайы.

Саухæрд æмæ саунызт нæ бæззы.

Фырхæрд — фыдрын.

Фыдхæрд хорса кæны.

Адзал фырхæрдæй дæр æрцæуы.

Гуыбынджыныл уайдзæф æмбæлаг у.

Хæрдæнхъæл чи ’рцæуы, уый доны къус нæ фæвæййы.

Цыбæл лæг «мæ къах, дæ рын бахæрон»-æй хæты.

Цæлгур цæф ары.

Цæлыл хорз нæй.

Мæ къухæй цы цæхх, цы кæрдзын бахордтай, уыдон дын ма батайæнт!

Дæ фарсæй фæуæд!

Емынæ бахæр, æхсысты ф,æллад!

Марг дын фод, кæй хæрыс, уый!

Мæ цæхджын хойраг дæ фæдыл æфтыд фод!

Хорз мæ федтай, фæлæ ма мын дзы нæхимæ дæр авæр.

Хæдзармæ хæйттæ дзы нæй.

Хорзæн салам ратт, æвзæрæн та йæ гуыбын бафсад.

Æвзæрæн йæ гуыбын бафсад, хорзæн æй йæ фæдыл акал.

Кæрдзын фæнды ’нæхъæнæй бахæр, фæнды йын йе ’рдæг бахæр.

Уæлдай комдзаг ахсæны нæ тайы.

Уæлдай хæрдæй уæлдай куыст хуыздæр.

Хæрдæн æгъдау хъæуы.


Нæртон лæг гуыбыныл мард нæу.

Гуыбынгой æмæ сылвазæй хуыцау бахизæд!

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.