Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ФÆСМОН

Ивгъуыд хъуыддаг — фæсмойнаг.

Фиййауæн йе ’хсыры къус ку’ акæлы, уæд афтæ фæзæгъы: «Æндæр ран æй ку’ авæрдтаин...»

Йæ къухы фыдтæ ма хордта.

Йæ рустæ ма хæрдмæ хафы.

Йæ сæр ма къултыл хоста.

Мæнæн мæ сæр дурæй сæттинаг у.

Мæ фæсмоны мын æййафæг. нал и.

Фæсмоньг омон’ етар :дэер гаал; æййафы.

Ком чи’ нæ :дары, уый ком-уадзæн бон фæсмон кæны.

РУВАС ÆМÆ ТАХЫНÆГ

Рувас хъæдбыны тахынæг ыссардта. Цинæй йыл йæхи хаста ’мæ дзы хъазын байдыдта: куы размæ, куы йæ хæрдмæ фехсы.

«Дæуæй та цы бахæром, — загъта рувас, — йе нард нæ дæ, йе дыл бырц нæй, хъæдындз>ы тæф дæр нæ кæныс, цæххъуаг дæр дæ, комыдæттæ дæр дæм нæ уайынц!»

Фырцинæй йæ иу хатт афтæ тынг сæппæрста хæрдмæ ’мæ тахынæг бæласыл ауыгъдæй аззад. Нал æмæ нал хауди тахынæг дæлæмæ. Уæд ын рувас лæгъстæ кæнын байдыдта: «Рахау, мæ хур, рахау. Бырц дæр дыл ис, хъæдындзы тæф дæр кæныс, нард дæр дæ, цæххъуаг дæр нæ дæ!»

Фæлæ тахынæг бæласæй нал рахаудта. Афтæмæй рувас дæр сæргуыбыр, уæнтæхъилæй араст йæ хæдзармæ.


Лæгæн йæ къухæй исты ку’ аивгъуийы, фæсмон кæнын уæд байдайы.

Къухæн исты хъуыддаг ку’ аирвæзы, уæд фæзæгъынц: дæ тын дæ къух ыссардта!

Хуыцау, фæрæдыдтæн — куыдзы коммæ ма бакæс!

Топп æхст куы фæуа, уæд ын йæ нæмыг мауал ахс.

Фæсмойнаг хъуыддаг — зæрдæйæн рæхуыст.

Амондджын лæг йæ рæдыдыл фæсмон фæкæны.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.