Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ФИДАР. ЛÆМÆГЪ

Уый дуры гуыбынæй гуырд у.

Уый дурæмвидар у.

Уый фидар у — бирæгъы нуæрттæй конд у.

Уыцы лæг бирæгъау нуарджын у.

Бирæгъы нуарæй фидардæр у.

Йæхи ныддур кодта: дзырд йæ дзыхæй нал хауы.

Æфсæйнагæй мыл фæрстæ ис, æндонæй та — тæлытæ.

Уымæн цы фæрсты фидар ис!

Цы уды фидар ыл базад!

Куыдзы уд ыл ныффидар.

Гæдыйау æвдудон у.

Гæдыйау æвдудон у — над æмæ цæфæй нæ мæлы.

Уый дурты бын дæр н’ амæлдзæн.

Уд фидар у.

Удфидар у!

Куы хыссæйæ фæлмæндæр, куы та — мæсыгау æнæсæтгæ.

Мæсыгау — фидар.

Уый хъæбæрзæрдæ адæймаг у: марды хурх дæндагæй бахæрдзæн.

Хъæдгомбæттæгæн фидар зæрдæ хъæуы.

Фидары мад, дам, нæ куыдта.

Нæртон лæг тас ран сæттын нæ комы.

Цъула нæ комы.

Куыдз рæйы, бирæгъ йæ кæнон кæны.

Хъæпæн рувасы симдæй нæ сæтты.

Фæлтæрд лæгæн йæ тых æндон у.

Фæлтæрд лæг зынсайæн у.

Цуаноны къæхтæ — æрчъиты тыхт.

Зындзинæдты чи сфæлтæра, уымæ зындзинад ницыуал кæсы.

Кард æй нæ кæрды, топп дзы нæ хизы.

Фат дзы нæ хизы, кард æй нæ кæрды.

Нанайы хъисын мын Цереччы згъæр басгуыхти: топп дæр дзы нал хизы, кард дæр æй нал кæрды. (Кодзырон Таймуразы зарæгæй).

Лæг зындзинæдты бæрæг кæны.

Удæн йæ фидар уынгæджы бон рабæрæг вæййы.

Уыигæджы лæг цы нæ кæны!

Мæ зындон уæлæуыл арвыстон.

Мæ зындон уæлæуыл бафыстон.

Уый ахæм уылæнты бирæ хатт бахауд.

Иу мæ сæрыл бæлас не ’рзад, мæ риуыл куыройы фыдтæ нæ разылдысты, усау нæ ныййардтон, уыййедтæмæ цы зындзинад нæ бавзæрстон, ахæм мын нал баззад.

Йе ’ссæдз конд нæма фæци.

Йе ’ссæдз ыскодта.

Адæймаг æппæтæн дæр фæразы.

Ма райгуырдаис; кæм райгуырдтæ, уым фæраз.

Лæг цы нæ ’взары, хæрæг цы нæ быхсы!

Фæхъæцын хорз у.

Тæрхъусдзарм дæр ма куыдзы срæйдмæ фæлæууы.

Тæрхъусдзарм дæр ма иу бонваг ысвæййы.

Иу бонваг тæрхъусдзарм дæр кæны.

Лæг ма иу æхсæв лæгæты дæр фæвæййы.

Иу бон ма лæг калм йæ роны бадары.

Лæг ма хъамайы цæфæн дæр фæразы.

Домбай лæг топдзæфæй нæ хъæрзы.

Стæгсастæй «уæу» нæ загъта.

Нанайы бынæй чи нæ скæуа, уымæй лæппу нæй.

Зындзинад мæгуыры хай у.

Зындзинад мæгуыры нысан у.

Фæразоны ’ккой фылдæр æвæрынц.

Зынтæвзарæг зынтæ сæтты.

Уый фаг зынтæ кæм и!

Ныфсджын æмæ хъаруджын уый у ’мæ йæхи уромын чи фæразы.

Маст бауромынæн лæг хъæуы.

Иу цонгæй ме ’ннæ цонгыл ныххæцыдтæн.

Дæ кард дæ кæрддзæмы дар!

Гæдзæйы мидæг зæрин бады.

Гæдзæйы бын — сой.

Гæдзæйы мад — æвæсмон.

Фидар удæн — фидар зонд.

Фæрæт цыргъ у, фæлæ арх дæр хъæбæр у.

Фæрæты цæф архджын къодахæй риссы.

Фидар хох дæр у ’мæ йæ арт фæвык кæны.

