Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ДЗÆГЪÆЛДЗЫХ. МАДЗУРА

Дзурынмондагæй цъæх арт уадзы.

Гилдзауæрст æм нæй.

Дзырд нæмыгау у — ку’ аирвæза, уæд ын æрцахсæн нал и.

Дзыхæй дзырд ,æмæ топпæй нæмыг ку’ аирвæзынц, уæд сыи æрцахсæн нал вæййы.

Йæ нæмыг сæрзæд сæмбæлд.

Йæ былтæ дзургæ-дзурын уымæл нæ кæнынц.

Сурбыл.

Сабатизæры ус.

Дзурын мæ бауадз — уæд та мæ дзыхæй сызгъæринтæ хауы!

Дæргъвæтин ныхасæй адæм фæлмæцынц.

Йе ’фсæр феуæгъд.

Йе ’фсæр æфсæрыл нал хæцы.

Ие ’фсæртыл куырой разилдзæн.

Донуагъд та йæм фæци.

Куыройы гæркъæраг фестад.

Куыройы гæркъæрагæй уæлдай нæу.

Ривад куырой хъæргæнаг у.

Куыдзы рæйд кæны.

Сæ куитæ мигъмæ рæйынц.

Хуыцау куыдзы рæйынмæ нæ хъусы.

Куыдз фæрæйы, фæрæйы ’мæ банцайы.

Куыдзы рæйын, мæстыгæры загъд æмæ расыджы дзурын мацæмæ дар.

Куыдз рæйынæй фылдæр цы кæны!

Куыдз рæйы ’мæ йæ дымгæ хæссы.

Куыдз рæйгæ кæнæд — хæцгæ ма кæнæд.

Къула ’мæ Зура, уадз æмæ дзура!

Æвзаг алцыдæр лæхуры.

Хуылыдз æвзаджы нæ хæрды цæуын хъæуы, нæ — уырдыджы — дзуры, йæ зæрдыл цы ’рбафты, уыдон.

Цæугæдоныл къус калæгау — йæ ныхас.

Æвдæлон лæджы ныхæстæ кæны.

Нафыбадæджы кæйттæ кæны.

Донивылды ныхæстæ кæнынц.

Дзауы Диамбег куы бадти, уый ныхæстæ кæны.

Ницыфенæг исты куы фены, уæд æй уæлдайджынтæй фæдзуры.

Чидæр æфсæдты уыди, иннæ та йын йæ хабæрттæ дзырдта.

Чидæр хæсты уыди, иннæ та йын йæ хабæрттæ кодта.

Ныхасмæ галдзарм куы рахæссай, уæд дзы дыууæ ’рчъихоры дæр нал рацæуы.

Ныхасмæ ’рчъиаджы султъы куы рахæссай, уæд дзы дыууæ ’рчъихоры дæр нал рауайы.

Галдзарм ныхасы ’рчъихор нæ кæны.

Сæтти йæ дæлæсин хоны, Бæтти — уæлæсин.

Чи хом зæгъы, чи — фых.

Дзæнгæрæгау — йæ ныхас.

Йæ дзырд ницы кæрды.

Йæ ныхас ницы ласы.

Дзых ма дзы куынæ уаид!

Хъæмп цæгъдæгау!

Хъæмп хорз цæгъды, фæлæ дзы нæмыг нæ хауы.

Хъæмп куы цæгъдай, уæд дзы хъуамæ гага хауа.

Куы дзурай, уæд дæм хъуамæ хъусæг уа.

Ныхасмæ къæрцхъус — фæсмойнаг.

Ды та алы дзырдмæ дæр гæппæввонгæй бадыс!

Лæгæн йе ’взаг цы ракæна, уый — ничи.

Ме ’взаг — ме знаг.

Кæд дæ маст хъæуы, уæд ысдзур.

Сæры цæф дзыхæй цæуы.

«Сæр, чи дæ нæмы?»— «Дзых.»

«Дзых, чи дын уыди?» — «Мæхи мæхæдæг.»

Хæйрæджы фарстой: «Чи дæ фæнадта?» Уый сын афтæ: «Мæхи мæхæдæг.»

Сæр дзыхмæ курæг цæуы, ма мæ фæнæмын кæ, зæгъгæ.

Дзæгъæлдзыхмæ баст хæрæг дæр нæ фæлæудзæн.

Дзæгъæлдзых — хæрæджы къахæй над.

Дзæгъæлдзыхæн — цъутта.

Цыма йæ былы бынæй уддзæф не схаудзæн.

Мадзура хинæйдзаг у.

Уайсадæг чындз мын фестад.

Уайсадæг чындзæй диссагдæр фæци.

Мадзура лæг амондджын вæййы.

Зæгъынæй нæзæгъын хуыздæр у.

Фондзыссæдз фысы хъахъхъæнынæй дзых хъахъхъæнын зындæр у.

Цæст цы уына, хъус цы хъуса, уыдон се ’ппæт дзуринаг не сты.

Нæ федтон — иу ныхас, федтон — сæдæ ныхасы.

Нæ федтон — иудзырдон, федтон — сæдæдзырдон.

Зонын — бирæ дзырдтæ, нæ зонын — иу дзырд.

Исты федтон дардмæ цæуы, ницы федтон — хæстæг.

Мæ цæсты кæронæй дæр æй нæ федтон.

Мæ хъусы кæронæй дæр æй нæ фехъуыстон.

Нæ федтон, нæ фехъуыстон.

Федтон, зæгъгæ, зæгъ æмæ мастимæ сбад.

Ницы федтон, ницы фехъуыстон, ницы зонын, зæгъгæ, зæгъ æмæ æнæниз, æнæмаст уай.

Федтонæй нæ федтон хуыздæр.

Уасаг гæды мыст н’ ахсы.

Дзыхæмбис ис, сæрæмбис нæй.

Дзыхæмбæр бирæ ис, фæлæ зондæмбæр нæй.

Дзыхæмбæр бирæ ис, фæлæ хъарумбæр нæй.

Дзых æмæ гуыбыны йедтæмæ лæджы ничи фегад кæндзæн.

Кæд дæ ныхас ыскарстай, уæд æй бахуый.

Хъуыддаг раздæр ысбæлвырд кæн, стæй уыйфæстæ дзур.

Дæ ныхас баууил, æмæ йæ афтæмæй зæгъ.

Æнхъæлæй ма дзур.

Цæмæй дæ нæ фарстæуа, уый ма дзур.

Каей нæ фарстæуа, уый куы дзура, уæд — хæрæджы къахæй над.

Исчи дæ истæмæй куы фæрса, уæд-иу æй хорз ысхон.

Алыран дæ хор ма тау.

Алы дымгæмæ дæ хор ма дар.

Æнæ дæ рады ма дзур.

Иу ныхас кæдæм цæуы, сæдæ ныхасы дæр уырдæм цæуынц.

Бирæ ныхас кæдæм цæуы, чысыл ныхас дæр уырдæм цæуы.

Бирæдзурæджы кад нæй.

Бирæ дзурынæй пайда нæй.

Бирæ дзурынæй бирæ кусын хуыздæр.

Дзургæ — къаддæр, фылдæр — хъусгæ.

Дзыхыл хæцынæй хуыздæр дзы ницы ис.

Дзурынæй нæдзурын хуыздæр.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.