Лæгдзарм тæнæг у. ’

Æхсæнчъы хæлдæй дурæфхæлд кæны. ;

Æхсæнчъы хæлдæй — дурæфхæлд. 7

Йæ кæуын йæ былалгъыл дары.

Ногбоны дедайы дыдæгътæ кæны.

Тæбæгъы донау чердæм фæкъул уыдзæн, уый бæаæг ын нæй.

Кæлæхы галау уайтагъд йæхи ауадзы.

Дыууæрдæм чепена!

Ивæн хъуымац ма у!

Ацы хъуымац куыдзы срæйдмæ дæр нæ фæлæудзæн.

Уыгау фæлмæнзæрдæ. >

Фæлмæн хъæды калм бахордта.

Фæлмæн къæрмæг — рыгмæрзæн.

Фæлмæн лæг — хынджылæгæн.

Æгæр адджын ма у — али дæ бахæрдзæн.

Фæлмæн лæгæй нæ бæззы. I

Лæмæгъ лæгæй лæппæг уæлибæх хуыздæр.

Фысы дымæгау — æнцонкæрдæн.

Соцъибæлас фæлмæн у, фæлæ зынкалæн у.

Цæст цы нæ уына, уымæн фидар у.

Æрцæуынæй фæтæрс; куы ’рцæуа, уæд фидар лæуу.

Дæ бæхы рохтæ уæгъд куы суадзай, уæд былæй ахаудзынæ.

Фæндагыл де ’ргом кæцырдæм радтай, уыцырдæм фæхæццæ уыдзынæ.

Кæд Хъарсы фидар нæу!

Фидар лæуу — нæ фыдæлтæ-иу стæгсастæй хъæрзгæ нæ кодтой, сау фыды цæф та-иу хъæр нæ кодтой.

Хæххон адæм хъæбæрвад ысты.

Æндонæй болат фидардæр у.

Цыфæнды зын ран куы сæмбæлай, уæддæр ма батыхс.

Зындзинад тыхсынæй нæ къаддæр кæны.

Цæрæг уд истытæ уыны.

Ма ’рхау — дæ бæсты саг фæкæлæд!

Удисæг адæймаджы цур хъарæг ма кæн.

Лæджы царм фидар у.

Лæджы царм бирæтæ уромы.

Лæгдзарм æрчъитæн нæ бæззы.

Лæгдзармæй æрчъитæ нæ хуыдæуы.

Лæджы фидарæн дунейыл ницы ис.

Лæджыхъæд дзыхæй нæу, фæлæ тыхæй у.

Тыхгæнæг ын тых нæ ары.

Тыхджын уыди Нарты Батырадз: хохæй сой цъырдта, къæдзæхæй æхсыр цымдта.

Хохæй сой цъырдта, къæдзæхæй æхсыр цымдта, ахæм тыхджын уыд.

Æхсæртæггатæ тыхы сæрыл хæст уыдысты.

Куырдалæгонæн дойнаг дур уыди йе ’взалы.

Уæйыджы цæст æхсидав у.

Комхъæд — ме ’лхуи.

Комхъæд — йе ’лхуи, долапи — йæ уæдæртт.

Бæлас зæххыл ныццавта ’мæ сугæн æгæр лыстæг, цырагъæн æгæр ыставд, ахæм пырх ныцци.

Ды хох рафæлдахыныл сархай.

Бæстæ иннæрдæм фæлдахы.

Раст пылы хуызæн у.

Пылæн ныхæй-ныхмæ тых ничи кæны.

Теуа уыйбæрц ма смæллæг уæд, æмæ бæхы уаргъ мауал ахæсса.

Теуайы уаргъ афтæ ма ныппырх уæд, æмæ дзы хæрæгуаргъ ма ’рымбырд уа.

Алчидæр йæ тыхæй æппæлы, мæхсискъ та афтæ загъта: «Æз тыхæй тæрсын æрмæст зæронд лæджы кардæй æмæ куырм къамбецы дзыргъайæ».

Къамбецы хуызæн лæг.

Фырау — къæбутджын,

Хæфсау — къабазджын.

Йæ тых цæджджинагау фыцы.

Калм йе ’хситтæй бæрæг у.

Тыхджын дæрдтыл нæ цæуы.

Тыхджын кæуын нæ зоны.

Тыхджын удыл кæуын дæр фидауы.

Тыхджын —ныфсджын.

Кувгæ дæр æмæ аходгæ дæр йæхæдæг кæны.

Арвы цæф армы цæф нæу.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.